Донхæры доны ахадындзинад æгæрон у хъæууонхæдзарадон культурæтæй хъæздыг тыллæг райсынæн. Уыцы хъуыддаг зæрдыл даргæйæ, Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы хистæр Хуыгаты Вадим хорз хъусдард здахы дон-хæры къанаутæ æмбæлон уагмæ æркæнынмæ. Хатт уыдон бахауынц мæгуырау уавæрты æмæ уæд бахъæуы коллективы  цухдзинæдтæ аиуварс кæнын.

Ахæм æнæнхъæлæджы уавæры бахауд, Уелитмæ цы  доны къанау цæуы, уый  Мæскуыйаг микрорайоны сæрмæ. Ацы ран ис, афтæхуыйнæг дыууæ шахтæйы, уыдонæй кæцыдæр бахъыгдард æмæ къанауы дон ацæуын нал уагъта. Уымæ гæсгæ цалдæр боны доны хъуагдзинадæй фæцух сты Цхинвал æмæ Знауыры районты хисæрмагонд цæрджытæ  æмæ фермерон хæдзарадтæ. Уавæр æрбæстон кæныны тыххæй «Мелиораци»-йы коллектив æвæстиатæй æрæвнæлдта куыстытæ æххæст кæнынмæ. Уавæр базоныны тыххæй дон ахицæн кодтой Чъехы хъæуы æмæ цыд комкоммæ Леуахимæ. Уый фæстæ сæнцъырдтой, фыццаг шахтæйы цы дон уыд, уый, фæлæ дзы ницы разынд, стæй та æрæвнæлдтой дыккаг асыгъдæг кæнынмæ. Ацы ран стыр куыст бакодтой «Мелиораци»-йы кусджытæ æмæ æнтысгæйæ сæххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Кæд-иу ахæм аварион куыстытæ аиуварс кæныны тыххæй раздæр азты æрбахуыдтой Тбилисæй сæрмагонд бригадæ, уæд ныр та хъæппæрисон разындысты бынæттон куыстуаты кусджытæ сæхæдæг. Хъаруджын æмæ хъæппæрисон куысты фæрцы цалдæр боны фæстæ донхæры дон ацыд йæ раздæры фæндагыл.

                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.