КАМАЛÆН  –  ХÆРЗИУÆГ

Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, зынгæ поэт, публицист, тæлмацгæнæг Ходы Камалæн ацы бонты цытджын уагæй сбæрæг кодтой йæ гуырæнбон. Уый бирæ азтæ фæкуыста ИрыстоныФысджыты цæдисы æмсæрдарæй. Фæлæ, хъыгагæн, йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ, æрæджы ацыд йæ куыстæй.

Фæлæ Ирыстоны культурæ æмæ литературæмæ йе стыр хайбавæрд рох не сты адæмæй. Хæдзармæ йæм йæ гуырæнбоны фæдыл арфæ кæнымæ бацыдысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, йæ администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем æмæ Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

“Дæ ном уæрæхæй хъуыст у канд Ирыстоны нæ, фæлæ Кавказ æмæ Уæрæсейы бирæ регионты. Дæ хайбавæрд национ литературæмæ æгæрон у. Де сфæлдыстадæй ды фадат радтай ирон æвзаджы рæзт æмæ хъæздыг кæнынæн. Зон æй, дæ арфæйаг хъуыддæгтæ дын зоны æмæ нымайы Ирыстон. Ды дæ стыр хæрзиуæджы аккаг”, – загъта Битарты Вячеслав æмæ Камалы риуыл бакодта Цæгат Ирыстоны иууыл уæлдæр хæрзиуæг – орден “Слава Осетии”.

Ахæм æрхъуыды Камалæн уыд тынг æхсызгон. Йæ рады арфæ ракодта Битары фыртæн, йæ бæрнон куысты стыр æнтыстытæ куыд бафта йæ къухы æмæ адæмы хорзæхæй хайджын куыд уа.

Камалæн ма йæ гуырæнбоны фæдыл арфæ ракодтой Хъазиты Мелитон æмæ Челæхсаты Рустем.

Æнæмæлгæ у Ходы Камалы сфæлдыстад. Дæсæй фылдæр ын рацыд æрмæст æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ – “Цæхх æмæ кæрдзын”, “Бонвæрнон”, “Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц” æмæ бирæ æндæртæ. Ацы æвæджиауы уацмыстæй бирæ фæхъæздыгдæр ирон æвзаджы къæбиц æмæ аккаг бынат бацахсдзысты литературæйы историйы.

 

 

КОНВЕРТЫЛ – ИРОН ЛÆДЖЫ ФÆЛГОН

 

Ацы аз таурæгъон капитан, Цæгат полюсы басæттæг, Социалон фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийыл æххæст кæны сæдæ азы. Уый фæдыл стыр юбилейон мадзæлттæ цæттæ кæнынц, йæ царды фылдæр хай кæм арвыста, уым – Петербурджы.

Фæлæ се ‘мзæххоны æнтыстытæ рох не сты Ирыстоны цæрджытæй дæр. Ам цавæр мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн, уый бæрæг нæма у, фæлæ Дзæу-джыхъæуы администрацийы сæргъ-лæууæг Хæдæрцаты Махар равдыста диссаджы хъæппæрис: уый, хъæбатыры ном сæнусон кæныны тыххæй бахатыд “Уæрæсейы пост”-мæ, цæмæй рауадзой сæрмагонд маркæджын конверт Кучиты Юрийы фæлгонцимæ.

Бастдзинады федералон агентады къамис разыйæ сæмбæлд Хæдарцы  фырты фæндоныл æмæ конверт рауа-дзынæн æмгъуыд скодта ацы азы августмæ.

Хæдæрцаты Махар ма хуынд æрцыд Петербургмæ. Уый канд юбилейон мадзæлтты нæ архайдзæн, фæлæ уыдзæн оргкомитет “Кучиев – 100″ йы уæнг дæр.

“Кучиты Юрийæн йæ цард æмæ фæллойадон æнтыстытæ рохуаты ма хъуамæ баззайой. Уый у сæрыстыры хос йæ радтæг адæмæн, фыдыбæс-тæйæн, цæвиттойнаг – рæзгæ фæл-тæрæн. Конвертыл йæ фæлгонц та æдзухдæр уыдзæн нæ цæсты раз æмæ уымæй йæ ном ноджыдæр сæнусон уыдзæн,” –  нымайы Хæдæрцаты Махар.

Ныртæккæ нывгæнджытæ кусынц конвертæн нывы эскизыл. Уыдонæй къамис равзардзæн хуыздæры.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.