РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бахæс кодта Хицауады Сæрдарæн, цæмæй бакусой Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстонæн цы 25 мегаватты газотурбинон генератор рахицæн кодта, уый республикæмæ фæхæццæ кæнын æмæ сæвæрыны фарстыл.
Генератор æнæмæнгхъæуæг у Хуссар Ирыстонæн уæлвæткон уавæрты рæстæджы, куыд электроэнергийы альтернативон гуырæн, афтæ.
Пухаты Эрик Президентæн фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл РХИ-йы Хицауад æмгуыстад кæны Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадимæ.
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.