Хъæууон лæгæн йæ цард фосдардæй у, уымæ гæсгæ сæ бинонты уæнгты æнæниздзинадыл куыд аудынц, фосыл дæр афтæ. Хъыгагæн, ис ахæм низтæ, кæцытæн хос кæнын  сæ бон нæма у ветеринарон службæтæн.

Африкæйаг емынæ нæ республикæйы уыд ивгъуыд азты. 2010 азы кæрон ацы низы эпидеми скуынæг кодта нæ республи-кæйы бирæ хуытæ. Уæд афри-кæйаг емынæйæ кæй хуытæ ныццагъды сты, уыцы цæрджытæн сæ ныхмæ радтой фыстæ. Ивгъуыд аз та хуытæ мæлын райдыдтой Дзауы районы Тъонтъобет, Чъимас, Рукъ, Хуымысæрты – æдæппæтæй 10 хъæуы фæзынд низ. Районы ветеринарон службæтæ проблемæ лæмбынæгдæр рафæлгъауыны тыххæй анализ арвыстой Уæрæсемæ. Уырдыгæй цы бæрæггæнæнтæ æрцыд, уыдонмæ гæсгæ хъæууон фос цагъды кодтой, бæлвырдæй, африкæйаг емынæйæ. Хъыгагæн, хъæуты цæрджытæ сæ хуыты мæрдтæ калдтой донбылты æмæ æндæр æргом рæтты. Афтæмæй та африкæйаг емынæйæ мард фос хъæуы судзын, кæнæ та ныгæнын.

Уæд Дзауы районы админисрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимиры хъæппæрисæй цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ, цæмæй низ дарддæр ма апарахат уа, уый нысанæн фæзылдысты фосы мæрдтыл æмæ сæ иу  уæрмы арф баныгæдтой. Специалистты ныхæстæм гæсгæ ацы низæй уæд æрмæст Дзауы районы скуынæг 800 хуымæ æввахс.

Кæд фосы бирæ тæссаг низты ныхмæ ветеринарон службæты фæрцы вакцинæ саразынц зæгъæм, сыбыраг хъæдгом, фадниз, æрраниз æмæ афтæ дарддæр, уæддæр африкæйаг емынæйы ныхмæ абон нæй вакцинæ. Уымæ гæсгæ исын хъæуы æмбæлон мадзæлттæ, цæмæй, гæнæнуæвгæйæ, фос бахизæм ацы тæссаг низæй.

Ветеринарон лабораторийы сæргълæууæг Цоциты Гаяне куыд зæгъы, афтæмæй та ацы бонты низ фæзынд Знауыры районы Чъимасы, Малдайы æмæ Бехъмары хъæуты. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уым ныридæгæн амард 6 хуыйы.  Мард хуытæй систой анализтæ, арвыстой сæ Уæрæсемæ. Хъыгагæн, нæхи лабораторийы нæй реактивтæ, цæмæй ацы анализ саразой. Æниу, ныр дæр йæ миниуджытæм гæсгæ бæрæг у, хуытæ африкæйаг емынæйæ кæй мæлынц.

Цоциты Гаяне æрсидт, хуытæ чи дарынц, республикæйы районты уыцы цæрджытæм, цæ-мæй сæ хуыты ма уадзой æддæмæ, уой æхгæд бынаты. Цы хуытæ амæлынц, уыдоны нæ хъæуы брондон æмæ доны æппарын, хъæуы сæ басудзын, кæнæ та арф уæрмы ныгæнын. Адæймаджы æнæниздзинадæн тæс-саг кæй у ахæм фыдызгъæл хæрын, уый та хъуамæ зона алчидæр.

 УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.