Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр совет»-ы сæрдар Кучиты Руслан æмæ йæ хæдивæг Зæгъойты Вячеславы знон йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райста советы хуссарирыстойнаг хайады сæрдар Гаглойты Роберт.

Цытджын уазджытимæ фембæлды рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, «Ирæтты уæлдæр совет»-æн ис стыр нысаниуæг æмæ йæ сæйраг хæс у ирæтты æрбангом кæнын, кæцытæ цæрынц дунейы алы бæстæты.

«Уыимæ иумæ мах райдыдтам иуæй-иу ирон традицион здæхтытæ сафын æмæ организацийы архайды уыдон æрбæстон кæнын у иууыл ахсджиагдæр фарст. Ирон адæмæн кæдфæндыдæр уыд æмбæлон ахаст сæ æгъдæуттæ æмæ традицитæм æмæ ногæй бакусын хъæуы, цæмæй уыдон фæстæмæ суой актуалон. Æмæ æппæт адæттæ махæй домынц егъау куыст», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æппæт ацы бæстонкæнинаг фарстатæм алкæмæн дæр ис йæхи хъуыды, æмæ бирæтæ нымайынц сæ хъуыды растыл, уымæй уыдон иннæты хъуыдыйыл разы не сты æмæ уыцы хъуыддæгтæ дæр хъæуы биноныг кæнын, ома, иу хъуыдымæ æрцæуын.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт ацы фарстатæ аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы иумиаг куыст бакæнын – хуссары дæр æмæ цæгаты дæр. Кæд дыууæ Ирыстоны къухдариуæгадты ‘рдыгæй хъæуы æххуыс, уæд æз дæр æмæ мæ цæгаттаг коллегæ Битарты Вячеслав дæр балæудзыстæм уæ фарсмæ æмæ уæм не ‘ххуысы къух фæдаргъ кæндзыстæм. Уæ куыст хъуамæ уа егъауфæстиуæгон, æмæ не ‘мбæстæгтæ æвдисæн уой советы куысты фæстиуджытæн», – банысан кодта Президент.

Цæгат Ирыстоны Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр совет»-ы сæрдар Кучиты Руслан бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн, фадат сын кæй фæцис йемæ фембæлынæн æмæ ирон адæмы сомбоны ахсджиаг фарстатыл æруынаффæ кæнынæн.

«Махæн кæдфæндыдæр уыдис æмбаргæ ахастытæ. Кæрæдзийы фарсмæ æнгомдæр куы балæууæм, уæд нæ куыст уыдзæн æнтыстджын», – банысан кодта Кучиты Руслан.

Иу адæм стæм æмæ иумæ хъуамæ кусæм

Кучиты Руслан нын йæ чысыл интервьюйы куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты, бастдзинæдтæ сфидар кæныныл æруынаффæ кæнынмæ.

«Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр иумæ хъуамæ бæстондæр бакусæм, цы фарстатæ æрæвæрдтам ивгъуыд аз радон уанелы нæ разы, уыдоныл. Хъыгагæн, ныртæккæ цæгаты мах куыд архайæм, ахæм куыст нæ цæуы хуссары. Адæмæй бирæтæ хъаст кæнынц, зæгъгæ, совет ам цæмæннæ кусы афтæ бæстон. Цæгаты дæр æмæ хуссары дæр иу адæм стæм æмæ иумæ хъуамæ кусæм æмæ  ууыл æруынаффæ кæнынмæ æрцыдыстæм. Уымæн æмæ ис бирæ иумиаг фарстатæ, ис хъомыладон фарстатæ, æгъдæуттæм ха-уæг, нæ фидæны фарстатæ, не ‘хсæнады уавæр æмæ уыдоныл æмткæй иумæ хъуамæ кусæм. Уый фæстæ нæ адæмы цард бæрæг фæхуыздæр хъуамæ уа.

Абон уавæр зын у хуссары дæр æмæ цæгаты дæр – ахæм рæстæг æркодта æмæ адæм тыхсынц материалон æгъдауæй, тыхсынц куысты бынæттæ ссарыныл, уыдоныл дæр хъæуы хъуыды кæнын», – дзырдта Кучийы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма уыдоны æмрæнхъ ис ахæм фарстатæ, кæцытæ æхсæнады иумæ бæттынц, ирон адæмы иу кæнынц æмæ уыцы фарстатæ дæр рохуаты хъуамæ ма уой. Уый райгондæй баззад бæстæйы къухдариуæгады хъарм райст æмæ æмбаргæ ахастæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.