«Сидзæрты сæрхъызой» – афтæ хонынц Чехойты Оляйы чи йæ зоны, уыдон.

Оляйы царды фæндæгтæ чи зоны, уый æмбары цæмæн у афтæ тынг йæ сагъæс æмæ катай сидзæртыл, банкъардта сидзæр сабийы иунæгдзинад кæд ыл йæ фыдыхо Аннæ тынг аудыдта, рæвдыдта йæ йæхи сывæллæттæй уæлдай йæ хъулон кодта, уæддæр. Æхсæз мæй йыл цыд йæ ныййарæг мад йæ цардæй куы ахицæн, уæд. Скъоламæ куы бацыд æмæ Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-имæ куы базонгæ, уæд сидзæр чызджы зæрдæ фæфæлдæхт. Ацы чиныг ссис йæ царды фæндаг рухсгæнæг цырагъ. Лæвæрдта йын ныфс æмæ хъару царды цæлхдуртыл хизгæйæ. Фæстæдæр Чехойты Оля, сæрмагондæй, Хетæгкаты Къостайы мысынæн цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рауагъта, уым фыста.

«Ирон фæндыр – мæ уды уарзт дæ,

Ирон фæндыр – мæ уды цин.

Ирон фæндыр – мæ царды хорзæх

Ирон фæндыр – мæ хъыг, мæ рис»

Чехойты Оляйы адæймагуарзондзинад ноджы тынгдæр фæбæрæг 1991 азы. Гуырдзыстонæй æрбацæугæ звиадисттæ горæты хуссар хай куы бацахстой, уæд адæм дæр алы рæтты хъахъхъæнæн постытæ сарæзтой гуырдзиаг гæрзифтонг фыдгæнджыты ных-мæ. Уазал, хъызт бонты-иу Чехойты Оля йæ цардæмбал Тедеты Ильяимæ постытыл зылдысты æмæ-иу хæринаг уæрстой, йæ хæдзармæ æхсæвиуат кæнынмæ чи нæ цыд, уыцы лæппутæн. Йæ дыууæ фырт Дзамболат æмæ дзæнæттаг Ибрагим уыцы рæстæджы Мæскуыйы цардысты, уырдыгæй æрвыстой æхсæнгарз, цæмæй лæппутæ сæрбахъуыды рæстæджы сæ адæмы бахъахъхъæной экстремисттæй. Горæт хъахъхъæнджытæм кæсгæйæ, йæ зæрдæйы тугтæ тагъдысты Оляйæн æмæ йæм гуырд патриотикон æнкъарæнтæ. Уыцы азты бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста Ирыстоны хъæбатыр хъæбултыл. Зæрдæрыстæй фыста, уыцы рæстæджы цы лæппуты ныгæдтам, уыдоныл дæр. Хæст-иу чысыл куы æрсабыр, уæд та-иу йе ‘мдзæвгæты фæзынд цины тæваг стырæй-чысылæй иу бинонты хуызæн æнгом, кæрæдзийы фарсмæ кæй лæууæм, уымæй-иу ради йæ зæрдæ. Сæрыстыр-иу уыд йæ Ирыстонæй. Йе ‘мдзæвгæты хъахъхъæнæг лæппутæн лæгъстæ кодта, цæмæй ныффæразой цыфæнды зынтæн дæр, æрмæстдæр нæ райгуырæн бæстæн йæ сомбон, уæд рæсугъд.

Чехойты Оляйы сисы иувæрсты иу цау дæр нæ аирвæрзт, 25 азы дæргъы цы зын фæндæгтыл цыдыстæм, уыдон æвдыста йæ поэзийы. 1992 азы 20 майы гуырдзиаг лæгсырдтæ Зары фæндагыл, цы æнæаххос лигъдæтты ныццагътой, уыдоныл ын бирæ æмдзæвгæтæ фыст æрцыд, фæлæ йæ зæрдæйы судзæггаг маст уый канд æмдзæвгæтæй не ‘вдисы. Гæнæнуæвгæйæ Зары трагедийы бахауæг бинонты барæвдауы материалон æгъдауæй.

Чехойты Оляйыл дзургæйæ æнæзæгъгæ нæй, Бехъмары хъæуы зæххæнкъуысты рæстæджы ныппырхгонд скъола куыд саразын кодта, уый тыххæй.  Йæхæдæг дæр ацы скъолайы ахуыр кодта. Уыцы азты хицауад дæр цыбыркъух кæй уыдис, уый æмбаргæйæ, йæ дыууæ фыртæн бамбарын кодта йæ хъуыды. Уыдонæн сæ мады фæндон сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йын баххуыс кодтой финансон фæрæзтæй. Ныр Бехъмары скъола хæссы Чехойты Оляйы ном. Æрвылаз дæр ам цы ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæны, уыдонæн Чехойты Оля балхæны, афæдзы дæргъы сæ цы ахуыргæнæн фæрæзтæ бахъæуы, уыдон.

Чехойты Оляйæн йæ сæйраг куыст у нотариалон конторæйы – нотариусы куыст æмæ уым кусгæйæ дæр цæстуарзон лæггад кæны адæмæн.

Æрæджы Чехойты Оляйы айстой Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисмæ. Тагъд рæстæджы рауагъдад «Российский писатель»-ы мыхуыры æрцæудзæн Оляйы æмдзæвгæты æмбырдгонд. Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ Чехойты Оля кæй у, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг ахæм фыссæг, УФ-йы Фысджыты цæдисмæ кæй райстой.

Ивгъуыд аз ма Оляйыл æрцыд ноджыдæр иу хорздзинад! 2018 азы уый ссис Джусойты Нафийы номыл литературон премийы лауреат, райста фыццаг преми. Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй. Фыццаг бынатæн лæвæрд æрцыд 150 мин сомы. Преми райсыны рæстæджы уый стыр бузныг загъта мадзалы организатортæн æмæ банысан кодта, сæрыстыр кæй у, ахæм стыр хорзæхы аккаг кæй ссис уымæй. Преми уый адих кодта дыууæ уæззау рынчын сывæллоныл.

Нæхи Оля Суликъойы чызг!

Æнæниз у, арфæ дын кæнæм 8-æм марты бæрæгбоны цытæн! Дæ хъæбултимæ амондджын куыд уат æмæ хорздзинæдтæй та хайджын, уыцы арфæ уын  ракæнæт  Дунескæнæг!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.