Футболæй Европæйы чемпионаты размæ Дзæуджыхъæуы иу фондзуæладзыгон хæдзары фарсыл – Мамсыраты Хадзы-Умары æмæ Зæнджиаты Владимиры уынгты алвæндаджы фæзынд Уæрæсейы æмбырдон командæйы сæйраг тренер Черчесты Станиславы портрет.

Портретыл  ис спортивон футболкæйы Уæрæсейы гербимæ республикæйы сæйраг горæты зæрдылдарæн бынæтты фоныл. Нывы бæрзæнд у 15 метры, йæ уæрх – 16. Ахæм хуызы граффити æмбырдон командæйы футболистты нывтимæ уымæй уæлдай фæзындзысты Братск æмæ Балашихайы.

Черчесты Станислав Уæрæсейы сæйраг командæйы сæргъ слæууыд 2016 азы августы мæйы. Йæ разамындæй уæрæсейæгтæ æнтыстджынæй архайдтой дунейы чемпионаты, бахæццæ сты турниры финалы цыппæрæм хаймæ, фæлæ планетæйы тыхджындæр цыппар командæйы хыгъдмæ нæ бахаудысты. Ацы æнтыст сси нæ бæстæйы футболон историйы хуыздæр.

Черчесты Саламы фырт Станислав райгуырдис 1963-æм азы 2 сентябры, Алагиры.  У Уæрæсейы футболон командæйы тренер, Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг, Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы иугонд футболон командæйы дуаргæс (1990–2002). Уæрæсейы Федерацийы спорты сгуыхт мастер (2003). Уый уыд  Мæскуыйы «Спартак»-ы тренер 2008-æм азы агъоммæ. 2011-æм азы  27 сентябрæй 2013-æм азы маймæ куыста футболон клуб «Терчы» сæйраг тренерæй.

2015-æм азы 6 октябры польшæйаг клуб «Legia Warszawa»-йы ссис сæйраг тренер. Уыцы клубы сарæзта йæ фыццаг «сыгъзæрин дубль», рамбылдта Польшæйы чемпионат æмæ Польшæйы хъалац иумæ. 2016-æм азы 1 июны клубы ныууагъта.

Черчесты Станислав слӕууыд Уӕрӕсейы командӕйы сӕргъ 2016 азы. Сентябры уый бахауд 2018 азы 10 хуыздӕр тренеры номхыгъдмӕ (ФИФА)-йы версимӕ гӕсгӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.