ХЪÆУ СУЫДЗÆНИС ЭТНИКОН

Ирон адæм буц æмæ сæрыстыр сты сæ историон бынтæй, фыдæлтæй фæстæмæ нæм чи æрхæццæ сты, уыцы историон цыртдзæвæнтæй. Цы заманты æмæ кæй арæзт сты рагон фыдæлтыккон мæсгуытæ, фидæрттæ, уый тыххæй бирæ алыгъуызон хъуыдытæ ис. Абон дæр бирæ алыгъуызон цымыдисон фарстытæ æвзæрын кæнынц канд ахуыргæндтæм нæ, фæлæ махæй алкæмæ дæр. Уымæн æмæ уыдон дзурæг сты сæ аразджыты цардуагыл, сæ удыгъæд æмæ сæ зондахастыл, сæ куыстуарзондзинадыл, сæ хæстон архайдтытыл, æууæнк  æмæ  намысыл.

«Ахæм цыртдзæвæнтæ бирæ ис Хуссар Ирыстоны зæххыл дæр æмæ сæ хъуамæ бахъахъхъæнæм, уымæн нæм уыдонæй хъуысы фыдæлты хъæлæс. Раст сæ уымæ гæсгæ хъæуы бавæрын, цæмæй сæ нæ фæстагæттæм адæттæм ахæм хуызы», – зæгъы не ‘мбæстаг Бететы Юри.

Уыцы хъуыды та йæм æнæнхъæлæджы нæ фæзынд. Уартæ, хæрзæвзонгæй студент ма куы уыд, уæд клуб «Апполон»-ы уæвгæйæ йын Саулохты Тамарæ афтæ бауарзын кодта Ирыстоны фидæрттæ-мæсгуытæ, æндæр цыртдзæвæнтæ, йæ æрдз, йæ хæхтæ æмæ сын уæдæй фæстæмæ ис арф бынат йæ зæрдæйы. Уымæн ма йын стыр ахъаз фесты йæ мадыфсымæр Цыбырты Людвигы этнографион очерктæ дæр. Фæлæ 2013 азы Рекомы дзуары кувæндонмæ бацæугæйæ, уым зæронд лæгты кувгæйæ, фæсивæды кафгæ, заргæйæ фенгæйæ хъуыдыты ацыдис, тынг æй бафæндыд ирон цардуагыл дзурæг хъуыддæгтæ Ирыстоны хуссарыхайы дæр куы райдаиккой аразын, уый. Æмæ куы æрыздæхт, уæд йе ‘мбæлттимæ сфæнд кодтой горæты æрбахизæны Ачабеты хъæуы цур мæсыгы къул среставраци кæнын. Авд мæймæ кувæндон йæ хуыз скалдта. Уый фæстæ сын бантыстис Къостайы скверы «Фатимæ»-йы фонтан саразын. Фæлæ ууыл нæ фæцис йæ хæрзиуæгон архайд Бететы Юрийæн. Уый сфæнд кодта йæ райгуырæн хъæу Борджнисæй этникон хъæу саразын. Фыццаг уал хъæумæ электрохызæджы кусджыты æххуысæй бауагътой рухс, сæхи тыхтæй та йæм рауагътой нуазыны дон. Ныр та æрывнæлдта йæ рагондæр бæллиц, ирон хæдзар-музей аразынмæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Йæхи сæрмагонд фæрæзтæй йын бантыст, хæдзар-музей кæм арæзт æрцыд, уыцы къуылдым бынат рафæз кæнын æмæ арæзтадæн бындур æрæвæрын. Уый фæстæ æрывнæлдтой систæ амайынмæ. Бонæй-бон аивдæр кодта æмæ сырæзт хæдзар-музей. Мидæгæй дзы фенæн ис ердо астæурæхысимæ, йæ уæлæ ауыгъд – бинонтæ-иу сæ хæринаг кæм цæттæ кодтой, ахæм цуайнаг. Ам фенæн ис ирон фынг бандæттимæ. Хæдзарæн йæ иуæрдыгæй фарс нæлгоймæгты бынат, иннæрдыгæй та – сылгоймæгты. Хæдзары сæ бынат ссардтой хæдзарон мигæнæнтæ æмæ алыгъуызон кусæнгæрзтæ: æфсондз, чъеури æмæ æндæртæ.

«Æппæт уыдæттæ саразын, кæй зæгъын æй хъæуы мæ бон иунæгæй нæ бауыдаид. Фæлæ мæ хъуыды раст кæмæ фæкастис, ахæм адæймæгтæ разындис тынг бирæ æмæ æрбалæууыдысты мæ фарсмæ, фæдардтой мæм се ‘ххуысы къух æмæ сæххæст мæ бæллиц. Раст у, бирæ фыдæбон дзы ис, фæлæ мах хъуамæ æмбарæм, нæ знæгтæ-иу кæдæм бафтыдысты, уым кæй архайдтой ирондзинад, ирон культурæ скуынæг кæныныл æмæ сæ абон рохуаты куы ныууадзæм, уæд нæ фæстагæттæн нал уыдзæнис, сæрбæрзонд кæмæй уой, ахæм культурон бынтæ», – зæгъы Бетейы фырт.

Юри куыд зæгъы, афтæмæй тагъд рæстæджы нæ иумиагахуырадон скъолаты ахуырдзаутæн ам фадат уыдзæнис ирон уроктæ ауадзын æмæ сæ сæ рагон фыдæлты историимæ базонгæ кæнынæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ма дзы хорз фадæттæ уыдзæнис кинофильмтæ сисынæн. Рагæй фæстæмæ дæр Ирыстон уазæг цух никуы уыдис. Йæ рæсугъддзинад дисы æфтыдта æндæр æмæ æндæр рæттæй æрцæугæ  уазджыты. Ныр сæ ардæм æрбахонын æмæ сæ фыдæлтыккон историмæ базонгæ кæнынæн уыдзæнис хорз фадæттæ.

Хæдзар-музей ахæм бынаты арæзт æрцыд æмæ йæм комкоммæ кæсынц æртæ комæй æртæ дзуары: Борджнисы, Фæзы æмæ Рагъы дзуæрттæ. Алæмæттаг у йæ алыварс æрдз дæр, раст æй цыма нывгæнæг нынныв кодта, афтæ йæ рæсугъддзинадæй цæстæнгас йæхимæ здахы.

 Сæ фæнд ма у хъæуæн йæхи мæсыг æмæ раздæр куыд уыд, афтæ дзы мусы бынат саразын. Фæстаг азты  сæ бæрæгбонтæ дæр ирон æгъдауыл банысан кæнынц. Дзуары бынмæ хæстæг сарæзтой кафæн æмæ алыгъуызон хъæзтытæн фадат кæм ис, ахæм фæзуæттæ. Æмæ ныр сæхи бафæдзæхсыны фæстæ, дзаджджын фынгтыл æрбадыны фæстæ, фæсивæдæн фадат вæййы алыгъуызон ерысты хайад райсынæн, сæ арæхстдзинад кафын æмæ зарынæй равдисынæн. Фæуæлахизуæвджытæн та лæвæрд  æрцæуынц алыгъуызон лæвæрттæ.

Б О Р Д Ж Н И С

Бететы Юри ма куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы арæзт æрцæудзæнис цыхцырæг нæ фыдæлтæм куыд уыд, афтæ. Уым та фадат уыдзæн сæрдыгон хи асатæг кæнынæн. Юри ма куыд банысан кодта, афтæмæй хъæумæ Дзауы администраци фæхуыздæр кæндзæнис фæндаг дæр, æнæуый дæр сæм хæдзар-музей аразынæн дæр фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух æмæ дзы уый тыххæй дæр æгæрон бузныг у.

«Бирæ адæм нæм фæдаргъ кодтой се ‘ххуысы къух æмæ сæ номхыгъд уыдзæнис хæдзар-музейы къулыл, уадз æмæ ардæм æрбацæуджытæ зоной, Ирыстоны зæрдейæ чи уарзы æмæ йæм  бахъуаджы сахат йе ‘ххуысы къух чи фæдаргъ кæны, уыцы патриотты.

Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ахæм культурон объекттæ арæзт цæуы Кърозы, Цъорбисы, Чеселты дæр æмæ мæн фидарæй уырны ацы хорз хъæппæрис кæй бафæзмдзысты æндæр хъæуты цæрджытæ дæр æмæ цадæггай кæй рæсугъд кæндзысты нæ хъæутæ æмæ сæм фæстæмæ кæй раздæхдзæнис сæ кæддæры фарн», – зæгъы Бететы Юри.

ХЪÆУЫ АРÆЗТ ÆРЦЫД КУЫРОЙ

Нæ фыдæлты рагæй фæстæмæ фæндаг нæмын кæдæм хъуыдис, уыцы бынæттæй сæ иу уыдис куырой. Уымæ афæдзы кæцыфæнды афон дæр цыдысты æмæ дзы ссадтой алыгъуызон нæмыгон культурæтæ. «Цы æндæр æмæ æндæр хуыз куырæйттæ ис, уыдонæй ирон хæххон лæг сæйраджыдæр пайда кодта доныл арæзт куырæйттæй. Цæугæдон та алы хъæумæ хæстæг нæ цыдис, уæлдайдæр та бæрзонд хæххон хъæуты, уымæ гæсгæ сæ фылдæр хатт цæуын хъуыдис бынæй кæмдæр цъалайы хæххон цæугæдоныл кæй арæзтой, уыцы куырæйттæм. Уырдæм-иу се ссинæгтæ ластой уæрдоныл, фæлæ хистæр кары адæм куыд дзырдтой, афтæмæй кæд бæрцыл уыдис ссинаг, уæд-иу æй хастой æккойæ. Ацы куыст фылдæр хатт йæхимæ иста сылгоймаг. Фæлæ Борджнисы хъæуы цæрджытæ не ‘взæрстой ахæм зындзинад. Хъæуы бынмæ цы цæугæдон уыдис, уым сын арæзт уыдис куырой. Фæлæ æндæр хъæуты цæрджытау Борджнисы хъæуы цæрджытæ дæр куы скадавар сты, куы фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм цæрынмæ, уæд раууатмæ æрцыдис куырой дæр. Æмæ ныр иугæр хъæубæстæй чидæртæ æрбазхдæхтысты, аразынц сæ хæдзæрттæ, уæд сфæнд кодтам нæ куырой дæр фæстæмæ йæхи рагон бынаты саразын æмæ йæ сарæзтам. Уымæн æмæ куырой дæр у хъæубæсты цæрджыты æвдисæндар», – загъта йæ раныхасы Бететы Юри.

Б О Р Д Ж Н И С

Хъæуы ацæргæ адæм куыд дзырдтой, афтæмæй куыроймæ фæндаг æхгæд никуы уыд, зымæджы карз уазæлтты дæттæ ма ныссалдаиккой, ма ныих уыдаиккой, уымæй дарддæр. Дон иу ивылд куы уыд, уæд куырой уыцы доныл æгасæйдæр нæ арæзтой, фæхицæн-иу дзы кодтой, цас хъуыдис, уыйбæрц дон. Дон сæрмагонд нукы стыр тагъдадæй цыдис куыройы бын æвæрд цалхмæ æмæ йæ зилын кодта. Цалхы даргъ сæмæн та æххæссын æмæ зилын кодта йæ астæу хуынкъ кæмæн уыд, уыцы фыды. Йæ сæрмæ арæзт уыд ссинаг кæм кодтой, ахæм дзаггарз æмæ уырдыгæй ссинаг цадæггай згъæлдис фыды астæу хуынкъмæ æмæ йæ зилгæ фыд ссадта, чи нæ зылд, уыцы фыдыл. Уыцы процесс тагъд нæ цыдис. Цъус ссинагмæ дæр æнхъæлмæ кæсын хъуыд бирæ рæстæджы æмæ-иу æхсæв дæр сбон кодтой. Ссгæ та-иу кодтой сæйраджыдæр сæхæдæг кæй тыдтой, уыцы мæнæу, сысджы, нартхор æмæ æндæр хуыз нæмыгон культурæты. Фæлæ æнусты дæргъы хæххон лæгæн зæхх никуы фаг кодта, кадавар уыдысты сæ хуымзæххытæ æмæ цы тыллæг истой, уый сын даргъ зымæджы фаг нæ кодта, уымæ гæсгæ йæ самал кæнынмæ цыдысты æндæр рæттæм.

Куыройæн ахсджиаг нысаниуæг кæй уыдис нæ адæмы царды, уымæ гæсгæ сæ арæзтой фыдыфыртгай, гъе та хъæугай. Куырой арæзтой куыд дурæй, афтæ хъæдæй дæр. Быдтой-иу сæ уистæй дæр. Доны куырæйттæй дарддæр ма нæ фыдæлтæ пайда кодтой къухы куырæйттæй дæр. Уыдон та зилгæ уыдысты къухæй, фæлæ сæ ахадындзинад бирæ нæ уыдис. Ссадтой йын йæ бæрц цъус кæмæн уыд  æмæ сæ тагъдыл чи хъуыд, ахæм ссинаг, стæй ма-иу сæ пайда кодтой доны куырæйттæ куы ныссалдысты, уæддæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй къухы куырой фæзындис доны куыройæ раздæр.

Сæ куырой та ногæй кæй скусдзæнис, уымæй райгондæй баззадысты Борджнисы ма цы бæрцыл цæрджытæ баззадысты, уыдон.

Афтæ æнусы дæргъы куырой ирон адæмæн лæггад кодта æмæ абон дæр кæд ссад цæттæйæ исæм, дзул магазины æлхæнæм, уæддæр йæ нысаниуæг нæма фесæфта. Раздæрау Ирыстоны кæмтты цæугæдæттыл нырма зилынц куыройы фыдтæ æмæ ссынц цы ссинæгтæ сæм хæссынц, уыдн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.