«Нафи литературæйы цымыдисаг у куыд поэт,

 фыссæг, ахуыргонд, публицист».

 Расул ГАМЗАТОВ

Мæ сабыр, уæздан æфсымæр, абон дæ райгуырæн бон у, æмæ дын куыд раарфæ кæнон, уый мын бацамон, мæ къухы æнгуылдзтæ æндзыг кæнынц, зонд та нæ кæсы мæ коммæ

Нафи ацыд ацы дунейæ, йæ уарзон адæмæй, йæ Ирыстонæй, хæхтæ æмæ дæттæй, цъæх уыгæрдæнтæ æмæ бурдидинæгджын фæзтæй. Куыд? Нал ын фехъусдзысты йæ нæргæ зард (йæ удæй фылдæр цы хъайтарон зарджытæ уарзта æмæ сæ зарыд, куыд тыхсты, афтæ цины рæстæджы дæр), уый мæ нæ уырны.

Алы уысм дæр мæм афтæ кæсы, цыма та къæсæрæй æрбахиздзысты мæ дыууæ рæсугъд, курдиатджын æмæ ныфсы æфсымæртæ. Нафи æмæ Хадже. Æмæ та …. сæ уæлмонц ирон зарæг. (Бамбардзысты мын мæ зæрдæйы рыст æмæ катай, ирон хотæй йæ æфсымæрты æгæрон уарзтæй чи уарзы æмæ, ном кæмæн сты, уыдон). Фæлæ ма иу ныфсдæттæг хъуыды сбукъ ис мæ зæрдæйы рæбын æмæ мæм дзуры нымдæй: «Поэттæ мæлгæ нæ кæнынц, сæ зæрдæтæ сæ раттæг адæмæн нывонд сты, æмæ уыцы зæрдæты урс хъарм нымæтыл бадынц æмæ сыгъзæрин «Уацамонгæ»-йæ Ирыстоны цæрæнбонæн кувынц».

Уымæн фыста стыр курдиатджын поэт Цæрукъаты Алыксандр: «Нафийы сфæлдыстады ирон туг, ирон стæг, ирондзинад, æппæт адæмтæм йæ уарзондзинад абухы денджызы уылæнау». Ацы ныхæстæ Алыксандрæн йæхи бирæкъабазджын сфæлдыстадмæ дæр хауынц. Нафи та зæгъы: «Рæстдзинад уыд мæ царды Бонвæрнон». Ацы дыууæ поэтæн сæ курдиаты зынг судздзæн æнустæм Ирыстоны зæххыл.

Уæдæ ма цы æнкъард хъуыдытæ тыхсын кодтой Нафийы æнæнцой зæрдæ, уыдонæн нæм бынат — йæ алывæрсыг сфæлдыстады. Йæ уац «Фæсныхас фæстаг чиныгæн»-ы фыссы: «Фæндыд мæ ахæм исты сфæлдисын, нæ ирон адæм буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыдаиккой. Ныр мæнæ мæ хурныгуылды размæ мæхицæй дæр нал æмбæхсын ме ‘гуыдзæгдзинад. Нæ сарæхстæн, цæмæ бæллыдтæн, ахæм исты саразынмæ. Гъе, æмæ курын нæ адæм æмæ Ирыстонæй: ныббарут мын ме ‘гуыдзæг, ме ‘нарæхст, мæ курдиат æмæ мæ хъуыды хæрзиуæг сфæлдисынхъом кæй нæ разындысты, уый.

Æндæр ницы азым хæссын мæхимæ. Мæхи дардтон мæ куыстæй. Ницы фæсайдтон нæ адæмы фæллойæ. Афтиддзыпп бæлццонау фæцардтæн. Фæкуыстон нæ фыдыуæзæгыл, æндæр ницы сарæзтон æвзæрæй — адæймаг нæ, фæлæ цæрæгойæн дæр. Фыдæнхъæл кæй фæци мæ куыстæй нæ адæм, уый тыххæй та дзы ноджыдæр курын ныббар мын ме ‘гуыдзæг, ме ‘нæнтыст æнувыд ирон Дзырдаивадыл».

Нафийы хъуыды фæлтæрд æмæ æнæсæттон альпинистты хъуыдымæ хæрзхæстæг лæууы. Альпинисттæ дæр бæрзонд хохы цъуппыл хъæбатыры зарæг куы ныццæлхъ кæнынц, уæд та сæ цæсты тигъæй ныхилын æмæ æвзидын райдайынц бæрзонддæр хохы сæрмæ.

Нафийæн цас бантыст ирон дзырдаивады быдыры, уый тыххæй ирон литературæ иртасджытæ, критиктæ æмæ сфæлдыстадон кусджытæ дзурдзысты æмæ фысдзысты бирæ азты.

Йæ прозаикон уацмыстæ «Фыдæлты туг», «Урс мит», «Уырызмæджы мæлæт», «Сырдоны цæссыгтæ» æмæ æндæртæ. Йæ драмæтæ «Поэты зæрдæ», «Кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт», «Азау æмæ Таймураз», «Бонвæрнон сæууон стъалы», йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы Поэтикон дуне, критикæ æмæ публицистикæйы фæллæйттæй Ирыстоны аивадон быдыры Нафи йæхицæн самадта дзæнхъа дуртæй бæрзонд мæсыг. Фидæнмæ уыцы мæсыджы алыварс Иры курдиатджын фæсивæдæй — Нафийы фæдонтæй — алчидæр амайдзæн йæхи мæсыг, æмæ сæ куырыхон хистæры зæрдæ сæ диссаджы хъуыдытæй райдзæн æмæ рухс кæндзæн, ирон дзырдтæн та уыдзæн уæлмонц цард тъымытъымамæ.

Де стыр æмæ алывæрсыг сфæлдыстадæн та, мæнмæ гæсгæ, аргъгонд æрцыд дæ удæгасæй, уымæн æвдисæн сты зонадон куыстытæ, критикон уацтæ æмæ номарæнтæ дæ ном æмæ куысты тыххæй (æдæппæт — 361 куысты). Йæ куыстæй та уал абоны онг æрæмбырд кодтой 50 томы, фæлæ дзы нырма бирæ æрмæг ис йæ архивы. Кусын, мæ бон цас у, уый бæрц. Иу бон университетæй æрцыдтæн хæдзармæ, æмæ мæм фæдзырдта, кæм хуыссыд, уыцы уатмæ. Бахызтæн йæ цурмæ, æмæ мын дзуры: «Мæнæ ацы гæххæттытæ дæ бар уæнт, æрæмбырд сæ кæн Хуссарæй-Цæгатмæ, кæд никæй хъæуой, уæд-иу сæ басудз». (Дыккаг бон ахицæн йæ зæххон цардæй).

Мæ цыбыр зонд не ‘рцахста ацы дзырдты мидис, æнхъæл нæ уыдтæн, мæ генион æфсымæр ацы дунейæ хицæн кæй кæны, æмæ мын, йæ зæрдæйы рæбын цы маст æмæ рис æмбæхст уыд, уый кæй æмбарын кæны.

Нæ, Нафи, дæ рыст æмæ рис ацы хъуыддаджы разындысты æнæбындур. Куы зонис æмæ уынис, æппæт дыууæ Ирыстоны адæм ме ‘нцой куыд æрбалæууыдысты æмæ мын куыд æххуыс кæнынц чи дзырдæй, чи хъуыддагæй (компьютерыл мыхуыр кæнынмæ). Æмбырд кæнæм дæ бирæ сфæлдыстадон фæллæйттæ цингæнгæ ахуыргæндтæ, фысджытæ, журналисттæ, рауагъдады кусджытæ æмæ ахуыргæнджытимæ. (Æнæнизæй бирæ цæрæнт се ‘ппæт дæр).

Сæ рауадзыны хъуыддаджы та мын ныфс æвæрынц дыууæ Иры паддзахады сæргълæуджытæ, патриоттæ Битарты Вячеслав æмæ Бибылты Анатоли. Сæ цæрæнбон — бирæ, æнæниз æмæ æнтыстджынæй кусæнт æмæ цæрæнт сæ хæстæджытимæ Нафийы æрцыдмæ ацы дунемæ.

Битарты Вячеслав Зелимханы фырт дын дæ удæгасæй ныфс бавæрдта. Фæлæ ацы æрмæгимæ зонгæ ничи уыд, архивы æвæрд уыд, æмæ йæ æрæджы ссардтон. Уый размæ дæ иу æмдзæвгæйы фыстай, цæмæй дæ нæ мад æмæ фыды цур бавæрæм. Уый мæн дæр фæндыд. Фæлæ фæндаг уырдæм уыд тынг æвзæр, стæй дард, æмæ фæсивæдæн тарстæн, исты сыл куы ‘рцæуа, уымæй. (Хуыцауæй фæдзæхст уæнт!).

Афтæ мæм кæсы, Нафи, цыма Хуссар Ирыстон-Аланийы Президент Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раст фæндон рахастой: сарæзтой ног, кадгæнæн уæлмæрд бæрзонд, рæсугъд нæзыты къохы горæтæн йæ рахизфарс, цæмæй дардмæ дæр зыной, фæлгæсой Ирыстонмæ уæлвæзæй æмæ сæ циныл цин кæной, сæ хъыгыл — хъыг. Уый та сæ уымæн бафæндыд, æмæ 2008 азы ацы уæлвæзы æртæ боны дæргъы лæууыд цыдæр уæларвон тых Лæджы агъуды, йæ къухтæ фæйнæрдæм тыгъдæй, цыма, дам, Ирыстоны хъахъхъæдта (бирæ адæм, дам, æй федтой). Куыддæр, дам, Уырысы æфсад фыццаг æхст фæкодтой, афтæ аныгуылд. Ныр уым уыдзæн аргъуан, æмæ адæм Хуыцауы номимæ Нафийы ном дæр ардзысты. Бантысæд сын сæхи удты фæндиаг.

Де ‘вæрæн бон, Нафи, хъыг кодта æнæхъæн Кавказ æмæ Уæрæсе. Ирыстоны фæсивæд та дын дæ табæт фæхастой 4 километры сæ къухтыл. Уыд тынг тæвд бон, æмæ фæсивæдæн дзырдтой, цæмæй табæт машинæйы сæвæрой, фæлæ та-иу райхъуыст сæ ныфсджын хъæлæс: «Къухтыл», «Къухтыл». Уæлмæрдмæ фæндагæн йæ дыууæ фарсы дæр уыдысты дæ уарзон адæмæй æхгæд, хъуыст сæ зæрдæскъуыйæн хъарæг æмæ куыд. Ахæм кадджын уавæры ма Ирыстоны зæххыл æвæрд æрцыд Къоста. Дзæнæты бадæнт сæ дыууæ дæр æмæ Барастыры раз Дзæнæты фæзы тæрхон кæнæнт сæ уарзон адæм æмæ Ирыстоны хъысмæтыл.

Джусойты Клавдия

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.