Нæ зæрдæйы цы маст, цы хъыг фæдарæм, уымæн хорзæй ницы фæстиуджытæ вæййы, уымæй дарддæр ма нын нæ организмы мидæгæй халы, хъæстæ кæны, æппæрццагæй йыл кæй æндавы, уый тыххæй. Иуæй-иу хатт чидæртæ сæ разы сæвæрынц ахæм нысан, цæмæй фæхъыг кæной сæхимæ адæймаджы æмæ уымæй спайдагæнгæйæ, æнтыстдзинадмæ схизой, цæмæ тырныдтой, уый сæ къухты бафта. Алчи дæр æй зоны, маст хæссын хорзмæ кæй никуы æркæны, уымæй уæлдай ма йæ фæстæ расайы æппæрццаг, негативон фæстиуджытæ дæр.

Масты сконд

Маст æмæ йе ‘ввахс «хæстæг» – хæрамдзинад. Афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, исчи дæ куы смæсты кæна, уæд уый нысан кæны, æмæ ахæм миниуæг дæхимæ дæр кæй ис. Фæлæ уый алы хатт раст хъуыды нæу. Адæймагмæ гæнæн ис алцы дæр фæкæса хъыг: æнæрхъуыды дзырдæй, адæймаджы æнæуаг ахастæй райдайгæйæ, суанг серьезон сайд æхцаты мидæг, куысты æмæ хисæрмагонд царды онг.

Хъыг кæнынмæ куыд фидар ахаст æвдисæм, цахæм æнкъарынад нæм ис, уый бирæбæрцæй баст у адæймагæн йæ азтимæ æмæ нæхимæ цас æввахс исæм уыцы хъыг, уыимæ. Сæхицæй ныфс кæй ис æмæ фидар чи сты, уыдоны зын у фæхъыг кæнын, уæлдайдæр – чысыл истæуыл. Фæлæ лæмæгъдæр æмæ æнæныфсхастдæр чи сты, уыдоныл та хъыг тынг бандавы, ома, гæнæн ис æмæ сæ чысыл, æнæрхъуыдыйæ исты ныхас зæгъгæйæ дæр фæхъыг кæнæм æмæ йæ сæ зæрдæмæ арф айсой. Тынг æнæрцæф æмæ хъыггæнаг вæййынц сылгоймæгтæ, гормоналон фон куы ивы, уæд, афтæ ма æнахъом сывæллæттæ дæр, кæцытæн сæ аххосаг дæр у уый – гормоналон фон.

 

Цæй аххосаджы тыххæй фæзыны хъыг?

Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ хъыг фæзыны уæд, кæд æмæ нæхæдæг адæймагæй цы æнхъæл уыдыстæм йæ ахастæй, уый нын æцæг бæлвырдæй нæ разындис, фæлæ æндæргъуызон – фыдæнхъæл фестæм. Адæймаг йæхи æндæргъуызон æвдыста æдтæмæ, мидæгæй та, йæ уды, йæ зæрдæйы уыдысты æндæр хъуыдытæ.

Зæгъæм, нырыккон дуджы, нырыккон дунейыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд зæгъæн ис, æмæ нын, комкоммæ зæгъгæйæ, тыхæй бæттынц идеалон царды ахастытæ: нывæфтыд киноты, сериалты æмæ социалон хызæгты та – уæлдайдæр. Кинойы идеалон кадртæ нын сæвзæрын кæнынц нæ зæрдæты æмæ удты мидæг хæлæгдзинад æмæ уыдонмæ кæсгæйæ, нæ сæрымагъзы смидæг вæййынц маст æмæ хъыг не ‘мгæрттæм, нæ бинонтæм, не ‘ввахс адæммæ: «Махæн ахæм хорз ахастытæ нæй, куыд æмбæлы, афтæ».

Киноты, социалон хызæгты идеалон кæнынц алцы дæр, адæймагон ахастытæ дæр. Æмæ разынынц бирæ ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ зæрдæмæ арф айсынц уыцы нывтæ киноты, уыцы адджын ахастытæ æмæ сæ фæнды, цæмæй сæ царды дæр афтæ уа. Ахæм ахаст сæм дарой, афтæ сыл узæлой æмæ сæ «сæ къухтыл хæссой».

Фæлæ бамбарын хъæуы иу хъуыддаг: уыцы хабæрттæ цæуынц æрмæстдæр те-левизоры, киноты, интернеты. Уыцы нывтæн абарæн нæй æцæг цардимæ. О, кæй зæгъын æй хъæуы, киноты цы æвæрц-цаг миниуджытæ æмæ персонажтæ вæййынц, уыдон царды мидæг дæр сæмбæлынц адæймагыл. Фæлæ уым алцы дæр куыд идеалон æмæ рæсугъд вæййы, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, цардимæ абарæн нæ вæййы. Цард дæр уымæн у адджындæр, æмæ алыгъуызон кæй у. Алцæмæн дæр дзы ис бынат: мастæн, хъыгæн, катайæн, уарзондзинадæн, æмгардзинадæн, хæлæф-дзинадæн, хæлардзинадæн æмæ бирæ æндæр миниуджытæн. Цымыдисон дæр уый тыххæй у цард.

Раздæры рæстæджы нын кæд æмбарын кодтой, зæгъгæ, фыццаджыдæр, хъуыды кæнын хъæуы, дæ алыварс чи ис, уыдоныл: дæ бинонтыл, де ‘ввахс адæймæгтыл, де ‘мгæрттыл, куысты коллективыл, уæд ныр та æндæр дуг æркодта æмæ ныртæккæ уыцы моделы хъуыдыкæнынад дæр фæивта. Ныр та æмбарын кæнынц, зæгъгæ, æрмæстдæр хъуамæ хъуыды кæнай дæхиуыл. Уый та у эгоизм. Дæхицæн араз, дæхицæн цæр – ныр та уый у нырыккон дуджы лозунг. Алчи дæр – йæхицæн.

Адæймаджы психикæ афтæ конд у, æмæ бар нæ дæттæм æмæ нæ барæм, исчи куы фæрæдийы кæнæ йæ къах куы скъуыры, уæд. Йæ кой фæкæнæм, фефхæрæм æй. Адæймагæн йе сконд афтæ у. Уыцы æнкъарæнтæй та стæй райрæзынц маст æмæ хъыг, нæ алыварс чи ис, уыдонмæ.

Куыд фæтых уæм мастыл?

Баивут уæ хъыгтæ æмæ мæстытæ æндæр эмоцитыл. Арæхдæр цæут æрдзы хъæбысмæ, æмбæлут, уæ зæрдæмæ уын æввахсдæр чи сты, уыцы адæм æмæ цæрæгойтимæ, уæхи ирхæфсут, цæут театрмæ æмæ равдыстытæм. Психологтæ куыд нымайынц, уымæ гæсгæ уал нырма хорз банкъарут уæ хъыг, ахъуыды йыл кæнут, райсут уæхимæ уыцы æнкъарæны бæрндзинад. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут уæ архайдтытæ: физикон æмæ пси-хологон. Уæхимидæг æрзилдух кæнут уыцы æнкъарæнты æмæ сæ ахæм ныллæг æмвæзады онг æркæнут, цæмæй уæм бынтон ницæйаг фæкæсой.

Уæ бон у æмæ уæ хъыгтæ гæххæттыл дæр ныффыссат уæхицæн æмæ сæ стæй басудзат. Психологтæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ ахæм архайд бирæ фенцондæр кæны æмæ фæкъаддæр кæны масты æмвæзад. Чизоны уын æй нæ фæкъаддæр кæна, фæлæ уын чысыл уæддæр фенцондæр уыдзæнис æмæ уæ зæрдæйæн афтæ зын нал уыдзæнис, цæмæй ахæм маст æмæ хъыджы уаргъ мауал хæссат уе ‘ккой.

Ма раст кæнут æмæ ма тæрхон кæнут, чи уæ фæхъыг кодта æмæ уын уæ зæрдæ мастæй чи байдзаг кодта, уый, фæлæ йын ныххатыр кæнут, цы гæнæн ис, уымæй. Ауадзут, ссæрибар кæнут уæ зонд уыцы уæззау æнкъарæнæй. Уый æнцон зæгъæн у афтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, практикон æгъдауæй та – зын у йæ саразын. Уый баст у, адæймаг уæ куыд æмæ цы хуызы фæхъыг кодта, уыимæ. Сбарут ын йе ‘ппæрццаг æмæ йе ‘вæрццаг ахастытæ æмæ æрцæут иумæйаг хатдзæгмæ: ныббарат ын æви нæ, уый уæхиуыл баст у. Чизоны уын ахæм маст скодта адæймаг, æмæ йын ныббаринаг нæу. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ чысыл мастæн дæр ныббарæн вæййы.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.