«НÆ ИРЫ  ЗÆРИН ХУР – КЪОСТА!»

Мыхуыры рацыд курдиатджын поэтессæ Чехойты Оляйы чиныг «Нæ Иры зæрин хур – Къоста!», зæгъгæ.

Автор ацы чиныгмæ бахаста йæ ног фыст æмдзæвгæтæ æмæ йе сфæлдыстады тыххæй йæ хæлæртты арфæйаг ныхæстæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй автор йе сфæлдыстады æгæрон аргъ кæны ирон литературæйы бындурæвæрæг, йæ радтæг адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Къостайы поэзийæн, йæ чиныг дæр «Нæ Иры зæрин хур – Къоста» уымæн афтæ схуыдта.

Чиныг дихгонд у ахæм сæртыл: «Нæ Иры зæрин хур – Къостайæн», «Мæ райгуырæн бæстæ – Ирыстонæн!», «Нæ зынгхуыстытæн!», «Ныййарæгæн», «Нæ Иры разагъта фырттæ æмæ номдзыд чызджытæн», «Уарзты стъæлфæнтæ», «Ног азы бæрæгбоны цытæн», «Мæ уарзон адæмæй», «Чехойты Оляйы тыххæй загътой», афтæ ма чиныджы сты Чехойты Оляйы æмдзæвгæтæ белорусаг æвзагмæ тæлмацæй.

«Нæ Иры разагътайы фырттæн æмæ номдзыд чызджытæн!»-ы сæргондмæ автор бахаста РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы, РХИ-йы раздæры Президент Тыбылты Леониды, Нафийы, Гасситы Знауыры, Хъодалаты Герсаны, Хъазиты Мелитоны, Плиты Гацыры, Наниты Асиаты, Битарты Зойæйы, Тедеты Вадимы, Кокойты Теймуразы, Саулохты Мэлсы æмæ бирæ æндæр зындгонд адæймæгты тыххæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны. Сæргонд «Нæ зынгхуыстытæн»-мæ автор бахаста Абайты Васо, Тæболты Сергей, Пухаты Фатимæ, Битеты Райбег, Хуриты Гиви, Санахъоты Гришик, Къудухты Бесик, Санахъоты Геннади æмæ æндæр зынгхуыстытыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны. Иудзырдæй, чиныгыл чиныгкæсджытæ сæмбæлдзысты райгондæй.

Уавæрæй пайда кæнгæйæ, мæ фæнды Чехойты Оляйы зæрдæхæлар удыхъæды кой ракæнын. Хуыцаусконд сылгоймагæн Стыр Хуыцау слæвар кодта адæймаджы хуыздæр миниуджытæ, уыцы нымæцы зæрдæхæлардзинад æмæ поэты курдиат. Оля рагæй кæны хæрзаудæн архайд. Æвæццæгæн, иу Ног аз дæр афтæ нæ вæййы æмæ лæвæрттæ ма бакæна æххуысхъуаг сывæллæттæн. Афтæ та уыд ацы аз дæр. Паддзахадон телерадиокомпани «Ир» сидзæр æмæ æххуысхъуаг сывæллæттæн цы хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан» сорганизаци кодта, уым активонæй хайад чи райста, уыдонæй иу уыд Чехойты Оля, бирæ сывæллæтты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодта йæ зæрдæбын лæвæрттæй. Ноджы ма йæ зæгъон, нæ республикæйы бирæ фæрæзджын адæймæгтæ ис, фæлæ уыдонæй иуæй-иутæй, куыд фæзæгъынц, зымæг миты къуыбар дæр нæ рантысдзæн. Фæлæ Оля йæхицæн бынат нал фæары, цалынмæ йæ хæрзаудæн архайдæй искæйы зæрдæтæ нæ бахъæлдзæг кæны, уæдмæ. Уый æппæт адæмы ном ссарын йæ бон куыд бавæййы, ууыл дис дæр фæкæнынц йæ бирæ зонгæтæ.

Оля, бирæ нын фæцæр æмæ де сфæлдыстад æмæ хæрзаудæн архайдæй рухс кæн нæ хæстæфхæрд адæмы зæрдæтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.