Абон, 14-æм июлы 24 азы сæххæст Хуссар Ирыстоны зæххмæ Æмхæццæ контролон фидауынгæнæн тыхтæ куы æрбацыдысты, уыцы боныл. Фидауынгæнæджы бон нысан кæнгæйæ, махæн алыхатт дæр нæ зæрдыл æрлæууынц фидауынгæнджыты æппæт сабырадон архайдтытæ æмæ хъыгзæрдæйæ фæмысæм, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы хъайтар-фидауынгæнджыты.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй фæстæмæ, уыцы рæстæджы нырма  хæрзæвзонг лæппу, ХИПУ-йы филологон факультеты дыккаг курсы студент Хуриты Радик фыста боныг уыцы æндыгъд бонты тыххæй. Абон дзы газеткæсæджы рæгъмæ хæссæм цалдæр эпизоды, уыцы нымæцы фидауынгæнджыты æрбацыды тыххæй дæр.

 

1992 АЗЫ ÆНДЫГЪД СÆРД

Ныр бирæ бонты æмæ æхсæвты Цхинвалы æхсынц алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Горæтгæрон хъæды  æрбынат кодтой снайпертæ, кæцытæ комкоммæ æхсынц сабыр цæрджыты. Номхуындæй, уыдоны къухтæй фæмард сты горæты цæрджытæй тынг бирæ. 1992 азы сæрды ма горæты баззад цъус адæм. Сылгоймæгты æмæ сывæллæтты акодтой хæстæй. Уынгты цæуæг иугай цæрджытæ тырнынц тагъд цыдæй иу уынгæй иннæ уынгмæ ахизыныл æмæ хæдзæртты фæстæ амбæхсынмæ, фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ ис бирæ уды зиæнттæ. Знæгтæ цы ракетæтæ æхсынц, уыдон бахауынц хæдзæрттæм, кæртытæм, фатертæм æмæ комкоммæ æмбæлынц адæмыл дæр. Блокадæйы бахауæг горæт хуыдуг кæны, нæ фаг кæнынц иууыл æнæмæнгхъæуæгдæр продукттæ, дон, горæт ис информацион блокадæйы дæр.

Хуссарирыстойнаг адæм æппæт тыхтæй дæр архайынц рæстдзинад дунеон æмæхсæнадæн фехъусын кæнынмæ. Театралон фæзуатмæ митингмæ цы адæм æрæмбырд вæййынц, уыдоны къухты вæййынц ахæм лозунгтæ: «Помогите спасти наших детей от смерти!», «Остановите террор!», «Долой фашизм в лице Гамсахурдиа» æмæ æндæртæ.

 

1992 АЗЫ ИЮНЬ

Июны мæйы уавæр ноджы фæкарздæр, адæм бадынц ныккæндты цырæгъты рухсмæ. Нæ уынджы ма цы чысылнымæц сывæллæттæ (сæ фылдæры сын акодтой Дзæуджыхъæумæ)  баззад, уыдоны нымæцы уыдысты мæ фыдыæфсымæры хъæбултæ – Хуриты Ларисæ æмæ Батрадз. 9-æм июны, Ларисæйы гуырæн боны, уыдон сыхæгтимæ бабадтысты иу хæлæддзаг уæзласæн машинæйыл Цæгат Ирыстонмæ ацæуыны тыххæй æмæ куыддæр Тъбеты фæзилæнæй схæрд кодтой, афтæ сæ снайпер комкоммæ æхсын райдыдта, уый фæстиуæгæн фæцæф сты дыууæ дæр, афтæ ма сыхæгты чызг Æлборты Заринæ дæр. Уыдоны нырма цъунайраг лæппутæ аластой Цъунары хъæумæ æмæ сæ уый фæстæ та фæхæццæ кодтой соматикон рынчындонмæ. Уырдыгæй та сæ аластой Цæгат Ирыстонмæ, цыран Ларисæ рынчындоны арвыста æнæхъæн мæйы дæргъы йæ уæраджы стæг кæй асаст æмæ йын гипсы кæй уыд, уымæ гæсгæ.

 

ГОРÆТ САФТИД…

12 июль. Ææнæхъæн суткæ æхстытæ не ‘рсабыр сты. Æмæ æрмæст уыцы бон нæ, фæлæ уый размæ бонты дæр снарядтæ пырх кодтой алы рæтты, горæт æхстой Присы бæрзæндæй æмæ ТЭК-æй. Снарядты, танкæты, БТР-ты æмæ БМП-ты æхстыты гуыбар-гуыбурæй хъустæ къуырма кæнынц. Æгæ-рыстæмæй, æхстытæ куы фæсабыр вæййынц, уæддæр адæм сæхи æдасæй нæ хатынц, горæты уынгтæ снайпертæ кæй æхсынц, уымæ гæсгæ. Цхинвал сафтид. Иуæй-иу уынгты  фенæн нал уыд, æгæрыстæмæй, иугай адæймæгтæн дæр. Адæймагмæ афтæ каст цыма горæт амард, фæлæ уый бынтон афтæ нæ уыд. Цыдæр рæстæджыты уæддæр æдзæрæг уынгты фенæн ис иугай  адæймæгтæн. Горæт амард æви нæ, уый базоныны тыххæй хъуыд Исахъы уынджы дзулфыцæн комбинаты ‘рдæм ацæуын (æз уырдæм æввахс цæрын). Æмæ кæд мæлæты тæссагдзинд æнкъардтой адæм,  уæддæр  уырдæм  цыдысты  горæты алы къуымтæй. Ам фенæн уыд горæты цæрджытæн, кæд сæ алыварс снарядтæ пырх кодтой, уæддæр. Уымæн æмæ æнæ дзулæй цæрæн нæй, уыимæ горæт блокадæйы кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы нæ уыд æндæр продукттæ дæр. Хъуыд сæрæгасæй баззайын.

Мæнæ та горæты цалдæр ранæй сау фæздæг хæрдмæ скалд, уый та нысан кæны, горæты цæрджытæй та чидæртæ кæй фесæфтой сæ цæрæнбонты фæллой, иу уысммæ сын сæ хæдзæртты кæй басыгътой гуырдзиаг фашисттæ. Уый размæ æхсæв та Присы хъæуы басыгътой цыппар хæдзары, куыд дзурынц, уымæ гæсгæ ма æнæхъæн хъæуы баззад æрмæстдæр дыууæ хæдзары, фæлæ, æвæццæгæн, уыдоны рад дæр æрцæудзæн… Бон акъул изæрырдæм. Горæт сау тары аныгъуылд, фæлæ æхсæвы тар ноджы уæлдай фылдæр хъизæмæрттæ æрхæссы цæрджытæн, æхстытæ кæй фæтынгдæр вæййынц, уымæ гæсгæ. Æхсынц цыппарæрдыгæй – Тамарес, Прис, Эргнет æмæ Никозæй. Æмæ та ноджыдæр иу æгъуыссæг æхсæв. Адæм быхсынц æмæ æнхъæл-мæ кæсынц дарддæр куыд уыдзæн сæ хъысмæт, знаг горæтмæ æрбаирвæздзæн, æви нæ, уымæ. Адæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц фидауынгæнджыты æрбацыдмæ. «Уæд та ма байрæджы кодтой, æмæ уыдоны æрбацыдмæ горæт штурмæй систой гуырдзиæгтæ», – катайгæнгæ дзырдтой адæм. Райсом раджы Цхинвалыл апарахат ахæм хабар, зæгъгæ, дысон æхсæвы горæтмæ бырстой Тамаресы ‘рдыгæй. Фæлæ сын нæ лæппутæ аккаг ныхкъуырд радтой æмæ гуырдзиæгты бахъуыд фæстæмæ алæууын сæ бронетехникæимæ. Уыцы æхсæв фæмард сты авд ирон лæппуйы, 42 адæймаджы та цæфтæ фесты. 12-æм июлы хуызæн бонтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн тынг бирæ уыд.

 

ÆНÆФЕРОХГÆНГÆ  БОН

14-æм июль. Абон хъуамæ горæтмæ æрбацæуой фидауынгæнæг тыхтæ. Гуырдзиаг национ гварди йæ техникæ акодта Цхинвалæй, æрмæст ма бæрзæндты баззадысты снайпертæ, уыдон кæд арæх нал, уæддæр ма иугай æхст кæнынц Прис æмæ ТЭК-æй. Фæлæ уыцы иугай æхстытæ ницæмæ даргæйæ, адæм рахызтысты ныккæндтæй. Фæндыд сæ сæ ирвæзынгæнджытыл хæларзæрдæйæ, цингæнгæйæ сæмбæлын. Адæм æмбырд кæнын райдытой 8-æм июны уынгмæ, цæмæй сæмбæлой æфсæддонтыл, сæхи цæстæй сæ феной. Адæмы ныфс бацыд, зæгъгæ, ныр уыдоны руаджы Хуссар Ирыстоны зæххыл уыдзæн сабырад. Бирæтæн сæ къухты уыд дидинджытæ, ацæргæ адæм рахастой бандæттæ æмæ сбадтысты тротуарыл. Уыцы бон уыд хурбон. «Цæмæн æрæгмæ цæуынц…». «Афтæ куы дзурынц Дзауæй рацыдысты», «Дзурынц, зæгъгæ, уыдон Чъех-Тамаресы фæндагыл æвæрынц сæ постытæ æмæ уымæ гæсгæ рæджы кæнынц», – дзырдтой фæллад адæм.

Фондз сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ райхъуыстысты адæмы цины хъæртæ: Æрцæуынц, æрцæуынц! Уалынмæ  Тамаресы ‘рдыгæй разындысты æфсæддон машинæтæ æмæ сæ хæдфæстæ та æнæхъæн колоннæ. Фыццаг машинæ Мæскуыйы уынджы онг куы бахæццæ, уæд фæзылд автостанцы ‘рдæм, йæ фæстæ ацыдысты иннæ машинæтæ дæр. Адæм сæм фырцинæй сæ къухтæ тилынц, æхсынц сыл дидинджытæ. Уыдон дæр сæм худынц. Адæм ма алæууыдысты ноджы иу цъус æмæ æнцонæй сулæфгæйæ, сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Бирæтæн дзы, æгæрыстæмæй, нæлгоймæгтæн дæр сæ рустыл æруадысты цины цæссыгтæ. Уыцы æхсæв,  фыццаг хатт фæстаг цалдæр азы цхинавайлæгтæ арвыстой сабыр æхсæв сæ ныккæндтæй фатертæм схызтысты, афтæмæй. Фидауынгæнджытимæ уыд мæ фыды æфсымæры лæппу Хуриты Альберт дæр. Уый уыд æнæферохгæнгæ бон…

ЦХИНВАЛ ЦÆРДЗÆН…

17 июль. Адæм сæрибарæй цæуын райдыдтой горæты уынгты æмæ кæрæдзийы афæр-сынц, зæгъгæ, дæ хæдзар кæнæ фатер бахъыгдард. Уыцы тæссаг уæззау бонты йæ бинонты уæнгты, йе ‘ввахс хиуæтты чи фесæфта, уыдонæн дзурынц мæсæллæйы ныхæстæ. Цхинвалы никуыма уыд уый бæрц саударæг адæм. Фæлæ ныр адæм нал тæрсынц сæ цардæн, сæ сывæллæттæн, нал хъуысынц æхстытæ. Адæмы уырны сæ хъизæмæрттæн кæрон кæй æрцыд, уый.

Фæцæуын Исахъы уынджы æмæ уынын – мæнæ Исахъы æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым æрлæууыд иу уæзласæн машинæ. Шофыр бакодта йæ фæстаг борт æмæ уырдыгæй рахызтысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, ацæргæ адæм. Се ‘хсæн уыд æвзонг лæппутæ дæр. Уыдон иууылдæр лигъдонтæ сты. О, цæй тынг æхсызгон мын уыд сæ фенд, æгайтма адæм фæстæмæ горæтмæ, сæ хæдзæрттæм здæхынц. Уый хыгъд-иу уый размæ та зæрдæйæн тынг хъыг уыд адæм горæтæй кæй цыдысты, сæ хæдзæрттæ кæй уагътой, уый. Уыимæ сæ ныфс дæр нал уыд фæстæмæ ма искуы æрæздæхдзысты, уымæй. Фæлæ ныр уыдон фæстæмæ здæхынц, здæхынц сæ райгуырæн æфхæрд горæтмæ, здæхынц сæ сыгъд хæдзæрттæм, здæхынц сæ сыгъд хъæутæм.

17 июль. Ахæм сабыр бонтæ нырма бирæ нæ арвыстой хуссарирыстойнаг цæрджытæ. Ахæм сабырдзинад уыдзæн æнæхъæн царды, нæ хъизæмæрттæн кæрон æрцыд? Уый нырма ничи зоны æмæ йын дзуапп дæр ничи ратдзæн. Уый, æрмæстдæр рæстæг фенын кæндзæн…», – фыстæуы Хуриты Радикы бонæджы.

Раст разынд Радикы хъуыды. Рæстæг æй фенын кодта дарддæр нæм стырдæр хъизæмæрттæ æнхъæлмæ кастысты гуырдзиаг лæгхорты ‘рдыгæй. Уыцы хъизæмæрттæн æвдисæнтæ систæм нæхæдæг иууылдæр. Фæлæ уæддæр 16 азы дæргъы фидауынгæнджыты руаджы Хуссар Ирыстоны зæххыл уыд сабырад, кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр. Уыдон æрурæдтой хæстон архайдтыты, кæцытæ цыдысты æртæ азы дæргъы. Афтæ ма æххæст кодтой гуманитрон мисси дæр. Дæрддаг хъæутæм ластой хæлцадон продукттæ, цалцæг кодтой фæндæгтæ æмæ афтæ дарддæр. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй никуы ферох уыдзæн фидауынгæнджыты сабырадон архайд æмæ сæ алыхатт дæр мысдзысты куыд сæ ирвæзынгæнджытæ, афтæ. Стыр Уæрæсейы ‘руаджы абон нæ фыдбонтæн кæрон æрцыд. Хуыцау зæгъæд, цæмæй афтæ уа æнустæм дæр.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.