Ирыстоны хуссар хайыл хæсты арт куы сирвæзтис, æмæ йын йæ хъахъхъæнджыты цард иугай куы хаста, раст уыцы рæстæджы та мæхъæл бабырстой Цæгат Ирыстонмæ æмæ пиллон арт суагътой Горæтгæрон районы хъæутыл – Черменыл, Южный, Карцайыл. Фæцис сын сæ сырдон монцтæ райхъал кæныны фадат. Уый уыдис 1992 азы 30-æм октябры.

Фæдисы хъæр æрыхъуыст Хуссар Ирмæ æмæ айхъуыст хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ æмæ бацавтой зæрдæйы иууыл уæззаудæр æмæ риссагдæр æнкъарæнтæ. Уым, хохæн фале, не ‘фсымæртæ æмæ нæ хотæ знаджы бархъомысæй бахаудтой уæззау уавæры. Ацы уæззау уац байхъуыстис Къуайсамæ дæр… «Цæуын хъæуы æххуысмæ» – ахæм хъуыды сæвзæрд бирæ лæппутæм æмæ æвæстиатæй фæраст сты тохмæ…

Тедеты Владимир

Цалынмæ хуссайраг лæппутæ цæгатмæ хæццæ кодтой, уæдмæ мæхъæлон дыкъахыг сырдты къухтæм бахауд поселок Южный. Къуайсайаг фæсивæд Хуссар Ирæй хæстон къордимæ знаджы позицитæ тагъд-тагъд ацахуыр кæнгæйæ, абырстой поселок Южный фæстæмæ байсынмæ. Уæззау хæстон техникæимæ, сæрæй къæхты бынтæ хотыхджын чи уыдысты, уыцы мæхъæлон æрдонгтимæ бацыдысты хъазуатон тохы. Поселок бæргæ ссæрибар кодтой, фæлæ знаг мæнгард у. Иу цалдæрæй ма дзы кæмдæр гранатометтимæ æрæмбæхстысты æмæ Тедеты Владимиры къорд афтæ куы загъта, знаг тард æмæ дæрæн æрцыд, уæд райхъуыст æхст. Æфсæн машинæйыл гранаты цæфтæ æмæ срæмыгъдтытæ зæрдæ нынкъуысын кодтой. Ссыгъдис, ныппырх, Тедеты Владимир, йæ сыхаг Хуыгаты Вадим æмæ ноджыдæр цалдæрæй цы хæстон машинæйы бадтысты, уый.

Хъысмæты цалх зыгъуыммæ разылд Тедеты Владимирыл, йæ цард нывондæн æрхаста Ирыстонæн æмæ ирон адæмы хæдбардзинады сæрыл. Йæ цард стъалыйæ рахаугæ къæрттау уыдис ирд æмæ цæхæркалгæйæ ахуыссыд. О, ахуыссыд, фæлæ уæдмæ йæ цард фæкодта æцæг ирон лæджы цардæй æмæ бабын æцæг хъайтарæй. Райгуырдис 1955 азы Къуайсайы. Каст фæцис астæуккаг скъола. Уый фæстæ Советон Æфсады рæнхъыты баслужбæ кодта æмæ æрыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн уæзæгмæ. Бирæ рæстæджы намысджынæй фæкуыста Къуайсайы æрзæткъахæны. Куыста æндæр рæтты дæр.

Кæугæ, дзыназгæйæ ныууагъта йæ ныййарæг мады, йе ‘мкъайы, йæ хиуæтты, йæ фырт Робикы. Æмæ канд уыдон нæ, Владимиры æнафоны фæзианыл куыдтой Ирыстонæн йæ цæгаты æмæ хуссар хайы адæм дæр. Хъайтартæ нæ амæлынц, сæ ном уæлæуыл цæргæйæ баззайы. Цæргæйæ ирон адæмы зæрдæйы баззайдзæн Тедеты зынгхуыст хъайтары ном дæр.

Уадз, мады хъæбысау ын адджын уæд, афтæ бирæ цы райгуырæн зæхх уарзта æмæ йæ цард нывондæн кæй сæрыл æрхаста, уыцы зæхх.

Хуыгаты Вадим

Цæгат Ирыстоны мæхъæлы ныхмæ тохы фæмард Дзауы районы Часавалы  хъæуккаг Хуыгаты Пухийы фырт Вадим. Цы дзы ра-дзурай, уый дæр нæй. Уымæн æмæ йæ райгуырд уыд райсомы хурскастау æмæ изæры аныгуылдау. Ссæдзаздзыд лæппуйы адæм зонгæ дæр нæма бакодтой, нæдæр йæхæдæг базыдта рæстмæ искæй. Зыдта фидарæй æрмæстдæр иу хъуыддаг – райгуырæн бæстæ мадау адджын кæй у æмæ куы бахъæуа, уæд æй хъуамæ бахъахъхъæнай. Скъолайы йын æй йæ ахуыргæнджытæ амыдтаиккой. Скъолайы дæр кууыннæ, фæлæ йæ сæйраг ахуыргæнджытæ фыдыфыд æмæ уый дыууæ æфсымæры уыдысты. Æртæ æфсымæры дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ фæцыдысты æмæ дзы иу дæр нал æрыздæхтис фæстæмæ. Сæ сæртæ радтой райгуырæн бæстæйы сæр-вæлтау.

Чи ма йын æй бацамыдта?

Йæ фыды мады æфсымæр Остъаты Уарден. Иунæг уыд. Хæцыд немыцаг фашистты ныхмæ, фæмард тохы быдыры. Вадимæн ма йæ ахуыргæнджытæ уыдысты, гуырдзиаг тугцъирты судзгæ нæмгуытæй уыцы аз Остъатæй мæрдтæм цы дыууæ æфсымæры бацыдысты, уыдон – йе ‘ввахс хиуæттæ уыдысты.

Вадимæн ма цæвиттон уыдысты, нæ горæты 5-æм скъолайы кæрты цы сагсур фæсивæд æнцойад кæнынц, уыдон. Иунæг хатт федта æрмæстдæр уыцы уæлмæрды æмæ йæ зæрдæйы тугтæ ныттагъдысты. Ныр йæхæдæг дæр сæууон стъалыйау æрхауд æмæ ахуыссыд. Йæ размæ амард йæ фыд. Æмæ йæ æнæмæнг æрфарстаид, куыд тагъд æм æрхæццæ ис, уымæй. Æмæ йын уæд Вадим радзырдтаид, ныр та Цæгат Ирыстоны зæххыл кæй ссыгъд хæсты арт æмæ кæй бабын ис Карцайы ссæрибар кæныны тохты.

Хуыгаты Вадим райгуырд 3 ноябры æмæ мæлгæ та акодта 1-æм ноябры…

Вадимæн æрмæстдæр æртæ мæйы бантыстис, йæ цард кæимæ баиу  кодта, уыцы чызгимæ рацæрын…

Уадз, æмæ йын Ирыстоны зæхх пакъуыйау фæлмæн уæд, сæрд ын сатæг куыд уа, зымæг – æхцон хъарм…

  Хъоцыты Дауыт

1992 азы 24 октябры йыл сæххæст 24 азы. Йе ‘мгæрттæ, йе ‘ввахс хиуæттæ йын бæргæ раарфæ кодтой йæ дарддæры æнтыстыты тыххæй, фæлæ, æвæццæгæн, хъысмæты нæ бафæндыд уыцы арфæ царды рауадзын æмæ цалдæр къуырийы фæстæ ахицæн йæ цардæй…

Ирон хæствæллад адæммæ та ногæй куы æрхауд тохы фæндагыл рацæуын, ныр та цæгаттаг æфсымæртæм куы хъуыдис фæдисы фæцæуын, уæд Хъоцыты Дауыт дæр фæстæ нæ фæлæууыд æмæ уайтагъд ныхæццæ Цæгат Ирмæ æмæ поселок Южный сæрыл тохты мæлæтдзаг цæф фæцис.

Дауыт райгуырд 1968 азы Дзауы, астæуккаг ахуырад дæр райста уым намысджынæй  баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Æрыздæхт æмæ слæууыд Ирыстоны хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Йæ ныййарджытæ Хъоцыты Зауыр æмæ Соня уыцы фæззæджы кæрон дардыл чындзæхсæв хъуамæ скодтаиккой сæ иунæг хъæбулæн, фæлæ…

Тадтаты Леник

Зæрдæ, дам, æй развæлгъау фæхаты, фыдбылыз адæймагмæ куы æрæввахс вæййы, уæд. Тедеты Леник дæр, цыма хатгæ кодта, йæ адзал кæй æввахс кодта, уый.  Æмæ ныффæдзæхста йæ æввахс хиуæтты, цæмæй 7 ноябры æрбамбырд уой иумæ æмæ кæрæдзиимæ адджынæй абадой, фæныхас кæной. Æрбамбырд сты 7 ноябры, фæлæ уыцы бон сæркъулæй æрлæууыдысты йæ табæты уæлхъус… Æцæгæйдæр, чи зоны йе ‘намонд зыдта развæлгъау.

Леник райгуырд 1971 азы Дидмухайы хъæуы. Астæуккаг скъола бакаст Мугуты хъæуы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы хæххон-металуригон техникумы. Баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Фæстæмæ куы æрыз-дæхт, уæд йæ райгуырæн Ирыстоны æрæййæфта æфхæрд æмæ хæствæл-ладæй. Йæ адæмы рис фенцондæр кæнын, йæ зындзинæдтæ йын фæрогдæр кæныны сæраппонд Леник кусынмæ бацыд милицимæ.

1992 азы 2 ноябрь… Леня дæр Хуссар Ирыстоны бирæ лæппутау сфæнд кодта фæдисы фæцæуын. О, фæлæ уый уыд йæ фæстаг фæндаг. Тадтаты Чермен æмæ Мерийы иунæг фырт Леник 21-аздзыдæй йæ цард æрхаста Ирыстоны сæрвæлтау…

Джиоты Эльбрус

3-æм ноябры уæззау хабар æрыхъуыст Хуссар Ирыстонмæ. Нал ис Джиоты Эльбрус. 1992 азы 3-æм ноябры Цæгат Ирыстоны Карцайы хъæу сæрибар кæныны рæстæджы йæ зæрдæйыл сæмбæлд знаджы нæмыг…

Джиоты Хазбийы фырт Эльбрус райгуырд 1963 азы 25 майы Цхинвалы. Ахуыр кодта нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы. Скъола каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Харьковы æфсæнвæн-даджы транспорты техникумы. 1986 азы кусын райдыдта Палтавæйы æфсæнвæн-даджы станцæйы радгæсы æххуысгæ-нæгæй. Фæлæ йæ зæрдæ тырныдта йæ райгуырæн уæзæгмæ æмæ æрыздæхт Цхинвалмæ.

Эльбрус фыды ‘рдыгæй раджы фæси-дзæр æмæ царды зындзинæдтæ æруæз кодтой æвзонг лæппуйы уæсхчытыл. Æвæц-цæгæн, уымæ гæсгæ æнкъардта стыр бæрндзинад йæ мад æмæ йæ кæстæр æфсымæрты раз.

Джиоты Эльбрус йе ‘фсымæртæ Хъазбег æмæ Хохимæ архайдта Гуырдзыстоны нын цы хæст расидтис, уым йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ.

1992 азы январы Эльбрус йæ цард баиу кодта уырыссаг чызг Орлова Наташæимæ. Фæлæ сын иумæ рацæрын бирæ нæ бантыст, Цæгат Ирыстоны мæхъæлон тыхæйисджыты ныхмæ тохы фескъуыд йæ цард…

Æрмæг бацæттæ кодта

 БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.