Чидæр, дам, хъыбылы мард нæ фæрæзта æмæ дзæргъы мард сæккой кодта… Уый махæн нæ гакк у, нæ ныхыфыст. Чысыл хъуыддæгтæ равзарынмæ, аргъ сын скæнынмæ нæ никуы равдæлы, афтæмæй стыр хъуыддæгтыл сбукъ вæййæм, кæфтæй кæсæгмæйы хабæрттæм дæр ахизæм, нæхи æппæтзонæг, цы нæм нæ хауы, уыдæттæн тæрхонгæнæг дæр скæнæм.

 Мæнæй-ма! Алчи дæр нæ историк æмæ политик у! Науæд хъуыды та кæцæй æркодтой уый бæрц терминтæ: эксперт, политолог, азфыссæг… æмæ афтæ дарддæр. Кæйфæнды бафæрс, уымæй хуыздæр ничи зоны аланты, дунейы  истори, афтæмæй та не зноны æмæ не ‘ндæрæбоны хъуыддæгтæн дæр кæронмæ ницы фæзонæм. Сомбон нын нæ истори чи ахуыр кæна, уыдон куы феной, уал азы дæргъы Зары трагедийы амæттæгты нымæц раст кæй нæ фыстам, уый, уæд афтæ ничи зæгъдзæн, дунейы историктæ, эксперттæ æмæ сæм политологтæ  куы уыд, уæд кæдæм кастысты, зæгъгæ?..

Августы хæсты кой куы скæнæм, уæд алы хатт дæр кой æрхауы, фыццаг цæф сæхимæ фидауынгæнджытæ кæй райстой, фыццаг уыдонмæ кæй бабырстой гуырдзыйы æфсад, Никозы сæрмæ сын рындзыл цы сæйраг казарма уыд, уырдæм. Уым сæ сæвдулын кодтой сæ туджы, нымæцæй бирæ фылдæр гуырдзиаг лæгмартæ. Кад æмæ сын цыт! Уыдон нын нæхи хъæбатыр зынгхуыст лæппутæй уæлдай буцкæнинагдæр сты, уымæн æмæ… Ирыстоны тыххæй ирон лæгæн амæлын йæ хæс у, фæлæ уыдон та, уартæ арвы кæронæй æрцæугæ, кæйдæр фæлвых хъæбултæ цæмæн, цæй тыххæй бацарæфтыд сты…

Мах тыххæй, Ирыстоны тыххæй, сæ райгуырæн зæхх чи нæ уыд, ахæм бæстæйы тыххæй. Æмæ сын сæрныллæгæй куыднæ хъуамæ арæм сæ ном, цалынмæ фæстаг ирон цæра, уæдмæ сын куыднæ хъуамæ рухс кæнæм нæ доны къусæй дæр!..

Фæлæ официалонæй никуы ничи ракæны, фидауынгæнджыты посттæй иууыл сæйрагдæртæм чи хауд, уыцы посты хъысмæты кой. Уыцы пост уыд Чъехæй Итраписы ‘хсæн, Чъехы нарæджы цæгатварс. Фидауынгæнджытæ куы æрцыдысты, уæд дзы фыццаг рæстæджы лæууыдысты æмхæццæйæ: уырыссæгтæ, ирæттæ гуырдзиæгтæ. Иу заманы дзы лæууыдысты æрмæстдæр Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны хæстонтæ. Фæстаг рæстæджы, ома августы хæсты онг дзы лæууыдысты æрмæстдæр уырыссæгтæ. Ахæм ран уыцы постæн уæлдай стратегион нысаниуæг кæй уыд, уый тыххæй лæмбынæг дзурын нæ хъæуы, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны географион равæрдимæ зонгæ чи у, уыдонæй йæ алчи дæр æмбары.

Фæлæ ничи кæны уыцы посты кой, цы баисты, куыд рауад сæ хъысмæт, чи дзы лæууыд, уыцы хæстонтæн…

Хорз ма йæ хъуыды кæнæм, 2008 азы æвдæм августæй æстæм августмæйы æхсæв, нæ горæты цæрæг адæмæй Саакашвилийы фæливæн ныхæстæ кæй бауырныдтой æмæ æнцад-æнцойæ чи æрфынæй, уыдон фехъал сты уæззау артиллерион æхсты уынæрмæ. Фæлæ Чъехæй мидæгдæр ирон хъæуты цæрджытæй бирæтæ куыд дзурынц, афтæмæй цалынмæ горæтæй хъомысджын артиллерион гæрæхтæ райхъуыст, уæдмæ Чъехы нарæджы, фидауынгæнæг тыхты пост кæм уыд, уырдыгæй дзæвгар рæс-тæджы хъуыст хæдæхсты æмæ нæмыгзгъалты æнæрынцой æхст.

Уый цæуыл дзурæг у? Чизоны гуырдзы горæтмæ æхсын райдайыны хæдразмæ бацархайдтой уыцы стратегион нысаниуæгимæ пост бацахсын. Кæд афтæ у, уæд ахæм хъуыддæгтæ кæмæ хауынц, уыдонæй цæмæннæ исчи исты зæгъы уый тыххæй, цæмæннæ нæм ис бæлвырдбæрæг информаци?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.