РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик республикæйы Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты къухдариуæгадæн бахæс кодта, цæмæй цæгатирыстойнаг фæндагсыгъдæггæнджытæн æххуысæн арвитой техникæ.

Уый размæ, æххуысы тыххæй куырдиат фехъусын кодта Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады сæргълæууæг Тадтаты Алан, Транскаммæ радон балцы фæстæ. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, цæгатирыстойнаг фарсы хъæуы æххуыс специалон техникæйæ.

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Дзауы районы горæт Къуайсайæ Транскамы цæгатирыстойнаг фарсмæ æрвыст æрцыд бульдозер.

Ныртæккæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фæндагсыгъдæггæнджытæ иумæйаг куыст кæнынц фæндаг митæй асыгъдæг кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.