Культурæйы министр хыгъд радта аивгъуыйгæ азы бакæнгæ куыстытæн 

Анахарсисы номыл библиотекæйы æмбырдгæнæн залы уыд Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады хыгъдон æмбырд. Æмбырды куысты хайад райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Æмбырд байгом кодта æмæ дзы хыгъдон доклад сарæзта Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Уый райдианы арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта æмбырдмæ æрцæуджытæн, йæ хайадисджытæн. Уый фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, культурæ размæцыд цы бæстæйы у, уый тыхджын æмæ хъæздыг у алыварсонæй дæр. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ культурæ æрмæст аивадон уагдæтты ма хъуамæ уа, фæлæ хъуамæ уа алы куыстуат, уагдон æмæ æхсæнады дæр.

Уый фæстæ раныхасгæнæг бæстон æрдзырдта, нæ республикæйы цы 122 культурон уагдоны ис, уыцы нымæцы, нæ адæм сæрыстыр кæмæй сты, уыцы паддзахадон драмон театр, ансамблтæ, музей, библиотекæтæ, музыкалон ахуыргæнæндæттæ æмæ æндæрты архайды тыххæй, кæцыты кусы æмæ фæллой кæны 1215 адæймаджы.

Культурæйы уагдæттыл дзургæйæ, министр райдианæй æмбырдмæ æрцæуджытæн ракодта паддзахадон ансамбль «Симд»-ы кой. Министр куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз нæ артисттæ равдыстой 51 концерты. Уыдонæй 26 концерты æвдыст æрцыдысты бынаты, 25 концерты та – нæ республикæйæн æдтейæ. Уыцы нымæцы иу концерт – Дзæуджыхъæуы, дыууæ та – Сочæйы горæты. – Сæ архайд æмæ арæхстдзинады тыххæй æз куы ницы зæгъон, уæддæр, сымахæн æмбæрстгонд у, райгонд æмæ сæ сæрыстырæй кæй баззадысты, уый. Уымæн æмæ сымах, уе ‘ппæт дæр хорз зонгæ стут сæ арæхстдзинадимæ, – банысан кодта министр. Уыимæ ма, зæгъгæ, цæмæй ансамблы æнтыстытæ рæзой, уый тыххæй нырæй фæстæмæ уыдзæнис хуыздæр фадæттæ, гæнæнтæ æмæ сæ мах дæр пайда кæндзыстæм. Æввахс рæстæджы, йæ ныхæстæм гæсгæ, ансамблмæ фæхондзысты, зарын æмæ кафынмæ дæсны чи у, ахæм æвзонг фæлтæры. Уыимæ ма министр «Симд»-ы разамындæн бацамыдта, цæмæй сæ репертуар фæхъæздыгдæр кæной раздæры Советон Цæдисы адæмты кафтытæй.

Министры раныхасы стыр бынат бацахста, рæхджы нæ адæмы зæрдæтæ чи барухс кæндзæнис, уыцы ног театр. Кæд ирон театрдзауты зæрдæтæ æппынæдзух рухс кодтой нæ артисттæ сæ архайдæй, уæд уыцы æнтыст сæ къухты нырæй фæстæмæ æфтдзæнис æнцондæрæй. Уымæн æмæ нæ театр йæ ног сезон райдайдзæнис, артистты уавæртæ дзæвгар кæм фæхуыздæр уыдзысты, ахæм ногарæзт æмæ райдзаст бæстыхайы. Ног сезоны кæд труппæйы репертуары 7 спектаклы йедтæмæ нæй, уæддæр уыдон хорз бацæттæ кæнын æмæ ирон театрмæкæсæджы зæрдæтæ барухс кæныныл кусынц зæрдиагæй.

Ацæугæ аз нæ артисттæ сценæмæкæсджыты размæ рахастой 63 спектаклы. Уыдонæй ирон сценæмæкæсджытæн æвдыст æрцыдис 36 спектаклы. 27 спектаклæй та барухс кодтой Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы театрдзауты зæрдæтæ. Æдæппæт нæ артистты архайдмæ бакаст 11 мин театрдзауы.

Театры æнтыстытыл дзурæг сты, артисттæ цы паддзахадон æмæ хицауадон хорзæхтæ æмæ нæмттæ райстой, уыдон дæр. Æртæ артистæн лæвæрд æрцыдис «Адæмон артист»-ы цытджын нæмттæ. «Сгуыхт артист»-ы нæмттæ та райстой 9 адæймаджы. Культурæйы кусджытæй «Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 10 азы» майданæй та хорзæхджын æрцыдис 26 адæймаджы.

Цæмæй театры æнтыстытæ кæной хуыздæр, спектаклты тынгдæр зына ирондзинад, уый тыххæй министр цалдæр хатт фембæлд нæ университеты ректор Тедеты Вадимимæ. Се ‘хсæн ныхас цыд, цæмæй университеты конд æрцæуа театралон факультет. Фарст скъуыддзаг нæма у, фæлæ йын хорз фæстиуджытæ кæй уыдзæнис, уый дызæрдыггаг нæу.

Нæ горæты паддзахадон музейыл дзургæйæ, раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, нæ музей йæ уавæртæ æмæ фадæттæм гæсгæ фæстæ нæ лæууы бирæ зындгонд музейтæй. Музейы экспонаттæ 2018 азы фæфылдæр сты 258 æмæ дзы ныртæккæ ис 32 мин иуæгæй фылдæр. Министр куыд загъта, афтæмæй экспонаттæ фылдæр кæныныл куыст цæудзæн ацы аз дæр.

Нæ адæмы царды стыр бынат ахсынц нæ музыкалон скъолатæ æмæ ахуыргæнæндæттæ дæр, банысан кодта министр. Æмæ,  æцæгдæр, æвæццæгæн, иу стæм сабийæ дарддæр алкæйы дæр бафæнды, базона искæцы музыкалон инструментыл цæгъдын, рацæуа дзы хорз зарæггæнæг. Ацы хъуыдыйæн æвдисæн у уый, æмæ нæ горæты цы 7 музыкалон скъола æмæ 2 ахуыргæнæндон ис, уыдоны кæй ахуыр кæны 732 ахуыргæнинаджы. Семæ кусынц, сæ дæсныйад хорз чи зонынц, ахæм 150 ахуыргæнæджы. Се ‘нтыстыты тыххæй та министр банысан кодта, зæгъгæ, нæ музыкалон ахуыргæнæндæтты ахуыргæнинæгтæй республикæйæн æдтæмæ, алыгъуызон конкурстæ æмæ фестивалтæм чи ацæуы, уыдонæй иу дæр æнæ хорзæх нæ рыздæхы.

Алчи дæр æй зоны, фæстаг цалдæр дæс азы чиныджы кад цасдæрбæрцæй дæлæмæ кæй æрхауд, уый. Ацы процесс абон æрмæст урæд не ‘рцыд, фæлæ цæуын райдыдта йæ раздæры бынатмæ. Нæ республикæйы ис 64 библиотекæйы. Уыдоны фылдæр хай сты хъæуты. Гуырдзыйы агрессийы фæстæ, кæд хъахъхъæд цыд чингуыты фонд, уæддæр ыл æрцыдис стыр зиæнттæ. Бирæ фæкъаддæр чингуыты нымæц. Нæ хицауад æмæ культурæйы министрады разамынды райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн 2008 азы хæсты фæстæ æрвылаз дæр фылдæр кæны нæ библиотекæты чингуыты нымæц. Ныртæккæ нæ библиотекæты ис 1 милуан 472 чиныджы. Ацæугæ аз уыдонæй спайда кодта 9 мин 945 адæймаджы.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй нæ республикæйы кусы 58 хæдархайгæ аивадон къорды, кæцыты хайад исы 850 адæймаджы. Уыдон сæ арæхстдзинадæй алыгъуызон бæрæгбонты фæрухс кæнынц нæ адæмы зæрдæтæ. Сфæлдыстадон программæтимæ ралæууынц республикæйæн æдтейæ дæр.

Культурæйы министрад стыр хъусдард здахы историон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Уыдон æрвылаз дæр республикæйы районты бабæрæг кæнынц, басгарынц æмæ алыгъуызон фæндæттæ бахæссынц мæсгуытæ æмæ цыртдзæвæнты уавæр фæхуыздæр кæныны фæдыл.

Ацæугæ азы культурæйы министрад сорганизаци кодта цалдæр сфæлдыстадон равдысты. Ацы фарсты фæдыл министр цы цухдзинæдты кой ракодта, уыдонæй иу уыд, Хуссар Ирыстонæн кæй нæй, равдыстытæ уагъд кæм цæуой, ахæм сæрмагонд бæстыхай.

Йæ раныхасы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, куыд культурæйы министрады ацæугæ азы куыст æмæ архайд, афтæ зæрдæмæдзæугæ рауад министры хыгъдон доклад йæхæдæг дæр. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æнæ цухдзинæдтæ дæр нæ вæййы æмæ йæ ныфс ис, министрад ног азы сæ аиуварс кæныныл кæй бакусдзæнис. Уыимæ ма йæ ныхæстæм гæсгæ, хорз уаид, æмæ театры арæзт куы æрцæуид, спектаклтæ чи æвзара, ахæм къамис, кæцыйы хæс уаид, адæмы бакæсын цæмæ фæнды, ахæм спектаклтæ равзарын.

Университеты театралон факультет бакæныны тыххæй та хицауады сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг фарст у æмæ хицауадмæ æрбарвитут уæ домæнтæ æмæ фæндиæгтæ, æркæсдзыстæм сæм, зæгъгæ, æмæ, гæнæн уæвгæйæ, скъуыддзаг дæр цæудзысты.

Хицауады Сæрдар ма фæндон бахаста, цæмæй ацæугæ азы культурæйы министрады куыст нымад æрцæуа рæстæмбисыл.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.