“ЭЛЕКТРОЦИНК” ДАРДДÆР  КÆНЫ  ХÆРЗАУДÆН  КУЫСТ

Республикæйы иууыл стырдæр завод “Электроцинк”-ы  куыст стыр æнæнцойдзинад æрхаста цæрджытæн, уæлдайдæр – фæстаг азты, æдасдзинады домæнтæн дзуапп куыд æмбæлы, афтæ куынæуал лæвæрдта, уæд. Ныр, æппынфæстаг, бамынæг заводы куыст. Æнæ бакуыстгондæй дзы цы хомаг, стæй хауæццæгтæ баззад, уыдон ацы бонты ласт фесты йæ территорийæ.

Фæлæ  раст зæгъын хъæуы, куыстуатæн йæ зиан цас уыдис, йæ пайда дæр къаддæр нæ уыд. Æрвылаз бюджетмæ 300 милуан сомы дæттынæй уæлдай кодта стыр хæрзаудæн куыст, дардта цалдæр социалон объекты, кæцыты фæллой кодтой сæдæгай адæймæгтæ.

Куыд ма фыстам, афтæмæй урайлаг хæххон-металлургион компанийы раза-мынды уынаффæмæ гæсгæ сын респуб-ликæйы цы социалон объекттæ ис, уыдон балæвар кодтой республикæйæн æмæ систы нæ исбонады иу хай. Ныр та дарддæр кæнынц сæ хæрзаудæн хъуыддæгтæ.

Заводы мин æмæ æрдæджы бæрц кусæджы баззадысты æгуыстæй. Уыдонæй нæ амалхъомтæ, куыстуæтты хицæуттæ 500 бæрцæн самал кодтой куысты бынæттæ. Фæлæ нырма сæ фылдæр æгуыст сты. Уыдонæй кæмæн сывæллæттæ даринаг ис, чи кредиттæ фиды…

Æмæ та компани уыдоны хъысмæт дæр йæхимæ райста. Йæ куыстуаты филиалтæ сты дунейы алы къуымты – Уралæн йæхи мидæг, Урупскы, Хъæрæсе-Черкесийы… Уыцы регионтæм кусынмæ кæй фæнды, уыдонæн заводы разамынд аразы æппæт уавæртæ дæр: стыр мызд, социалон пакет, карьерæйы рæзт, спорты æмæ сфæл-дыстадон рæзты гæнæнтæ. Сæйрагдæр та, цæрæн бынæттæ æмæ ма фæндаджы хардз дæр. Йæ дæсныйадыл зæрдæзæгъгæ куыст кæмæн нæ разына, уыдонæн фадат ис куыстуаты лæвар курсытæ рацæуынæн æмæ йæ дæсныйад аивынæн. Ацы бонты уал иу къорд араст Хъæрæсе-Черкесимæ. Уыдон фылдæр сты сæ хъуыддаджы стыр дæснытæ, фæлтæрдджын кадртæ, кæцытæ нæхимæ сæ аккаг куыст не ссардтой. Ахæмтыл тынг зæрдиагæй сæмбæлдысты сæ ног куысты.

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм цæттæ кадрты ацыд искуыдæм стыр хъыгаг у, бирæ рæттæм сæ хонгæ дæр кодтой, фæлæ уыдон ам не ссардтой, сæ фæллойæн аккаг мызд кæм исой, социалон зæрдæдарæнтæй æххæст кæм уой, ахæм куыстытæ.

Уый ма йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй бынæттон бюджет цы æхцайæ фæцух уа, уый баххæст кæндзысты ног инвесторты хъалонты бавæрæнтæй, стæй ма федералон бюджет завод сæхгæныны фæдыл цы дотацитæй баххуыс кæна, уыдонæй. Уæдмæ та скусдзысты ног цалдæр куыстуаты…  

УЛÆФÆН ПАРК ЦÆТТÆ УЫДЗÆН

 1 МАЙМÆ

Республикæйы разамынд, стæй æмбæлон службæтæ горæты сыгъдæгдзинадыл  кæддæриддæр зæрдиагæй архайынц, фæлæ уалдзæджы æрцыдæй ноджы тынгдæр базмæлынц. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис æдзух рейдтæ аразы æмæ бæрæг кæны горæты аивдзинад.

Æфснайæг кусæндæтты кусджытæ сæ размæ æвæрд хæстæ æнæлазæй æххæст кæнынц. 7 сахатмæ горæты уынгтæ брæттæй сыгъдæггонд æрцæуынц.

Сæйраг улæфæн парчы территорийыл цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый сбæлвырд кæнгæйæ, горæты хицау аразджытæн бахæс кодта 1 маймæ æппæт куыстытæ сæххæст кæнын.

  Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.