УАВÆР РАЙОНЫ АХУЫРАДОН УАГДÆТТЫ

Ленингоры поселочы ис сывæллæтты хæдзар, кæцы у иунæг ахæм уагдон нæ республикæйы æмæ уал фыццаг фæуазæг стæм уырдæм. Бæстыхайы алы къуым дæр у хæрзæфснайд æмæ сыгъдæг, зыны йыл, хорз æркаст æм кæй ис. Ам сты сидзæр æмæ æвæрæз бинонты сывæллæттæ. 23 сывæллоны æдзухдæр цæрынц ацы уагдоны. Улæфтбонты сæ арæх акæнынц сæ ныййарджытæ, кæнæ сæ хæстæджытæ сæхимæ. Иу хъомылгæнинаг дзы у олигофренийы низæй рынчын æмæ йын бынаты уадзынц уроктæ. Иннæтæ иууылдæр цæуынц скъоламæ. Сывæллæтты æмбис цæуы гуырдзиаг скъоламæ, иннæтæ та – уырыссаг скъоламæ. Уагдоны директор Беджызаты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы ис иттæг хорз уавæртæ. «Сывæллæттæ ифтонг сты уæлæдарæсæй, чингуытæй, тетрæдтæй, фыссæнгæрзтæй, афтæ хæлцæй дæр – бон бахæрынц цыппар хатты. Сæхи ирхæфсынæн дæр сын ис хорз уавæртæ, – ам ис спортивон зал, актон зал, чызджытæн æмæ лæппутæн – хицæн æрмадзтæ, компьютерон кълас. Ис ма нын нæхи музей дæр, цыран сæвæрдтам хъомылгæнинæгты аив, рæсугъд, хуыздæр куыстытæ», – зæгъы директор.

Ӕмæ, æцæгæйдæр, музеймæ бацæугæйæ, фенæн ис диссаджы куыстытæн хъæдæрмæгæй, сæ бакастæй зæрдæ райы æмæ ма адæймаг дисы дæр бахауы, сывæллæттæн сæ бон куыд бацис ахæм куыстытæ бакæнын.

Бæстыхай кæд 2016 азы сырæзт, уæддæр йæ арæзтады уыдис хъæндзинæдтæ æмæ згъуыдттæ. Цыбыр рæстæгмæ йæ къулты сæрстытæ кæлын райдыдтой, вентиляци дзы рæстмæ кæй нæ уыдис, уый фæстиуæгæн уагдоны къуымты æдзух уыд уымæлдзинад. Сæ спортивон зал та афтæ арæзт у, æмæ дзы уынгмæ иу рудзынг дæр нæ кæсы æмæ ахæм ран та, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæф нæ фæфаг кæны, уæлдайдæр та дзы сывæллæттæ куы хъазой, уæд. Уагдоны бæстыхайы галиу фарсæрдыгæй аразджытæ мидæггагон куыстытæ нæ бакодтой. Беджызаты Фатимæ куыд загъта, афтæмæй сын нæ фаг кæны кулинарийы хатæн æмæ ма сывæллæтты дзаумæттæ ивæн хатæнтæ дæр сты къуындæг. «Хорз уаид, бæстыхайы уыцы хай дæр цалцæг куы æрцæуид. Ацы проблемæ Ахуырады министрады къухдариуæгад дæр зоны æмæ президент дæр, æмæ ныфс бавæрдтой баххуыс кæнынæй», – банысан кодта Беджызаты Фа-тимæ.

Ленингоры гуырдзиаг нацийы минæвæрттæ бирæ кæй цæры, уымæ гæсгæ уынгты дæр адæм сæ кæрæдзиимæ дзурынц гуырдзиагау. Ахæм уавæр ис ацы уагдоны дæр. «Ардæм куы æрбацыдтæн кусынмæ, уæд уагдоны иууылдæр дзырдтой гуырдзиагау, æгæрыстæмæй ирон сывæллæттæ дæр. Уагдоны хъомылгæнджыты фылдæр хай нæдæр иронау зыдтой, нæдæр уырыссагау. Ахæм уавæрты тынг зын уыд кусын, æдзух тæлмацгæнæгимæ рацу-бацу кæн. Фæлæ сын æз бамбарын кодтон, дарддæр афтæ кусæн кæй нæй æмæ паддзахадон æвзæгтæ кæй хъæуы ахуыр кæнын. Хицæнæй аныхас кодтон куыд хъомылгæнинæгтимæ, афтæ хъомылгæнджытимæ дæр, æмæ сындæггай рахызтыстæм ацы уавæрæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма хъуыддаг бынтон нывыл нæу, фæлæ раздæримæ абар-гæйæ, ныр уавæр бæрæг фæхуыздæр ис. Стæм хатт ма мæ бахъæуы тæлмацгæнæджы сæр», – зæгъы уагдоны директор.

Гуырдзыстонимæ арæны сæхгæд бирæ уагдæттыл кæй бан-дæвта, уый æмбæхсинаг нæу. Беджызаты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй йын æртæ ахуыр-гæнæджы баззад Гуырдзыстоны. Уыдонæй дыууæйæ ацыдысты сæ хиуæтты бабæрæг кæнынмæ, иуæн та дзы йæ бинонтæ цæрынц уым. «Уыдоны бæсты чи бакуса, ахæм специалисттæ нæм нæй. Уавæримæ зонгæ сты Ахуырады министрады къухдариуæгад дæр», – зæгъы Беджызаты Фатимæ.

Ленингоры гуырдзиаг астæуккаг скъолайы уавæр ноджы мæгуыраудæр у. Йæ ахуыргæнджыты æмбис баззадысты Гуырдзыстоны. Сывæллæттæн уроктæ уадзынц, фæлæ алкæцы предметæн дæр йæхи ахуыргæнæг куы нæ уа, уæд сывæллæттæ æххæст зонындзинæдтæ кæм райсдзысты. Уырыссаг скъолайы уавæр у бынтон æндæрхуызон. Ам сæм æрмæстдæр цух кæны иу ахуыргæнæг, фæлæ ахуыры процессыл тынг не ‘ндавы, уымæн æмæ сæм ис, йæ бæсты чи ауадза уроктæ. Ацы скъолайы æдæппæт ахуыр кæны 63 скъоладзауы. Сæ директор Битарты Лали куыд зæгъы, афтæмæй сæм куыд хицауады, афтæ бынæттон администрацийы æрдыгæй дæр ис æмбæлон хъусдард. «Кæд нын исты зындзинæдтæ фæзыны, уæддæр сæ цыбыр æмгъуыдмæ аиуварс кæнæм нæ администраци æмæ Ахуырады министрады æххуысы фæрцы. Фæлæ тынг хъуаг æййафæм ирон чингуытæй æмæ ирон дзырдуæттæй. Ацы проблемæ иуварс куы æрцæуа, уæд скъоладзаутæн дæр æмæ ахуыргæнджытæн дæр бæрæг фенцондæр уыдзæнис», – зæгъы скъолайы директор.

Ӕмæ, æцæгæйдæр, ирон чингуытæ æмæ дзырдуæтты хъуагдзинад стыр катайаг у, мæгуырауæрдæм æндавы мадæлон æвзаг ахуыр кæныныл.

 

МЕДИЦИНОН ÆХХУЫС – АЛКÆМÆН ДÆР

Гуырдзыстонмæ арæны сæхгæд бандæвта поселочы рынчындоныл дæр. Ацы уагдоны кусджыты æмбис дæр баззад Гуырдзыстоны территорийы. Рынчындоны сæйраг дохтыр Гобозты Зураб куыд зæгъы, афтæмæй рынчындон раздæр дæр хъуаг æййæфтой хъæугæ специалисттæй æмæ ныр та уавæр ноджы февзæрдæр ис. «Дохтыртæ нын нæ фаг кæны æмæ уый у сæйраджыдæр нæ катайы аххосаг. Фæлæ бынæттон цæрджытæн бахъæугæ рæстæджы бакæнæм æмбæлон медицинон æххуыс. Кæд нын бынаты уавæртæ нæ вæййы рынчынæн схос кæнынæн, уæд æй арвитæм Цхинвалмæ. Медикаменттæй не ‘ййафæм хъуагдзинад, фæлæ бирæ бынæттон цæрджытæ, рынчындонмæ не ‘рбацæуынц хос кæнынмæ, афтæмæй дам-думтæ кæнынц, ома сæм медицинон препараттæ нæй. Рынчындоны хос кæнæм æнæаргъæй, тагъд æххуысы службæ та æххуыс кæны алкæмæн дæр», – зæгъы рынчындоны сæйраг дохтыр.

Рынчындоны автопарк ис тынг мæгуырау уавæры æмæ сæ хъæуы ног автомашинæтæй баивын. Уый та фæахъаз уыдзæн рынчынтæм рæстæгыл бацæуын æмæ сын баххуыс кæнынæн.

Ленингоры районы цæрджы-тæн ис иу ахсджиаг проблемæ – нæй дзы аптекæтæ æмæ фæтыхсынц. «Медицинон препарат мæ хъуыдис æмæ йæ Цхинвалы не ссардтон. Стæй мын æй Дзæуджыхъæуæй æрхастой. Раздæр та-иу æй балхæдтон Гуырдзыстоны», – зæгъы бынæттон цæрæг.

Æмбæхсинаг нæу, бынæттон цæрджытæ хос кæнынмæ Гуырдзыстонмæ кæй цыдысты, уыцы хабар. «Мæ сины стæгыл æрæджы операци скодтон Гуырдзыстоны æмæ уæдæй фæстæмæ мæй иу хатт цыдтæн мæ дохтырмæ, уымæн æмæ цыдæр рæстæг хъуамæ уон дохтыры хъусдарды бын. Алы ныццыдæн дæр мын уагъта консультаци æмæ-иу мын рафыста ног хостæ, цæмæй мæ къахыл тагъддæр слæууон. Ныр мын мæ дохтырмæ ацæуыны фадат нал ис, операци риссын райдыдта æмæ Уæрæсемæ ацæуыны фæрæз та мæнæн нæй», – катайгæнгæ зæгъы бынæттон цæрæг Тадтаты Тинæ.

Кæд Ленингоры районы цæрджытæ, арæн æхгæд кæй у, уый фæстиуæгæн æвзарынц зындзинæдтæ, уæддæр дзы, иумиагæй сисгæйæ, се ‘рвылбонон цардыл тынг не ‘ндавы. Цæуы дзы арæзтадтæ, хъæутæм  ис транспортон бастдзинад. «Авто-бустæ цæуынц Цъинагар, Абреу, Захъхъор, Орчъосан, Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæумæ. Ленингорæй Цхинвалмæ фæндаг у бæстон арæзт. Районы хъæутæм дæр сæ цалцæг кæнæм æмæ тагъд рæстæджы уавæр ноджы бæрæг фæхуыздæр уыдзæн. Поселочы ацы аз хъуамæ цалдæр уынджы кæронмæ цалцæг æрцæуой», – зæгъы Ленингоры администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Гулиты Владимир.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.