Нæ республикæйы Дзау æмæ Цхинвалы районты фæзынд хуыты низ – африкæйаг емынæ. Бонæй-бон фылдæр кæны, ацы низæй чи амæлынц, уыцы хуыты нымæц. Дзауы районы ветеринарон службæйы специалисттæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй абоны бонмæ уыдонæн сæ нымæц схызт дыууæсæдæйы бæрцмæ. Уымæ гæсгæ уыдон сидынц, хуытæ чи дары, уыцы цæрджытæм, цæмæйдæриддæр æххæст кæной специалистты амындтытæ.

Дзауы районы администрацийы хъæууон хæдзарады управленийы гæс Тедеты Валентин нын куыд фæхабар кодта, уымæ гæсгæ къуырийы мидæг районы дæрдтаг хъæутæ – Синагур, Църу æмæ Чъимасы африкæйаг емынæйæ амардысты хуытæ. Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрады кусджытæ мард хуыты биоæрмæджытæ арвыстой Крапоткинæйы ветлабораторимæ, цæмæй ма дызæрдыг кодтаиккой низыл. Уæрæсейаг специалисттæ сфидар кодтой хуытæ, æцæгдæр, африкæйаг емынæйæ кæй амардысты, уый.

«Адæмæн та радон хатт ацы низ разиан кодта, сæ фыдæбон æнæхъуаджы фæцис. 2-æм августмæ Синагуры хъæуы амардис 130 хуыйы, Чъимасы – 43 æмæ Църуйы та – 7, ис дзы рынчынтæ дæр», – зæгъы Тедейы фырт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй районы хъæууон хæдзарады управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цалынмæ низ нæ фæзынд, уæдмæ Синагуры хуыты нымæц хызтис дыууæсæдæйы бæрцмæ. Чъимасы хъæуы та нымадæуыд 80 хуыйы бæрц.

Цхинвалы районы ветеринарон управленийы гæс Дудайты Леонид та куыд зæгъы, уымæ гæсгæ сæ районы, Стыркомы хъæуы дæр, амардис 20 хуыйы бæрц. Цæмæй иннæтæ дæр æнæфтиаг ма фæуыдаиккой æмæ ма сæ исты спайда кодтаиккой, уый тыххæй сæ, ветеринарты амындмæ гæсгæ, рагацау аргæвстой. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, районы æндæр хъæуты нырма нæ рабæрæг африкæйаг емынæ.

Районты ветеринартæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады специалистты ‘рдыгæй мадзæлттæ ист цæуы, цæмæй ма апырх уа ацы тæссаг низ. Бынаты къахт æрцæуынц арф уæрмытæ, дезинфекцигонд æрцæуынц æмæ дзы мард хуыты баныгæнынц. Хуытæ кæм фæрынчын сты, уыцы хъæутæм бацæуæнты сæвæрдтой дезинфекцигæнæн барьертæ дæр. Специалисттæ бар нæ дæттынц, цæмæй ацы хъæутæй æнæ ветеринарон документтæй æдтæмæ ласой удæгас хуытæ æмæ фыдызгъæл.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.