Афтæ нæу, æмæ мах алкæйдæр хъæуæм, фæлæ мах ничи хъæуы, – дзырдта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Парламенты депутаттæ æмæ Хицауады уæнгтимæ фембæлды рæстæджы. Фембæлды нысан уыд Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Сербаг Республикæмæ Президенты æрæджыйы официалон балцы фæстиуджытимæ базонгæ уæвын.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ ахæм балцытæ сты æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиаг, ахъаз сты æндæр адæмты нæ бæстæ æмæ йæ историимæ базонгæ кæнынæн.

«Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæтæ бирæ хъуыддæгты сты æмхуызон. Ацы бæстæйæн ис æппæт гæнæнтæ дæр, цæмæй динамикон æгъдауæй рæза, Евроцæдис æмæ йын дунеон æмæхсæнад йæ разы бæрæг цæлхдуртæ куынæ æвæрииккой, уæд», – загъта Президент.

Сербаг республикæимæ цы бадзырдтыл æрфыстæуыд къухтæ, уыдон фæдыл дæр лæмбынæг информаци сарæзта Бибылты Анатоли.

«Уыдон сты Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæимæ æмархайд кæныны æмæ æхсæнпартион ахастытыты фæдыл сразыдзинæдтæ. Уым партийы сæргъ лæууы президент Милорад Додик, закъон сын уыцы бар дæтты», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æмархайд æмæ æмгуыстады фæндон ис ацы бæстæмæ Хуссар Ирыстонимæ. Бибылты Анатоли Милорад Додикы фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны 10 азы бæрæгбонмæ.

Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй Сербаг Республикæйы боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй райста æмæ йæ дыууæ хатты Милорад Додик официалонæй кæй райста, уый дзурæг у нæ бæстæйы æмæ йæ къухдариуæгадæн стыр кад æмæ йæм серьезон ахастыл.

Ацы балкъайнаг бæстæмæ балцы фæдыл сæ æнæразыдзинад равдыстой Гуырдзыстон. Гуырдзыстоны минæвар Босни æмæ Герцоговинæйы Иракли Коплатадзе æмæ Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад протесты нотæ арвыстой Сербаг Республикæмæ.

«Тбилис  нæ алы балцыты фæдыл стыр æнæразыдзинад æвдисы – раздæр-иу сыл тыхстыстæм, уый фæстæ сæм хъусдард здæхтам, ныр та сæм æппындæр нал здахæм нæ хъусдард. Кæд æмæ уырдыгæй негативон реакци ис, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мах стæм раст фæндагыл», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Дарддæр Бибылты Анатоли куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ацы бæстæимæ æмгуыстад æмæ æмархайд кæндзыстæм культурæйы, ахуырады, медицинæйы æмæ æндæр фадгуыты. Банысан кодта, зæгъгæ, ацы бæстæимæ цы сразыдзинадыл æрфыстæуыд къухтæ, уый æввахс рæстæджы æрвыст æрцæудзæн парламентмæ ратификаци кæ-нынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сербийы бæстæйы къухдариуæгады фарсæрдыгæй Хуссар Ирыстонмæ ис хæлар, иузæрдион ахаст æмæ цæт-тæдзинад алыварсон æмгуыстад райрæзын кæнынмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Науруйы президенты фæхуындмæ гæсгæ нæ бæстæйы æддагон ведомствойы сæргълæууæг хайад райсдзæн ацы бæстæйы хæдбардзинад нысан кæныны бæрæгбонон мадзæлтты. Зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы Мæскуымæ балцы рæстæджы Науруйы президентимæ фембæлды дæр нысан кæй æрцыд, Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстад æмæ райрæзты фæнд кæй нæ фæивдзæн, уый. Уымæй дарддæр Науру цæттæ у нæ Республикæйы интерестæ ИНО-йы æмæ цы æндæр дунеон организациты ис, уыцы фæзуатты размæ кæнын. Уымæн, зæгъгæ, аргъ кæнын хъæуы.

Бибылты Анатоли ма Сербаг Республикæмæ йæ официалон балцы рæстæджы венок сæвæрдта ИНО-йы уæрæсейаг æххæстбарджын минæвар, дзæнæт-таг Витали Чуркины цыртыл. Уый ИНО-йы фæзуатыл æрмæст Уæрæсейы Федерацийы интерестæ нæ хъахъхъæдта, фæлæ Хуссар Ирыстоны интерестæ дæр.

Витали Чуркинæн цырт æвæрд ис Скæсæн Сараевойы. Уый у, Чуркин Югославийы æфсæддон архæйдтытæ æруромынæн цы хъарутæ бахардз кодта, уый, æмæ йæ фидар позицийæн бузныджы нысанæн.

Донецкы Адæмон Республикæмæ балцы фæстиуджытыл дзургæйæ Бибылты Анатоли банысан кодта, кæй нын ис дипломатон ахастытæ, ис нын æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтæ къорд министрадтæ æмæ уагдæттимæ. Дард-дæр дæр ацы куыст цæудзæн.

Украинæйы фарсæрдыгæй ис æнæразыйы нысæнттæ, фæлæ нæ, зæгъгæ, уый нæ къуылымпы кæны ацы дыууæ бæстæ – Донецк æмæ Луганскимæ нæ ахастытæ ноджы арфдæр æмæ мидисджындæр кæнынæн. Ацы позицийыл хæст стæм æмæ йыл дарддæр дæр хъуамæ цæуæм.

Куыд зонæм, афтæмæй бæстæйы къухдариуæгад Донецкмæ аласта нæ дзидзагуыстгæнæн комбинат «Растдон»-ы продукци. Уыцы продукци, минералон дæттæ хъуамæ реализаци цæуой Донецкы. Уымæй дарддæр куыст æрцыд, цæмæй Донецкы къухдариуæгад æмæ бизнесæмæхсæнад махмæ хъæууон хæдзарады фадыджы иумиаг уагдæттæ скусын кæной. «Нæ ахастыты динамикæ хъуамæ цадæггай хиза практикæмæ, цалдæр проекты реализаци æрцæудзысты ацы аз», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Хуссар Ирыстоны Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ алы къахдзæф, алы хъуыддаг дæр у ахъуыдыгонд, ныфсджын æмæ нысанмæздæхт. Мах, зæгъгæ, араздзыстæм æппæт дæр, цæмæй зоной Хуссар Ирыстоны тыххæй, цæуой нæм æмæ зонгæ кæной нæ позици, нæ культурæ, нæ бæстæйы политикæимæ. Уый царды æнæмæнгхъæуæг у.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.