Нæ фыдæлтæй нæм цы бирæ хорз æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдонæй сæ иу у зæдтæ, дзуæрттæн кад кæнын. Сæ номыл цы бæрæгбонтæ кæнæм, уыдон дæр афтæ рагон уыдзысты, æмæ сæ раджы заманты, æвæццæгæн, иугъуызон нысан кодтаиккой, фæлæ хæхты цъассыты кæй æрбынат кодтой, кæрæдзимæ кæй нал æфтыдысты, уымæ гæсгæ хицæндзинæдтæ дæр фæзынд сæ нысан кæныны. Стæй æрмæст дины бæрæгбонты нæ, фæлæ чындзæхсæвты, зианы кæндты æмæ æндæр æгъдæутты дæр.

Ахæм уавæры уыдысты, Дзауы районы Чеселтгомы цы дыууæ дзуары ис, уыдон бонтæ нысан кæныны æгъдæуттæ дæр – Майрæмы æмæ Хуссары дзуæрттæ. Советон хицауад куы æрлæууыдис, уæд аргъуантæм, дзуæрттæм коммунисттæ адæмы кувынмæ нал уагътой. Бирæ дзуæртты агъуыстытæй сарæзтой æфтауцдæттæ колхозтæн æмæ афтæмæй æнæркастæй æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ. Ахæм уавæры уыдысты Чеселтгомы кувæндæттæ дæр.

Зæгъæм, Майрæмы дзуар арæзт æрцыдис Чеселтгомы административон центры. Арæзт та у дурæй, Ирыстоны зæххыл аргъуаны агъуыстытæ куыд арæзт сты, афтæ. Бадтис дзы сауджын æмæ дзуар æфтыдта сывæллæттыл æмæ-иу  къайад чи кодта, уыдоныл. Чеселтгомы бирæ хъæутæ æмæ мыггæгтæ цардис. Цардысты кæрæдзи уарзгæйæ æмæ æмбаргæйæ, фæлæ, стыр хъыгагæн, уыцы хъæутæ федзæрæг сты.

Майрæмы дзуармæ куывды цыдысты Атынæджы (августы райдианы) æмæ Ичъынайы бонты. Майрæмы дзуарæн йæ дзæнгæрæг дæр фесæфт. Ацы дзуары бонтæ нысан кодтой æнæхъæн Чеселтгом иумиагæй. Дзуары агъуысты  æфтауцдон куы сарæзтой, уæд адæм уæддæр цыдысты, дзуары сæрмæ къуыппыл цы егъау бæлас ис, уый бынмæ кувынмæ. Абоны онг дæр ма бирæтæ фæцæуынц уырдæм.

Куывды йæм цыдысты куыд нæлгой-мæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Кусæрттаг æвзæрстой афтæ: Чеселтгомы хистæр лæг-тæ-иу Атынæгы боны æрæмбырд сты æмæ-иу, хæлттæ æппаргæйæ, равзæрстой кусарт. Хъæуты колхозты-иу æппæрстой хæлттæ. Йæ хал-иу цы колхозæн схаудта, уым та-иу хæдзæрттыл æппæрстой хæлттæ. Йæ хал-иу цы хæдзарæн схаудта, уым  та-иу галыл аппæрстой хал. Йæ хал-иу кæцы галæн схаудта, уымæ-иу сæ хъус дардтой æнæхъæн хъæу.

Кусарт кувæндонæй дæлдæр кодтой (сыгъдæгдзинады тыххæй), фыцгæ дæр æй уым кодтой æмæ йæ хуыдтой фыдфыцæн.

Кусарт-иу куы сцæттæ, уæд-иу фысым фæсидт адæммæ, зæгъгæ, бадгæ фынджы фарсмæ гал аджы афардæг.

… Раджы рæстæджы-иу исчи фыдракæнд куы сарæзта æмæ-иу куы нæ састи, уæд-иу æй бакодтой дзуары бынмæ, цæмæй раст загътаид. Ныр та иуæй-иу адæймæгтæ дзуары бын дæр раст нал дзурынц.

Дзырд дардыл у, фæлæ советон хицауад куы фехæлдис, уæд фæзындис хуыца-уысконд адæм, уыдонæй сæ-иу у Къæбысты Зураб (Гоппи – уыцы коймаг) æмæ кувæндон сцалцæг кодта дзуары агъуыстæн йæхи æрмæгæй – дуртæй. Сцалцæг æй кодта йæхи фæрæзтæй. Фæндаг æм сарæзта. Дзæн-гæрæг та йын æрласын кодта Мæскуыйæ йæ фыдыфсымæр. Къæбысты Зураб æртæ азы фæд-фæдыл фергæвста кусæрттæ æмæ стыр куывдтæ фæкодта.

Уæдæй фæстæмæ та йæм нæ комы адæм куывдты цæуын райдыдтой алы аз дæр.

КЪÆБЫСТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.