СКЪОЛАТЫ  – НОГ  ПРЕДМЕТ

Цæмæй рæзгæ фæсивæдæн ахуыры æппæт фадæттæ дæр уа, уый тыххæй бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы, фæлæ уæддæр иуæй-иу скъолаты ахуыры æмвæзад ныллæгдæр у. Цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй федералон бюджет Цæгат Ирыстонæн рахицæн кодта иу милуан æмæ æрдæг сомы бæрц фæрæзтæ. Уыдон хъуамæ лæвæрд æрцæуой республикæйы аст скъолайæн алыхуызон мадзæлттæ æмæ программæтæ æххæст кæнынæн. Сæйрагдæр, корпоративон кабинеттæ скæнын видеоконференцитæ аразынæн. Ахæм видеобастдзинад амынд скъолаты арæзт цæудзæн æдзух, сæ фæлтæрддзинад æмæ ахуыры æмвæзад бæрзонд кæм у, ахæм ахуыры уагдæттимæ, зынгæ адæймæгтимæ. Уый фадат ратдзæн ахуырдзауты зонындзинæдтæ фæфыл-дæр æмæ  сын сæ фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынæн.

Уымæй дарддæр ма, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндонæй фыццæгæм сентябрæй фæстæмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæн лæвæрд цæудзæн факультативон ахуыртæ амалхъомады  архайды бындурыл. Уыцы программæ царды рауадзыны хæс Битарты Вячеслав сæвæрдта ахуырад æмæ экономикон рæзты министрадты раз. Уыдон августы кæронмæ бацæттæ кæндзысты ног предметæн методикон бындур. Республикæйы Сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй рæзгæ фæсивæд ахуырæй дарддæр хъуамæ райсой куысты фæлтæрддзинад, хъуамæ базоной бизнесы архайды фæзилæнтæ, сомбон сæхи дарынхъом куыд уой, афтæ.

Скъолаты ног темæйыл фыццаг лекцитæ бакæсдзæн Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар, экономикон наукæты доктор Тускъаты Таймураз. Уымæ ис стыр фæлтæрддзинад профессионалон ахуырады наукон – иртасæн куысты экономикæйы къабазы æмæ йæ зонындзинæдтæ рæдауæй бацамондзæн рæзгæ фæлтæрæн.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.