Уыд «Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайы конференци. Уагъта йæ «Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæргълæууæг Гаглойты Роберт. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныры онг Хуссар Ирыстоны «Стыр Ныхас»-ы горæтон совет кæй нæ уыд, уый раст нæу.

Æмæ конференци дæр уагъд цæуы, сæйраджыдæр, горæтон совет саразыны нысанæн.

«Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайы сæрдары хæдивæг Хъоцыты Алвери банысан кодта горæтон советы сырæзты ахсджиагдзинад. Уый куыд загъта, афтæмæй микрорайонтæй æвзæрст адæймæгтæ уыдзысты æхсæны лæгтæ Цхинвалы горæтон администраци æмæ æмбæстæгты ‘хсæн. Уыдон кæм цæрынц, уыцы микрорайонты цæрджыты проблемæтæ комкоммæ хъусын кæндзысты горæты сæргълæууæгæн. Уыимæ ма горæты микрорайонты, районты, хъæуты хъуамæ уа сæхи «Стыр Ныхастæ», уыдон æнгом куыст хъуамæ кæной бынæттон администрациты сæргълæуджытимæ, цæмæй администрацийы сæргълæууæг бæстондæр зонгæ уа адæмы проблемæти-мæ æмæ æмбæлон мадзæлттæ иса сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

Хъоцыты Алвери цыбыртæй радзырдта «Стыр Ныхас»-ы горæтон советы структурæйы æмæ архайды тыххæй.

Æрæмбырдуæвджытæ хъæлæсæппæрсты руаджы равзæрстой «Стыр Ныхас»-ы Цхинвалы горæтон советы уæнгты иу хай. Цы 45 уæнджы хъуамæ æрцæуа æвзæрст, уыдонæй уал равзæрстой 22, иннæтæ та æвзæрст æрцæудзысты Цхинвалы микрорайонты, æвзардзысты сæ, кæм цæрынц, уыцы микрорайоны цæрджытæ сæхæдæг.  Горæтон советы уæнгтæ иууылдæр æвзæрст куы æрцæуой, уæд равзардзысты советы сæрдар.

Гаглойты Роберт цыбыртæй радзырдта ирон адæмы 10-æм съезды тыххæй дæр.

«Абоны мадзал баст у дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы  10-æм юбилейон съездимæ.  Уый уагъд æрцæудзæн Цхинвалы 26-27 августы, уымæн æмæ 2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл æххæст кæны 10 азы, «Стыр Ныхас»-ы сырæзтыл та  – 25 азы», – загъта Гаглойы фырт æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй съезд ауагъдæуа, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр горæтты æмæ бæстæты цæрæг ирæттæ  дæр ауагътой конференцитæ, равзæрстой делегаттæ. Делегаттæ æвзæрст цæуы Хуссар Ирыстоны дæр.

Уый  æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы 10-æм съездмæ сæхи куыд цæттæ кæнынц, уыимæ. Загъта, зæгъгæ, съездмæ чи хъуамæ æрцæуа, уыцы делегатты нымæц уыдзæн 50-йæ фылдæр, цалдæр делегаты йедтæмæ иннæты нæмттæ бæрæг сты. Уыимæ ма съезды хайад райсдзысты алы рæттæй æрхонгæ адæм дæр.

Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр  совет»-ы  10-æм съезды Хуссар Ирыстонæй  уыдзæн 120 делегаты.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.