УÆЛДÆР АХУЫРМÆ – УÆЛÆМХАСÆН ÆХХУЫС

Æрæджы Дзæуджыхъæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты математикæ æмæ информацион технологиты бындурыл чи байгом, уыцы Яндекс – лицейы лæггæдтæн ныридæгæн æмбал нæй. Уый канд республикæйы нæ, фæлæ Цæгат Кавказы дæр у фыццаг. Уым скъоладзаутæ лæвар ахуыр кæнынц компьютерон программæты хъæздыг гæ-нæнтæ базоныныл сæ фидæны уæлдæр ахуырæн æххуысæн.

Ахуыртæ уыдзысты дыууæазон. Лицейы ахуырты программæмæ гæсгæ, фæсивæд зонгæ кæндзысты компьютерон куысты теоретикон æмæ практикон ахуыры сусæгдзинæдтимæ. Цы зонындзинæдтæ дзы райсой, уыдонæй царды куыд спайда кæндзысты, уый бахынцын та алкæмæн дæр йæхимæ хаудзæн. Зонадон куысты фæндагыл сæ ацæуынмæ чи хъава, уымæн алыхуызон фæлварæнтæ радтынæн æххуыс уыдзысты, лицейы цы зонындзинæдтæ райса, уыдон.

Ног Яндекс – лицеймæ ист цæудзысты 8-9-æм кълæсты ахуырдзаутæ конкурсы бындурыл. Цы хæслæвæрдтæ сын радтой, уыдон хъуамæ сæххæст кæной дыууæ азмæ. Уымæй уæлдай, фæсивæдæй алкæй дæр хъæуы сæрмагонд анкетæ байдзаг кæнын æмæ комкоммæ фæл-варæн радтын лицеймæ бацæуыны тыххæй. Ацы хæслæвæрдтæ чи сæххæст кæна, уыдон райсдзысты хуынды гæххæттытæ дарддæры фæлварæнтæм.

Ног лицейы проект фæзынд 2016 азы æмæ ныртæккæ кусы Уæрæсейы 55 горæты. Яндекс – лицейы скъоладзаутæ ахуыр кæндзысты сæудæджерадон, компьютерон программæтæ, стæй алыхуызон проекттæ аразыныл. Цæмæй ацы ахуырадон артдзæстæн йæ куыст æмбæлгæ уагыл цæуа, уый тыххæй йын Дзæуджыхъæуы йæ куыстмæ хъус дары РЦИ-Аланийы бастдзинады информацион технологиты управлени.  Æнтыстджын разамынд та йын дæтты йæ директор Марина Суслова.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.