Не ‘рвылбонон цард фидыцджындӕр кӕны, фӕрнджын удыкондӕй ӕххӕст чи вӕййы, йӕ алфӕмбылай адӕмӕн лӕггад кӕнынӕй чи не ‘фсӕды, ӕрмӕст хорздзинад ракӕнын йӕ уд, йӕ дзӕцц кӕмӕн у, ахӕм ӕмбӕстӕгтӕй. Ӕрмӕст сӕ иу бакаст ӕмӕ фезмӕлд дӕр нын ныфс ӕмӕ хъару фӕдӕттынц, зӕрин хуры тынтау нӕ сӕ цӕсгомы рухсæй барӕвдауынц. Уыдон бирӕ ӕвӕрццаг миниуджытӕй фӕхайджын вӕййынц, сӕ иубӕстон адӕмӕн лӕггад кӕнынӕй стырдӕр хӕрзиуӕгыл ницы фӕнымайынц, сӕ цӕрайӕ фӕцӕрынц. Ахӕмтӕ ӕввахс ӕрбалӕууынц сӕ радтӕг адӕммӕ ӕмӕ сын кӕддӕриддӕр лӕггад кӕнынмæ цæттæ вæййынц.

Фӕрнджын адӕм фылдӕр хъӕутӕй рантысынц, йӕ зӕххыл схӕссынц рӕз, байрӕзынц, бавзарынц ын сӕхиуыл йӕ ӕрвылбонон цинтӕ ӕмӕ зынтӕ дӕр. Фӕуӕлахиз вӕййынц зынтыл, афтӕмӕй хорздзинад тауыныл сӕ уд фӕхъарынц. Йӕ радтӕг адӕмӕн йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ уарзон хъӕбул у Икъаты Мухар Самсоны фырт дӕр ӕмӕ йæм уыцы уарзт абон дӕр нӕ сысы. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр йӕхицӕй цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг тынг ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион у адӕмыл, алкæмæ дæр  дары уарзӕгой ахаст. Мухар райгуырд Хуссар Ирыстоны рӕсугъддæр къуымтӕй сӕ иу – Знауыры районы Мугърисы хъӕуы 1937 азы 31 январы. Скъоламӕ цӕуынхъом куы фӕци, уӕд ахуыр кӕнын райдыдта Знауыры астӕуккаг скъолайы ӕмӕ йæ каст фæци 1957 азы. Зонындзинӕдтӕм тырнӕг ӕмӕ ахуырмæ ӕвзыгъд лӕппуйы уӕгъд нӕ уагъта уӕлдӕр ахуырад райсыны хъуыды ӕмӕ уыцы аз ахуыр кӕнын райдыдта Тбилисы политехникон институты арæзтадон-фæндагон машинæтæ æмæ фæлындзынады факультеты. Каст æй фӕци 1962 азы ӕмӕ ӕрбаздӕхт Ирыстонмӕ, кусын райдыдта механикӕй фӕндӕгты цалцӕггӕнӕн 13-ӕм арӕзтадон управленийы. Кӕд дзы иу афӕдз йедтӕмӕ нӕ бакуыста, уӕддӕр фӕбӕрӕг сты йе ‘взыгъддзинӕдтӕ, бахӕсгонд хъуыддагмӕ йӕ иузӕрдиондзинад æмæ дарддæр кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны хъӕууонхӕдзарадон техникон баиугӕнды сӕйраг инженерӕй. Ацы бынаты фӕллой кодта 12 азы, райгонд дзы уыдысты баиугӕнды хистӕртӕ, кӕддӕриддӕр сӕ къух арӕзта йӕ дӕлдӕруӕвӕг кусджытӕн. Фӕстӕдӕр йӕ фӕллойадон архайд адарддæр кодта Знауыры районы Бехъмары совхозы директорæй ӕмӕ дзы ныууагъта хорз фӕд, йæ архайд хорзæрдæм бандæвта хъӕууон хӕдзарады къабӕзты уавæрыл. Икъайы фырт ма ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты куыста Цхинвалы автоскъолайы хистӕры хӕдивӕгæй, хистæрæй, æндæр бынæтты. Цӕттӕ ӕмӕ ӕвзыгъд кадрӕн азтӕ ныхдур нӕ вӕййынц, нырма йӕм ис фидӕны специалисттӕ цӕттӕ кӕныны хъару. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йæ æрбахуыдтой  Хуссар Ирыстоны универси-тетмӕ ӕмӕ ӕвзонг фӕлтӕрӕн рӕдауӕй амоны йӕ зонындзинӕдтӕ хфӕдтулгӕйы хӕйт-тӕ амоныны фæдыл.

Икъаты Мухар кӕмдӕриддӕр куыста ӕмӕ фӕллой кодта, уым алы хатт дӕр  уагъта хорз фӕд, йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ каст бӕрндзинады цӕстӕй, ӕхсӕнадон царды дæр иста активон хайад, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты ӕвзӕрст ӕрцыд райсоветы депутатӕй, уыд Хуссар Ирыстоны обкомы уӕнг.

Мухар цардæмбалæн йæ рæстæджы ӕркодта, иу скъолайы кӕимӕ ахуыр кодта, ахæм сӕрныллӕг ӕмӕ ӕгъдауджын чызг- Надирадзе Риммӕйы. А-дунемӕ сын рантыст фырт Бадри ӕмӕ чызг Маринӕ. Амондджын уыдысты дыууӕ уарзӕгой ӕмкъайы, фæлæ Риммӕ цалдӕр азы размӕ ахицӕн ацы дунейӕ. Мухар маст ӕмӕ зындзинӕдты раз йӕхи не ‘ркъул кодта ӕмӕ дарддӕр йӕ уарзон иубӕстон адӕмы ‘хсӕн царды амӕлттӕ кӕны.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.