АХСДЖИАГ  ХОС – РЫНЧЫНТÆН

Республикæйы разамынд аразы алы мадзæлттæ æгъатыр низы ныхмæ, фæлæ дзы уæддæр алы суткæ дæр амæлы 10 – 15 адæймаджы.  Рынчындæттæм туаггуыр ласыны арæх къуыхцытæ кæй рауайы, кæй фехæлы æмæ уый аххосæй уды зиæнттæ кæй æрцæуы, уый нымайгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бардзырд радта, цы дыууæ туаггуыры станцы нæм ис, уыдонмæ ма цыппар æвæстиатæй бафтауын. Куыд банысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддаджы хъуамæ уа бæлвырд фæтк. Цы къуыхцытæ дзы равзæра, уыдон аиуварс кæнынæн æвæстиатæй хъуамæ мадзæлттæ арæзт æрцæуа.

Уымæй дарддæр, республикæйы цæрджытæ хостæй хъуаг æййафынц æмæ кæй хъаст кæнынц, уый фæдыл Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы къухы бафтыд паддза-хадон куыстуат «Осфармедтех»-ы разамындимæ фембæ-лын, æмæ æрдомдта хостæй сæ сифтонг кæнын. Уыцы ба-дзырдмæ гæсгæ, куыстуат Цæгат Ирыстонæн рахицæн кодта коронавирусы низæй уæззау рынчынты сдзæбæх кæнынæн зынаргъ биологон препарат «Артлегиа». Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Уæрæсейы иунæг фирмæ уадзы ацы хос æмæ регионтыл нæ фаг кæны. Хос та у, ныртæккæ ацы вирусы ныхмæ иууыл ахадгæдæр. Йæ аргъ у 50 мин сомы. Æцæг, журналисттæ сæ фарстæн бæлвырд дзуапп нæма райстой,  хос рынчынтæн лæвар уыдзæн æви йæ æлхæнын бахъæудзæн. Цыфæндыйæ дæр, ныфс фæзынд адæймаг хосы фыдæй кæй нæ уал фесæфдзæн, уымæй.

Ныртæккæ уал дзы республикæ райста сæдæ къоппы æмæ сæ æрвитын райдыдтой рынчындæттæм. Рæхджы райсдзысты ноджыдæр ма иу уыййас, стæй дарддæр бæрæг уыдзæн.

Рохуаты нæ баззадысты скъоладзаутæ дæр. Куыд зонæм, афтæмæй астæуккаг æмæ уæлдæр профессион ахуырады кусæндæттæ сæ архайд æххæст кæнынц электронон æмæ дæрддзæф технологиты фæрцы. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæн скъолайы лæвар сихор кæй хæрын кæнынц, уый нымайгæйæ сын уыцы продукттæ баластой сæ хæдзæрттæм. Ныр та ахæм хæлцадон продукттæ: картоф, макарон, сæкæр, æхсыр, кърупатæ, нæлхæ, дыргътæ, адджинæгтæ радтой,  5 – 11 кълæсты ахуырдзаутæй фæкæсынхъуаг чи у, уыдонæн.

 

ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ  ФÆЗУАТЫЛ  БАФТЫД

Цалдæр азмæ Дзæуджыхъæуы территори фестырдæр уыдзæн дыууæ ног микрорайонæй. Уыдон уыдзысты горæтæй Джызæлы ‘хсæн æмæ фыццæгæм автовагзалæй Архонкæйы ‘рдæм быдырты. Уый тыххæй куыст цæуы ныртæккæ. Уæззау техникæ сыгъдæг æмæ æмраст кæны уыцы фæзуæттæ.

Цæмæй ног микрорайонтæ аив рауайой, хæрзвадат цæрæнуæттæ сæ уа, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав рес-публикæмæ æрбахуыдта зындгонд специалистты: Мæскуыйы консалтингаг компанийы минæвæрттæ æмæ англисаг архитектурон бюройы мæскуыйаг филиалы специалистты. Сæ балцы нысан уыд фидæны цæрæнбынæтты уавæр раиртасын, бынæттон специалистты сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинадæй фæхайджын кæнын. Уыдон хæстæгмæ федтой фидæны микрорайонты арæзтад. Аныхас кодтой хицауадимæ, цæрджытимæ.

«Фыццаг хатт стæм Ирыстоны. Нæ нысан у проекты фæлгæтты фидæны цæрæн массивы арæзтад дзæбæх сахуыр кæнын, рæдыд дзы куынæ æрцæуа, афтæ. Уымæй дарддæр, фембæлдзыстæм республикæйы разамындимæ, архитектортимæ, кæрæдзимæ байхъусдзыстæм, цæмæй алчидæр йæ фæнд зæгъа, чи куыд уыны горæты фидæн æмæ ног микрорайонты арæзтады цы хуыздæр уаид. Ахсджиаг у ног цæрæнбынæттæ горæты æхсæнадимæ æрбабæттын, цæрæн хæдзæрттæн аив ног проекттæ æрхъуыды кæнын. Мах уал ныр бынат федтам, нæ зæрдæмæ фæцыд. Фæзуæттæ куы срæвдз уой æмæ арæзтад куы райдайа, уæд та нæ ардæм хъæуы» – загъта архитекторты бюройы специалист Марина Шпилько.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.