Транскамы фæндаг   байгом уыдзæн  автотранспортæн.

Уый тыххæй знон РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фехъусын кодта Транскамы автомагистралы зæйтæ кæм æрцыдысты, уыцы фадыгмæ ацæуыны фæстæ.

Хицауады Сæрдар, йемæ Республикæйы Уæлвæткон уавæрты фæдыл министр, афтæмæй базонгæ, фæндагæн цæгатирыстойнаг хайы митсыгъдæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ.

Куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны фæндагон кусджытæ дæр бацыдысты фæндаджы иууыл уынгæгдæр фадыгмæ, цыран æрæмбырд иууыл фылдæр мит. Куыстытæ æххæст цæуынц интенсивон режимы, боныгъæд дæр фадат дæтты, æмæ зæгъæн ис, Транскам кæй байгом уыдзæн боны кæронмæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.