БАНЫСАН КОДТОЙ ФЫДЫБÆСТÆ ХЪАХЪХЪÆНÆДЖЫ БОН

23-æм февраль, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон, æрвылаз дæр уæрæхæй банысан кæнынц Цæгат Ирыстоны, фæлæ ма йæм ныр бафтыд æндæр кадджын бæрæгбон дæр: ацы мæй 100 азы сæххæст Советон Сырх Æфсады сырæзтыл.

Кадджын мадзæлттæ райдыдтой 22-æм февралы. Сихорыл Намысы мемориалы хæстон намысы цыртытыл дидинджытæ сæвæрдтой республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, 58-æм æфсады командæгæнæджы хæдивæг Владимир Омельянович, тыхон структурæтæ æмæ ведомствоты кусджытæ, Ветерантæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Уыдон сын иу минут æдзæмæй алæууынæй ссардтой сæ рухс ном. Бæрæгбоны архайджытæн арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы разамонæг: “Ацы бæрæгбон нысан кæны æцæг патриотизм, лæгдзинад, хæстон намыс. Канд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæ, фæлæ æрхъуыды кæнæм æфсæддон – интернационалон фидауынгæнджыты, нæ сабырдзинад нын чи хъахъхъæдта æмæ хъахъхъæны, уыцы салдаттæ æмæ афицерты, алыхуызон конфликтты архайджыты… Арфæ кæнын абон дæр кадимæ чи хæссы йæ службæ, уыцы æфсæддонтæн. Нырæй фæстæмæ сæ макуыуал бахъæуæд хæцæнгарз райсыны сæр”.

Уыцы бон ма дидинджытæ æвæрд æрцыд Плиты Иссæ æмæ Петр Барбашовы цыртдзæвæнтыл, Уæлахизы фæзы монументыл, стелæ “Влади-кавказ – Город воинской славы” æмæ мемориал “Рубеж обороны”-йыл.

Изæры Тæбæхсауты Балойы номыл ирон театры сценæйыл дарддæр цыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Мидисджын концертæй дарддæр ма Битарты Вячеслав Цæгат Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг “Во Славу Осетии”-йæ схорзæхджын кодта æфсæддон æмæ хæстон службæйы ветерантæ Александр Коваль æмæ Томайты Таймуразы. Уымæй уæлдай Кады грамотæтæ æмæ Арфæйы фыстæджытæй хорзæх-джын æрцыдысты къорд æфсæддон разамонæджы.

Дыккаг бон, 23-æм февралы, бæрæгбоны мадзæлттæ дарддæр цыдысты Сæрибары фæзы æмæ парчы. Ардæм æрбацыд бирæ адæм, уыимæ республикæйы разамынд дæр. Диссаг уыд æфсæддон техникæйы равдыст. Фæзы равæрдтой БТР-82, ПМП-3, Т-90, автомобил “Тигр”, системæ “Торнадо”, сармадзан “ЗИС” æмæ бирæ æндæртæ. Уыимæ Æфсæддон мадæлты комитет æмæ Æфсæддон – патриотон хъомылады центр бацæттæ кодтой алыхуызон тематикон равдыстытæ Уæрæсейы хъæбатырты тыххæй.

Æртæ сахатыл бæрæгбон дарддæр цыд парчы территорийыл. Ам алкæй бон дæр уыд хæстон быдырон хæринæгтæй ацаходын. Республикæйы аивадон коллективтæ æмæ 58-æм æфсæддон оркестр равдыстой концерттæ. Изæры та фараст сахатыл арв ныррухс бæрæгбоны солютæй.

 

НÆ ХÆС – ÆРДЗЫЛ АУДЫН

Æрдзы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнынæн иу чысыл уæддæр исты ахъаз фæуынæн диссаджы мадзал æрхъуыды кодтой Цæгат Ирыстоны Адæмон фронты активисттæ. Сæ хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы стырдæр дуканиты бахизæнты æвæрд æрцыдысты сæрмагонд æхгæдсæр контейнертæ, пайдагонд кæмæй æрцыд æмæ чи хъæуы, ахæм батарейкæтæ æмæ электрон цырæгътæ æппарынæн. Бæрæг куыд у, афтæмæй батарейкæты æмæ ртутæй конд цырæгъты ис уæззау, адæймаджы æнæниздзинадæн стыр зиан чи хæссы, ахæм згъæртæ æмæ, куыд æмбæлы, афтæ куынæггонд куынæ æрцæуой, сæрмагонд контейнерты сæ куынæ ныппарай, уæд хъæстæ кæнынц уæлдæф. Уыдон уый фæстæ æрвыст æрцæуынц Челябинскмæ, цæмæй ногæй бакуыстгонд æрцæуой.

Ахæм контейнертæ ныридæгæн æвæрд æрцыд фондз дуканийы, фæлæ активисттæ ууыл æрлæу-уынмæ нæ хъавынц. Æрдзон фæрæз-тæ æмæ экологийы министрадмæ бахастой фæндон, цæмæй ахæмтæ æвæрд æрцæуа уынгты, кæртыты, бырæтты асыччыты фарсмæ. Уымæй уæлдай, сæ зæрды ис, европæйаг размæцыд бæстæты практикæ бафæл-варын. Уым бырондæтты цы цалдæргай асыччытæ ис æвæрд, уыдонæй иуы калынц пластикæ, иннæ у авгæй конд мигæнæнтæн, аннæ – пайдагонд батарейкæтæ æмæ ртутæй конд электрон цырæгътæн æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй æнцонæй куыстгонд цæудзæн бырон, экологийæн та стыр пайда æрхæсдзæн.

 Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.