Транскавказы автомагистрал ныр 10 боны у æхгæд. Хуссар Ирыстоныл фæндаджы уавæр алкæддæр тынг бандавы. Уымæн æмæ уый у иунæг фæндаг, кæцыйыл ласт цæуынц æртаг æмæ хæлцадон продукттæ. Фæндаг сыгъдæг кæныныл кæд куыст цæуы, уæддæр нырма бæлвырдæй бæрæг нæу кæд байгом уыдзæнис, уый. Хæлцадон магазинты тæрхджытæ афтид кæнынц.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæтмæ æртаг дæр ласт цæуы Цæгат Ирыстонæй. Мах бацымыдис кодтам нæ республикæ æртагæй та куыд ифтонг у, машинæты хицæуттæ йæ куыд æнцонæй амал кæнынц, уыдæттæм.

«Югосетнефтепродукт»-ы директор Джыгкайты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй сæм нырма цалдæр боны фаг ис æртаг.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй фæдзæхст æрцыдысты, æртаг чи реализаци кæны, уыдон се ‘ппæт дæр, цæмæй уавæрæй ма спайда кæной æмæ æртаджы аргъыл ма схæцой. «Югосетнефтепродукт»-ы директор ма загъта, зæгъгæ, Метрологи æмæ стандартизацийы комитет та æппынæдзух сгары æртаджы гъæд. Газæй йæ машинæ чи кусын кæны, уыдон банкъардтой йæ цухдзинад. Ныртæккæ газæй ифтонггæнæг станцтæ сты æхгæд, газ кæй нæй, уый аххосæй.

Нефтебазæйæ дарддæр, нæ шофыртæ æртаг ныккæнынц хисæрмагонд станцты дæр. Уыдон дæр æртагæй нырма не сцух сты. Нæдæр сæм стыр радтæ ис. Æвæццæгæн, æртагласджытæ уавæр æмбаргæйæ, стыр гуырахстæй æрластой æртаг æмæ ныр, ирон æмбисонд куыд амоны, уымæ гæсгæ «фидары мад нæ кæуы».

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.