Фæзæгъынц, зæгъгæ æнæбон æмгъуыд мæлæт нæй. Æвæццæгæн, уый раст у. Æндæра йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ Ног 2020 азы йæ бирæ хорз фæндтæ æрдæгыл цæмæн фескъуыдысты Хъуылымбегты Гиви Романы фыртæн.  Ног азы райдианы цæрынхъуагæй цæмæн аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæмæ. Ацы аз 9-æм июны ууыл сæххæст уыдаид 60 азы. Хъысмæт сайдæй разылд Гивийыл, йæ фæстæ кæугæйæ ныууагъта йæ цардæмбалы, йæ дыууæ хъæбулы, йæ дыууæ хойы.

Хъуылымбегты Гиви Романы фырт райгуырд 1960 азы 9-æм июны горæт Цхинвалы. Ахуыр кодта 5-æм астæуккаг скъолайы хорз æмæ тынг хорз нысæнттыл. Йæ уарзондæр предмет математикæ кæй уыд, уымæ гæсгæ курдиатджын æмæ æвзыгъд ахуыргæнинагæн  уæлдай хуыздæр æнтыстытæ йæ къухты æфтыдысты ацы предметæй. Гиви уыд Хуссар Ирыстоны  зынгæ математик Коцты Карлены уарзондæр ахуыргæнинæгтæй иу. Ахуыры æмрæнхъ ын спорты дæр уыд раппæлинаг æнтыстытæ. Архайдта гандболæй Цхинвалы спортивон скъолайы зынгæ тренер Козаты Виталийы къухдариуæгады бын. Сæ командæ арæх  хайад иста республикон ерысты æмæ-иу алыхатт дæр æрæздæхтысты уæлахиздзаутæй æмæ лæвæрттимæ. Йе ‘мкъласонты æмæ йæ хæлæртты ныхæстæм гæсгæ Гиви уыд тынг зæрдæхалар æмæ æууæнкджын æмгар.

Гиви йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы авиацион институты. 1993 азæй ацы институт ссис Техникон паддзахадон университет. 2009 азæй абоны онг ахуырадон уагдонæн ис Национ иртасæн университеты статус. Уый у Уæрæсейы иунæг университет, кæцыйы мисси  уыд æмæ ныр дæр у  авиацион, ракетон æмæ космикон техникæйы цардуагон циклы æппæт стадиты иртасæнты разæй фæугæйæ, дунеон элитæйы инженерон кадртæ цæттæ кæнын. Университеты бындурыл арæзт цæуынц  змæлынгæнæгарæзтады ног технологитæ, уагъд цæуынц чысыл космикон аппараттæ, афтæ ма уагъд цæуынц иртасæнтæ управленийы системæты, ног æрмæджыты, радиотехникон системæты фадыджы. Гиви Романы фырт ам дæр уыд цæвиттойнаг студент, ахуыр кодта хорз, афтæ ма  ахуыры æмрæнхъ активонæй архайдта спортæй дæр. Архайдта уæлдæр ахуырадон уагдоны гандболистты æмбырдгонд командæйы йæ уарзон æмæ ирыстойнаг тренер Гасситы Альбертмæ. Нæ зынгæ æмзæххон Гассийы фырты къухдариуæгады бын командæ Советон Цæдисы уæлдæр ахуырадон уагдæтты командæты ‘хсæн ахста фыццаг бынæттæ æмæ  сæрдыгон рæстæджы та тренировкæ кодтой Хъырым (Алушта) æмæ Прибалтикæйы спортивон базæты.

Мæскуыйы авиацион институт каст фæуыны фæстæ Гиви æрвыст æрцыд Мæскуыйы областы Циалковскийы номыл горæт Подольскы машинæаразæн заводмæ инженер-механикæй. Ацы заводы бакуыста 1982 азæй 1987 азмæ. Уый фæстæ та куыста инженер-механикæй горæт Львовы егъаудæр авиабазæ «Черляны»-йы. Уый уыд сусæгкуыстгæнæг завод. 1988 азы Хъуылымбегты лæппу Советон Цæдисы хъахъхъæнынады министрады фæндонмæ гæсгæ æрвыст æрцыд æфсæддон минæварæй Златоустовскы машинæаразæн заводмæ, цыран бакуыста фондз азæй фылдæр. Ацы сæудæджерадон куыстуат æххæст кодта æфсæддон закъазтæ. Гиви контроль кодта рауадзгæ продукцийы гъæдыл. Йæ къухдариуæгады бын уыдысты æртæ егъау цехы, цыран куыстой сæдæгай кусджытæ. Стыр кад ын уыд заводы коллективы ‘хсæн. Йæ хорз куысты тыххæй йæ уæлдæр лæууæг органтæ схорзæхджын кодтой алыгъуызон хорзæхтæй. Стыр Уæрæсейы дæргъвæтин азты цæргæйæ, Хъуылымбегты Гиви ирон лæджы ном хаста бæрзонд æмæ афтæмæй кад кодта куыд йæхицæн, афтæ йæ радтæг ирон адæмæн, йæ Ирыстонæн.

Бæргæ цыдысты йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг, фæлæ уæдмæ ныппырх Советон Цæдис, ралæууыд рацарæзты уæззау дуг æмæ адæмы цард бынтондæр схæццæ…  1993 азы Гивийы йæ дыууæ чысыл хъæбул æмæ йæ цардæмбалиæ бахъуыд горæт Сочимæ рацæуыны сæр. Сочийы бакодта йæхи арæзтадон фирмæ «Югстройтранс», кæцыйæн уыд йæ генералон директор. 2014 азы Сочийы Олимпиадæйы  объектты арæзтадмæ ирон лæг бахаста егъау хайбавæрд. Уый активон хайад иста  тъунелты, фæндæгты арæзтады. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм  бæрнон бынæтты кусгæйæ, Гивийы уæхсчытыл æвæрд цыд стыр бæрндзинад, кæцы бандæвта йе ‘нæниздзинадыл, йæ алцы æнкъараг зæрдæмæ баирвæзт низ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æфсымæрон Абхазы ныхмæ Гуырдзы хæст куы расидтысты, уæд сын йе ‘ххуысы хай кæй бакодта Гиви дæр, æфсæддон эксперт æмæ уынаффæгæнæг уæвгæйæ, сын консультацитæ уагъта æфсæддон техникæйы фæдыл. Æгæрыстæмæй сын Уралæй æрæрвитын кодта цæугæ бастдзинады фæрæзтæ – рацитæ, кæцытæ сын тынг фæахъаз сты.

Хъуылымбегты Гиви Романы фырт цардæй ахицæн ацы аз 19-æм январы. Уый йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ æмæ хорз ном. Йæ цардæмбал Гаглойты Залинæимæ фæцард 33 азы. Схъомыл кодтой дыууæ тæхудиаджы хъæбулы. Лæппу Роман каст фæцис Мæскуыйы  Экономикæйы уæлдæр скъола, цæры Мæскуыйы, кæны амалиуæггæнæджы куыст. Чызг Наталия каст фæцис Сочийы курортон хъуыддæгты æмæ туризмы фæдыл паддзахадон университет. Ныртæккæ кусы горæт Мæскуыйы акционерон æхсæнад «Корпорация развития Северного Кавказа»-йы  æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл хайады хистæры хæдивæгæй. Архайы Цæгат Кавказы рæзтыл.

Гиви кæд бирæ азты дæргъы Уæрæсейы зæххыл цард, уæддæр æхсæв йæ фынты дæр йæ райгуырæн Ирыстоны, йæ уарзон Цхинвалы уыдта. Фæстæдæр фæнд кодта цæрынмæ Цхинвалмæ æрæздæхын. Фæлæ йын Ирыстонмæ йæхи къахæй æрцæуын нал бантыст, ласгæ фæцис Сочийæ. Æмæ æнусон æнцойад ссардта йæ Ирыстоны зæххыл, Згъудеры уæлмæрды.

Абон, 27-æм февралы Гивийы амæлæтыл æххæст кæны 40 боны æмæ та йæ бинонтæ, йæ хиуæттæ, йе ‘мгæрттæ ссæудзысты йæ уæлмæрдмæ æмæ йын йæ ингæныл сæвæрдзысты удæгас дидинджытæ. Æндæр ма цы сæ бон у.

Рухсаг у! Ирыстоны зæхх дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд!ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.