ОС – БÆГЪАТЫР – НАЦИЙЫ СИМВОЛ

Хæстæг рæстæджы Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй иуы фæзындзæн алайнаг паддзах Ос-Бæгъатыры цыртдзæвæн. Уый фæдыл Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты æмæ Скульпторты цæдистæ, стæй истори æмæ архитектурæйы институт расидтысты конкурс – æркаст хуыздæр эскизы проектыл. Цыртдзæвæн сæвæрыны хæс йæхимæ райста мæскуыйаг зындгонд меценат Мæргъиты Зауырбег.

Цыртдзæвæн цавæр уыдзæн æмæ Дзæуджыхъæуы кæцы ран хуыздæр у йæ сæвæрын, ууыл уыд сæ ныхас республикæйы нывгæнджытæ æмæ историктæн.

Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй бирæ нывгæнджытæ Ос-Бæгъатыры куыдæй æвдисынц, уыдон ницы бар дарынц историон рæстдзинадмæ, ныллæг у сæ аивадон æмвæзад. Ос-Бæгъатыр уыд алайнаг хъæбатыр паддзах, адæмы иудзинадыл тохгæнæг, нæ историон фæтæг æмæ йæ хъæуы  аккагæй  равдисын. Мæргъийы фырты хъуыдымæ гæсгæ, эскизтæ хъуамæ æрцæуой мыхуыргонд æмæ сыл адæм схъæлæс кæной.

Историон зонæдты доктор Бзарты Руслан куыд банысан кодта, афтæмæй историктæ цæттæ сты скульптортæ æмæ нывгæнджытимæ æмгуыст кæнынмæ, Ос-Бæгъатыры историон заманы тыххæй сын æрмæгæй баххуыс кæнынмæ: “Мах нæ бауадздзыстæм историон æцæгдзинад зыгъуыммæ кæнын. Уый хъуамæ уа паддзахы сурæт бæхыл бадгæйæ йæхи аккаг миниуджытимæ, уæды  дуджы  хæцæнгæрзтæй ифтонгæй. Уый хъуамæ æвдиса йæ адæмы символ, сæ историон дуг. Ахæм бæгъатырæн æрмæстдæр ис иунæг аккаг бынат – Сæрибары фæз. Фæсвæд искуы æвæрд куы æрцæуа, уæд уымæй æгад кæнæм нæхи”.

РЦИ – Аланийы Национ музейы директоры хæдивæг Мамиаты Михал бæстон радзырдта паддзахы историон хæбæртты тыххæй, монголты ныббырсты фæстæ куыд архайдта Аланты паддзахад æрбаиу æмæ йын йæ хъару сæндидзын кæныныл, гуырдзиаг паддзах ыл сайдæй кæй разылд æмæ йæ мæнгардæй кæй амардта æмæ бирæ æндæр цымыдисаг хабæрттæ паддзахы цардæй.

Цыртдзæвæн сæвæрыны тыххæй ма бирæ чидæртæ загътой сæ хъуыдытæ. “Наследие Алании”-йы директор Габоты Людмилæ æхсыз-гонæй сæмбæлд ахæм фæндоныл: “Ацы арфæйаг хъуыддагыл ма ныхас цыд цалдæр азы размæ. Уæд ницы рауад. Ос-Бæгъатыр у стыр историон гоймаг, йæ цард у иууылдæр таурæгъон. Уый уыд, йæ цард паддзахады сфидар кæнын æмæ бахъахъхъæныныл чи радта, ахæм разамонæг. Ахæм цыртдзæвæн раджы сæвæрын хъуыд. Фæндид мæ, цæмæй монумент уа аивадон æгъдауæй æххæст, æхсызгондзинад куыд хæсса адæмæн”.

Æмбырды  архайджытæ ма æрдзырдтой сæ дарддæры æмгуыстадыл эскизтæ саразыны тыххæй. Ос-Бæгъатырæн цыртдзæвæны бынат равзарыны тыххæй та фæстаг ныхас зæгъдзысты республикæйы разамынд.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.