Цы хабæртты кой уын ракæнынмæ хъавын, уыдон раджы уыдысты – 25 азы размæ æмæ, Советон Цæдис цалынмæ нæ ныппырх, уый размæ азты, фæлæ цæрæнбонтæм мæ мысынады баззадысты æмæ сæ хъуыды кæнын, раст цыма знон уыдысты, афтæ.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Советон Цæдисы рæстæджы Мæскуыйы бæстæйы æвзонг журналисттæн арæх уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы нымæцы æмбырдтæ æмæ съездтæ дæр. Мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гиви æвзонг курдиатджын журналистыл нымад кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу æй Хуссар Ирыстоны уæды областон комитеты къухдариуæгад арæх арвыста ахæм мадзæлттæм. Иу ахæмы та, цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх æмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст нæ расидт, уымæй цалдæр азы размæ Мæскуыйы æвзонг журналисттæн уагъд цыд æмбырд æмæ уырдæм хуынд æрцыдысты Советон Цæдисы бæстæты минæвæрттæ. Хуссар Ирыстоны журналисттæй Мæскуымæ æрвыст æрцыд Гиви. Советон Гуырдзыстонæй чи  хъуамæ ацыдаид Æппæтцæдисон журналистты æмбырдмæ, уыдон уал хъуамæ уый размæ бон æрæмбырд уыдаиккой Гуырдзыстоны фæскомцæдисы централон комитеты æмæ дыккаг бон та атахтаиккой Мæскуымæ. Гиви уырдæм куы бацыд, æмæ дзы цы бирæ адæмы баййæфта, уыдонæй йæм æввахс æрбалæууыд иу саулагъз, къæбæлдзыгсæр, онгджын æвзонг лæппу æмæ йæ афарста, зæгъгæ, ды ирон нæ дæ? Гиви дæр ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, раст æй базыдтай, æз ирон дæн, хуссарирыстойнаг. Уый йæм йæ къух æрбадаргъ кодта æмæ йын загъта, зæгъгæ, æз та дæн абхазаг лæппу Геннади Аламиа æмæ та йæ афарста: «Ды дæр райсом мемæ тæхыс  Мæскуымæ?» Разыйы дзуапп куы райста, уæд ын æхсызгон уыд, фæлæ уыцы иурæстæджы батыхсæгау кодта, зæгъгæ, æз ахсæв гуырдзиаг уазæгдоны æрлæууæг нæ дæн, фæлтау, зæгъ, фæстæмæ  Абхазмæ аздæхдзынæн æмæ, зæгъ,  райсом раджы æрбаздæхдзынæн аэропортмæ. Фæлæ йæм Гиви куы бахатыд, зæгъгæ, ме ‘ввахс хæстæджытæ Тбилисмæ хæрзæввахс цæрынц æмæ, зæгъ, цом мемæ уыдонмæ бахсæвиуат кæнын-мæ, уæд йæ фæнд фæивта æмæ йын сразы ис, цин дæр ма бакодта йе ‘хсæв ирон бинонты ‘хсæн кæй арвитдзæн, ууыл.

Геннади йæ рæдау фысымтимæ æввахсмæ куы базонгæ, куы сын фæхатыд сæ уа-зæгуарзондзинад, уæд йæхи афтæ дардта, раст цыма йæ рагон зонгæтæ уыдысты, уыйау. Гиви мын куыд радзырдта, афтæ-мæй æмбисæхсæвæй ахызт, фæлæ ма уæддæр бадтысты дзаджын фынджы фарсмæ æмæ адджын ныхас кодтой. Сæрмагонд сыкъайæ ракуывтой Ирыстонæн, Абхазæн, загътой, зæгъгæ, нæ дыууæ адæмæн дæр иу хъысмæт, иу знаг ис. Фысымты лæппу Анатоли, абхазаг цытджын уазæгæн йæ ныййарджытимæ æмæ Гивиимæ зæрдылдарынæн нывтæ дæр систа æмæ абоны онг дæр сты мæ цардæмбалы альбомы. Дыккаг бон та бацыдысты фæскомцæдисы централон комитетмæ. Уым сæ секретарь бафæдзæхста, зæгъгæ, Мæскуыйы уæхи хорз дарут, кæрæдзи уарзут, зæгъгæ. Мæскуыйы уазæгдон «Юность»-ы Гиви æмæ Геннади цалдæр боны дæргъы цардысты иу хатæны дыууæйæ æмæ тынг схæлар сты.

Иу бон сæ лекциты фæстæ акодтой Стъалыджын сахармæ. Фембæлд сын уыд космонавттимæ. Бацыдысты Юри Гагарины музеймæ. Ацы музейы ма федтой, мæймæ стæхæг америкæйаг астронавттæй сæ иуы лæвар,  мæймæ тæхгæ тæхын йемæ цы цонджы сахат уыд, уый. Сахаты историйы тыххæй сын радзырдта музейы сæргълæууæг. Цæвиттон, америкæйаг астронавт йе ‘мкъайимæ Мæскуымæ куы æрцыд, уæд фæуазæг сты Юри Гагарины музеймæ дæр. Цæуынхъус куы уыдысты, уæд астронавт уайтагъд февнæлдта йæ сахатмæ, йæ цонгæй йæ рафтыдта æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта, уый уын мæ номыл, зæгъгæ. Йе ‘мкъай ма, дам, ын йæ хъусы бæргæ бадзырдта, зæгъгæ, цытæ кæныс, фæлæ уæгъды уыдысты йæ ныхæстæ, лæг йæ фæнд нал аивта æмæ æнæ сахатæй аздæхт. Геннади ацы хабар куы фехъуыста, уæд йæхимидæг стыхст æмæ Гивийæн афтæ бакодта, зæгъгæ, астронавт кæнæ космонавт чи нæ у, уый лæвар кæнын нал зоны? Мах дæр, дам, исты æрхъуыды кæнæм, бадзырдта Гивийы хъусы. Уæд ын уый дæр сдзуапп кодта: «Кæд дзы æндæр гæнæн нал ис, уæд дын æрæджы, ам, Мæскуыйы цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд, уымæй хуыздæр ма сын цы хъуамæ радтай лæварæн». Геннади йемæ сразы æмæ чысыл фæстæдæр музейы сæргълæууæг, чиныг хæрдмæ сдаргæйæ, куы фехъусын кодта, ома, та мæнæ абон Гагарины музеймæ æрбафтыд ноджыдæр иу хорз лæвар – абхазаг æвзонг поэт Геннади  Аламиайы æмдзæвгæты æмбырдгонд, уæд залмæ æрбамбырдуæвджытæ нымдзæгъд кодтой.

Дыккаг бон Геннади Гивийы йемæ акодта дуканимæ.  Загъта йын, зæгъгæ, иу ран заманайы пæлæзтæ федтон æмæ, дам, дзы хъуамæ дыууæ балхæнон: иу – мæхицæн, иннæ та – ме ‘фсымæрæн, æрмæст, дам сæ æвзаргæ та ды хъуамæ ракæнай. Ацыдыс-ты дуканимæ, фæлæ уыцы пæлæзтæй нал баййæфтой. Уæд Геннади Гивийы бакодта, хæдæттæ кæм уæй кодтой, уыцы дуканимæ, афтидæй, зæгъ, куыд хъуамæ аздæхæм Мæскуыйæ. Цы дыууæ хæдоны балхæдта, уыдонæй иу йæ хызыны нывæрдта, иннæ та – Гивийы хызыны, мæ номыл, дам, æй фæдар. Гиви йын куы загъта, зæгъгæ, йæ де ‘фсымæрæн  куы æлхæдтай, уæд ын уый  сдзуапп кодта, зæгъгæ, мын ныр ды дæр æфсымæры хуызæн дæ. Æз, дам, пæлæз дæр дæуæн æлхæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ, зæгъ, дзы, хъыгагæн, нал баййæфтам.

Гиви Мæскуыйæ райгондæй куы æрыздæхт, уæд мын лыстæггай радзырдта йæ балцы хабæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фенын мын кодта йæ абхазаг æфсымæры лæвар дæр. Цасдæр рæстæджы хæдоны йæ цæст скæнын дæр нæ уарзта, цалынмæ йын нæ бауайдзæф кодтон, зæгъын, кæдмæ йæ æвæрдæй дардзынæ, уæдмæ. 1992 азы 9-æм июны мæ дыууæ хъæбул æмæ мæ сыхæгтæй цалдæримæ Дзæуджыхъæумæ уæзласæн машинæйыл куы фæцæйцыдыстæм, уæд нæ Тъбеты схизæнмæ  ТЭК-æй комкоммæ фехста гуырдзиаг лæгмарты снайпер. Мæ чызг Ларисæйæн йæ уæраджы стæг асаст, нæмыджы схъис ыл кæй сæмбæлд, уый фæстиуæгæн, нæмыджы схъистæй фæцæф мæ иннæ хъæбул Батрадз дæр. Нæ фæстæ та рог машинæйыл цыд нæ сыхаг Джиоты Павел. Уый нæ ахæм уæззау уавæры куы ауыдта, уæд фæстæмæ раздæхт. Павелы ауынгæйæ, Гиви зæрдæйæ банкъардта, йæ бинонтæ æмæ йæ сыхæгтæ уæззау уа-вæры кæй бахаудысты, уый æмæ тыхджын æхстыты бын нæ фæстæ лидзын райдыдта Тъбеты ‘рдæм. Фæлæ та уый дæр фæцæф снайперы нæмыджы егъау схъисæй æмæ йæ сывæллæтты дохтыр Букуылты Герсик æрласта республикон рынчындонмæ. Нæмыджы схъис ныффидар йæ зæрдæмæ æввахс æмæ йе ‘нусон бæстæм дæр бацыд, уыцы нæмыджы схъисимæ. Гиви куы фæцæф, уæд йæ уæлæ уыд йæ абхазаг æфсымæры лæвар цыбырдысджын хæдон æмæ тугæй самæхст. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдоны нæмыджы схъис кæй ахызт, уый фæстиуæгæн хуынкъ дæр фæцис æмæ кæд уæлæ кæнынæн нал сбæззыд, уæддæр æй йæ цæст æппарын нæ уарзта цасдæр рæстæджы дæргъы, зынаргъ лæвары хуызæн ын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Гиви-иу арæх дзырдта, цыма, дам, афонмæ мæ абхазаг æфсымæры хæдон та цы баци? Хуыцау, дам, æй бахизæд фыдбылызæй, фæлæ, зæгъ, кæд, мыййаг, ууыл дæр мæ хæдоны бон акодта, æниу, зæгъ, йæ уд дзæбæх уæд, уый йедтæмæ та, дам, искуы фембæлдзыстæм æмæ, зæгъ, ын ныр та æз хъуамæ балхæнон исты лæвар. Фæлæ, хъыгагæн, йæ фæнд сæххæст кæнын йæ къухы нал бафтыд… Стыр æхсызгонæн йæ кæнгæ абхазаг æфсымæр дзæбæхæй аирвæзт   гуырдзиаг-абхазаг конфликты рæстæджы. Гиви-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, уæд, дам, æй цæмæй зыдтам искуы нæ гуырдзиæгтæ афтæ рауæлдай кæндзысты æмæ нæ афтæ фыдудæй мардзысты. Мæскуымæ журналистты æмбырдмæ куы цыдыстæм, уæд, зæгъ, нæ фæскомцæдисы централон комитеты афтæ куы фæдзæхстой, зæгъгæ, кæрæдзи уарзут, уæд сын уыцы уарзондзинад æвиппайды цы æрбаци? Уæд, дам, æй цæмæй зыдтон искуы мæ абхазаг æфсымæры зынаргъ лæвар тугæй сахуырсдзæн, уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ курдиатджын поэт Геннади Аламиа абхазаг æвзагыл нырма кæй сдзурын кодта Къостайы «Ирон фæндыр», æмæ уый фæстæ та ныффыста æмдзæвгæты чиныг «Ирон зарæг», зæгъгæ, (ацы чиныг тæлмацгонд æрцыд ирон æвзагмæ дæр).

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.