Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны уавæр бынтон сабыр нæма у. Провокацион зондыл хæст адæм дарддæр ныггуыппæввонгæй лæууынц. Домынц карантины режим аивын, сæ куысты зиæнттæ сын бафидын, рæстдзинад зæгъын, кæй æрцахстой, уыдон рауадзын æмæ… хицауад йæ куыстæй ацæуын æмæ республикæйы сæргъ Калоты Виталийы сæвæрын.

 Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы митингы рæстæг йæ хъуыдытæ зæгъын нæ бауагътой, фæлæ уый фæстæ фæсидт телеуынынадæй цæрджытæм. Уым зæгъы: «Мæ зынаргъ Ирыстоны адæм! Ма хъусут провокацион ныхæстæм, фæлæ уе ‘нæниздзинадыл ахъуыды кæнут. Ацы вирус æз не ‘рхъуыды кодтон, æнæхъæн дуне дзы хъæрзы. Ирыстоны разамынд аразы æппæт дæр, цæмæй низ ма апарахат уа æмæ йын кæуинаг фæстиуджытæ ма уа. Сæдæ фæндзайæ фылдæр æвæрæз бинонтæ, стæй рæстæгмæ кæй хисæрмагонд куыстуæттæ æрцыдысты æхгæд, уыдон  райсдзысты æхцайы æххуыс, рæстæгмæ æгуыстæй чи баззад, уыдонæн сæ сывæллæттæн дæр лæвæрд æрцæудзæн пособи, паддзахадон куыстуæтты кусджытæ райсдзысты, цы рæстæг нæ бакуыс-той, уыцы мызд. Уыцы æххуысы æууæлтæ цæудзысты дарддæр».

Адæммæ сабырдзинадмæ æмæ кæрæдзи бамбарынмæ фæсидтысты Парламенты депутат Уататы Зелим, «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан, зынгæ спортсментæ Тедеты Дзамболат æмæ Таймæзты Артур.

Фыстон ма йæ, адæмæн сæ фылдæр хай бафæлладысты тыхст цардæй, æгуыстæй, æбæрæгдзинадæй, ныр сын карантины режим сæ масты рохтæ атыдта, уымæн сын хорз фадат радта Челдыты Вадим. Кæй зæгъын æй хъæуы, Вадим дæр йæ адæмы сомбоныл тыхсы, митинг дæр Ирыстоны фыццаг æмæ фæстаг нæу, дæ хъуыдытæ æмæ дæ домæнтæ уæзданæй куы зæгъай, уæд. Фæлæ мæ ныхас æндæр хъуыддагыл у. Цы ныл æрцыд, ирон адæм? Адæймаг йæхи афтæ ныллæг куыд хъуамæ æруадза æмæ республикæйы Сæргълæууæджы дзурын ма бауадза, æхситт ыл  кæна æмæ йæ æлгъита. Цы фæцис нæ культурæ, нæ ирон æфсарм, цæмæн худын кæнæм нæхиуыл не знæгты? Омæ ма нын хорз хицау та кæцы у, алы ран æрмæст æвзæр цæмæн агурæм æмæ хорз хъуыддæгтæ цæуылнæ уынæм?

 Цæгат Ирыстон хицæн паддзахад кæй нæу, æндæр Конституци нын кæй нæй, ууыл искуы исчи ахъуыды кодта. Зæгъæм, уыцы æнæхайыры вирус нæй кæнæ дзы ницы тас у, уæддæр æнæхъæн Уæрæсейы цы закъон рацыд, цавæр режим дзы сæвæрдтой, уый регионты разамонджытæ хъуамæ æххæст кæной æви нæ?! Цы мадзæлттæ сарæзтой низы ныхмæ, уый тыххæй дзуапп хъуамæ радтой æви нæ?! Цæуылнæ бамбарæм кæрæдзи? Рæстæгмæ æгуыстæй чи баззад, уыдонæн материалон æххуыс куы снысан кодтой.

Ноджыдæр ма йæ зæгъын – провокацион зондыл хæст адæм æрмæстдæр уынынц, уынын сæ цы фæнды, уый. Зонын æй, газет йæ къухмæ ничиуал исы, телевизормæ ничиуал кæсы, фæлæ уæ алыварс уæддæр акæсут, республикæ йæ хуыз куыд ивы. Арæзт æрцы-дысты цалдæр рынчындоны, поликлиникæйы, диспансеры, космосы скъола «Планетарий», Мæздæгмæ цыбыр фæндаг, дыргъæфснайæн куыстуæттæ, хъазæн фæзтæ, улæфæн бынæттæ… Цалцæг æмæ реставраци æрцыдысты хъæуты культурæйы хæдзæрттæ, амбулаторитæ, скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ. Фатертæ æмæ æхцайы æххуыс райсдзысты хæсты ветерантæ. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы уынгты ацæуæнтæ нæй. Зæххы цъар сфæйлыдтой, ивынц асфальт, трамвайты рельсытæ æмæ сæ нымад чи фæуыдзæн. Æппæт уыцы хæрдзтæн республикæйы Сæргълæууæг тынг арæх баххуыс кæны йæхи фæрæзтæй. Уыимæ, раздæр æхсæнадон фæллой къапеччытыл цы сæрæнтæ фелхæдтой, уыдонæй тынг бирæ раздæхта фæстæмæ республикæйы исбонадмæ. Уыдон цæуылнæ исчи уыны?!

Арæх æй цæмæй аххосджын кæнынц, уый тыххæй дæр зæгъын: уый цард республикæйы фæллойæ не скодта, фæлæ раздæр. Кусаг адæймаг кæддæриддæр цард ссардзæн. Царæй æхцатæ æрæппарынмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уый йæ зонæд, æнæкусгæйæ ницы ис. Уымæн дæр йæ фыд ницы радта. Æз мæхæдæг æвдисæн, йæ фыццаг чысыл куыстуат куы бакодта, уæд йæхæдæг дæр семæ куыд куыста. Ныр та йæ куыстуæтты руаджы куыст ис бирæ адæмæн, исынц хорз мызд, ис сын алыхуызон льготæтæ, райсынц лæварæмхасæн хæдзæрттæ, коллективы æххуыс кæнынц рынчынтæн, зианджынтæн, «Бавари» ма кæны бирæ хæрзаудæн хъуыддæгтæ дæр. Уæдæ ма æндæр куыд хъуамæ уа. Хорзæй хорз зæгъын цæуылнæ зонæм? Уырны мæ, йæ фæстæ чи уа, уæд та дуртæ ууыл æхсдзысты.

Митингы чи хъæр кодта, уыдонæй бирæ пат-риоттæ уыд, фæлæ мæ уырны, сæ фылдæр та кæй уыдысты мæнг патриоттæ, сæхи равдисын, мæнæ «пиар» кæй хонынц, уый чи уарзы, ахæм-тæ. Ныр дзы бирæтæ дзуапп дæттынц барадхъахъхъæнджыты раз. Уыимæ Челдыты Вадим дæр. Хуыцау зæгъæд, æмæ тагъд сæ хæдзæрттыл цы сæмбæлой. Фæлæ зонын хъæуы иу хъуыддаг: митинг фидистæ, æлгъитæн æмæ дурæхсæн бынат нæу.

 Хорз адæм, алчидæр бафæллад ацы цардæй, фæлæ бафæразын хъæуы иу чысыл, бирæ нал ахæсдзæн. Бамбарæм нæ разамынды уавæр дæр. Республикæйы Сæргълæууæджы бирæ архайд чи уыны, уыдон ын æмзæрдæдзинады охыл социалон хызæджы рауагътой флешмоб «язабитарова». Æз дæр дзы æнæдызæрдыгæй мæ къух фыссын.

                                                                   ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.