НÆ  ИСБОНАД  ЗДÆХЫ  НÆХИМÆ

Дзæуджыхъæуы центры чи ис, уыцы Афицерты хæдзар кæддæр уыд горæты фидауц. Ленины цыртдзæвæны фарсмæ рæсугъд бæстыхай цæстытæ рæвдыдта. Фæлæ бæстæйы ныппырхимæ ныззаууат сты уæды куыстуæттæ æмæ культурон уагдæттæн сæ фылдæр. Историон цыртдзæвæныл нымад чи ‘рцыд, уыцы Афицерты хæдзар уæд республикæйы исбонад нæ уыд, фæлæ уыд Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады дæлбар. Уымæ гæсгæ, бæстыхаймæ республикæйы разамынд ницы бар дардтой.

Афтæмæй амынд министрад цалдæр азы размæ бæстыхай ауæй кодта Акционерон æхсæнад «Балчуг»-æн. Бадзырдмæ гæсгæ ацы организаци объектмæ хъуамæ базылдаид, реставраци йæ скодтаид, йæ историон хуыз ын нæ аивгæйæ. Фæлæ дзы йæ ног хицæуттæ ницы сарæзтой æмæ абоны онг бæстыхай лæууы кæлæддзагæй, фыдуынд кæны горæты хуыз.

Паддзахадон фæдзæхст бынатыл нымад чи у, уыцы бæстыхаймæ дарддæр афтæ кæсæн нал уыд æмæ республикæйы Культурон объекттæ хъахъхъæнæг комитет арбитражон тæрхондонмæ балæвæрдтой хъаст. Процесс фæцыд цалдæр мæйы æмæ ныр, æппынфæстаг, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ  Афицерты хæдзар ист æрцыд йæ хицæуттæй æмæ сси республикæйы исбонад.

Ныр специалисттæ æрæвналдзысты йæ реставраци кæнынмæ, йæ историон фæлгонц ын бахъахъхъæнгæйæ.

 

КУСГÆ – ЗАКЪОНЫ  БЫНДУРЫЛ

Ныр дыккаг аз республикæйы сæрмагонд къамис æнæзакъон куыстæй официалон уагмæ хизын кæны адæмы. Ивгъуыд аз дæс мины бæрц кусæджы куыст скодтой официалон. Уыдон истой, «серая зарплата» кæй хонынц, ахæм мызд æмæ дзы паддзахадмæ къапекк дæр нæ цыд.

Куыст чи дæтты, уыцы организацитæн уый у пайда. Уыдон алы кусæгæн дæр хъалонты инспекцимæ æмæ пенсион фондмæ хъуамæ фидой æхца. Сæ кусджытæ официалонæй фидаргонд куынæ уой, уæд та сын ницы хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ сын цæуы стаж дæр æмæ сомбон пенси райсдзысты къапеччытæ кæнæ та æппындæр ницы. Фæлæ куыстдæтджыты адæмы мæт нæй.

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис йæ размæ сæвæрдта хæс, «аууоны» куыстæй се ‘ппæты дæр рахизын кæнын. Куыд банысан кодта, афтæмæй куыстуæтты хицæуттæ хъуамæ æмбарой æппæт бæрндзинад, кæцы хæссынц сæ кусджыты раз. Уый къамисæн загъта, цæмæй алкæцы куыстдæттæгимæ дæр комкоммæ бастдзинад саразой æмæ иумæ лыг кæной сæвзæргæ уавæр. Къамис цы план сфидар кодта, уымæ гæсгæ 2024 азмæ иунæг æнæофициалон кусæг дæр мауал хъуамæ уа. Цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ахæм «аууоны» кусджытæ ис 30 мины бæрц.

Муниципалон скондты ‘хсæн æнæформалон куыст æппæты къаддæр у Æрæфы районы, дыккаг бынаты – Рахисфарсы район. Уавæр æппæты æвзæрдæр та у Дыгуры районы.

Къамисы куыст куыд цæуы, уымæ йæ цæст дары республикæйы разамынд.

 

«СТЪАЛЫДЖЫН»  ФЫСЫМУÆТТÆ

Цæгат Ирыстоны 22 фысымуаты сæ хæрзхъæддзинад сбæрæг кæныны тыххæй рацыдысты классификаци, цæмæй сын лæвæрд æрцæуа сæрмагонд статус. Уыдонæй иууыл «стъалыджынтылдæр»  нымад æрцыдысты «Александровский» æмæ «Роза Ветров». Лæвæрд сын æрцыд фæйнæ цыппар стъалыйы. Куыд зонæм, афтæмæй иууыл уæлдæр къæпхæн та у фондз стъалыйы. Классификацийы системæмæ хауынц, фынддæс номырæй уæлæмæ кæм ис, ахæм фысымуæттæ.

РЦИ-Аланийы Туризмы комитетæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикæйы фысымуæттæн сæ фылдæр нымад цæуы дыууæ-æртæ стъалыджынтыл æмæ уый хорз бæрæггæнæныл нымад у. Уый ахъаз у туризмы рæзтæн дæр. Регионы цас фылдæр «стъалыджын» фысымуæттæ уа, уыйас кадджындæр у æмæ йæм туристтæ разæнгарддæрæй цæуынц.

Ацы азы кæронмæ æппæт фысымуæттæ дæр рацæудзысты æмбæлгæ классификаци æмæ сбæрæг уыдзæн сæ статус.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.