Карз сты хæхтæ, сæхи карз закъæттæ сын ис. Уымæ нæ кæсгæйæ, ирон лæг цардæн фæрæзагурæг цыдис хæхтæм, æвадат ран дæр арæзта фадæттæ цæрынæн. Æмæ хохæй хохмæ хъуыст адæмæн сæ хъæлæба, кæмтты нæрыдис сæ зарæг. Иудзырдæй, нæ зæххыл æлдариуæг кодтой хæхтæ æмæ хæххон адæм. Раст ахæм хæххон бынаты æрбынат кодта Дзауы районы Едысы хъæу дæр. Æрдз æй рæсугъддзинадæй нæ фæхъыг кодта, нæ йæ фæхъыг кодта йæ хъæздыгдзинадæй дæр. Йæ сойджын сæрвæттæ, угæрдæнтæ, йæ диссаджы уазал суадæттæ, абухгæ суæрттæ, алыгъуызон зайæгойтæ, хъæддаг сырдтæ – уыдон æрурæдтой кæддæр ам адæймаджы æмæ дзы æрбынат кодта, сбирæ сты æмæ Урстуалгом байдзаг ис цæрджытæй.

Ацы хæхты хъæбысæй дард æмæ стыр фурдмæ сæ фæндаг райдайынц Едысы, Челиаты, Брытъаты, Сыбайы, Згъуыбиры, Ручъы æмæ Дзомагъы чысыл цæугæдæттæ. Ардыгæй, Едысæй-Цхинвалмæ доны хæтæлы згъоры, нæ горæты цæрджыты афтæ тынг чи хъæуы, уыцы нуазыны дон.

Æппæты фыццаг Едысмæ цæрынмæ æрлыгъдысты дыууæ мыггаджы: Колытæ æмæ Кобетæ. Сæ дыууæтæ дæр Едысмæ æрбафтыдысты зæххы тыххæй, уæд Едыс хъæдласæны онг æмæхгæд уыдис хъæдæй, цæрæг дзы нæ уыдис, æрмæст зындысты Царциаты цæрæнуæттæ, хæдзæртты пыр-хæнтæ. Дыууæ мыггаджы дæр хъæд цагътой æмæ афтæмæй сæхицæн арæзтой хуымтæ æмæ угæрдæнтæ. Колытæ æрцардысты Едысы суары сæрмæ рындзыл æмæ уым сарæзтой мæсыг дæр. Кобетæ та суары фалейæ Леуахийы сæрмæ æрцардысты æмæ уыдон дæр сарæзтой мæсыг.

Фæстæдæр Урстуалтæм æрлыгъдысты æртæ мыггагæй: Беджызатæ, Букуылтæ æмæ Æлбегатæ. Букуылтæ ныллыгъдысты Брытъатмæ æмæ Брытъаты суары цур æрбынат кодтой. Сæ ныхмæ, се ‘рцыдмæ æхсæрдзæны сæрмæ цардысты Рæмонтæ. Æртæ мыггаджы дæр ралыгъдысты, лæгтæ кæй амардтой, уый тыххæй æмæ сæхи бааууон кодтой, цæмæй сæ ма ссарой сæ тудж-джынтæ. Беджызатæ æрцардысты, Едысы хъæуы астæу Царциатæн цы фидар гæнах арæзт уыдис, уым. Гæнах уыдис дыууæуæладзыгон, йæ фарсмæ – мæсыг арæзт, фæлæ йæ хæдзары тыххæй ныккалдтой. Фæстагмæ Беджызаты мыггаг баисты 64 хæдзары. Цардысты æртæ раны: Хъæдласæны, Едысы æмæ Тахойыхъугомы. Сæ къухты бирæ зæхх уыдис.

Æлбегатæ æрцардысты Едысы суары сæрмæ Колыты Хилайы фарсмæ. Хила хæрæфырт уыдис. Цыдис рæстæг, фæлтæртæ ивтой кæрæдзийы æмæ Беджызаты фæстæ Едысмæ цæрынмæ æрцыдысты Дзестæ – Уналæй. Цæвиттон, Уналы куы цардысты, уæд куывд кæнын нæ фæрæзтой æмæ сыл хъоды бакодтой æмæ уый тыххæй Едысмæ ралыгъдысты. Сæ фæстæ Едысмæ æрцыдысты Мамитæ. Сæ иу Бызæ хуынди, уый йе ‘рвад Хетæгкатæй сæ иуæй хæрæг райста æмæ йыл уаргъ хаста. Хъасарагомы хæрæг æд уаргъ былæй ахауди æмæ амарди. Хæрæг бафидын йæ бон нæ бацис æмæ Нарæй йæ усимæ ралыгъдысты Едысмæ æмæ дзы æрцардысты. Басатæ та Едысмæ æрбафтыдысты афтæ: Кучитæ Зæрæмæгæй хастой чындз, уыцы чындз уарзта Басатæй иу лæппуйы æмæ йæ æвæндонæй радта Кучитæн. Басайы фырт хабар куы ба-зыдта, уæд чындзæхсæвы бон Кучиты хæдзарæй чызджы аскъæфта, ахызтысты Сыбайы æфцæгыл æмæ афтæмæй æрбаф-тыдысты Едысмæ. Ам æрбынат кодтой æмæ дзы æрцардысты.

Басаты фæстæ Едысмæ æрбалыгъдысты Гугкаты Хъынду, Хъæдгæроны хъæуы иу лæджы амардта æмæ уый тыххæй. Уый ракуырдта Беджызатæй иу чызджы æмæ сæ зæнæг ауæрæх сты.

Иу заманы Æлбегаты мыггагыл низ сыстади æмæ аскъуыдысты. Баззадис ма сæ иу лæг Батай. Ацы хабар фехъуыстой Урстуалгом æмæ Челиатæй Мæхъиты Хъулагъар æмæ Дзукъаты Гадже – Едысмæ æрбалыгъдысты æмæ Æлбегаты зæххытæй иу хай сæхи бакодтой. Афтæмæй уыдон дæр Едысы цæргæйæ баззадысты. Æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ Едысмæ æрбафтыдысты Тотыратæ æмæ æндæр мыггæгтæ дæр. Афтæ стырæй стырдæр кодта хъæу æмæ баисты 76 хæдзары. Фæлæ сæ иутæ низæй аскъуыдысты, иннæтæй та чи лидзгæ фæкодта, кæй Сыбырмæ фæхастой æд бинонтæ. Зæгъæм, инæлар Ренненкампф 1830 азы фæсырдта Колыты, Хъуды абырджыты кæй хъахъхъæдтой, уый тыххæй. Хъæу стыр кæй уыдис, уый тыххæй йæ Калак хуыдтой, документты дæр Калакский приход фыст уыдис.

Беджызаты ракæнд

Беджызатæ уыдысты 64 хæдзары. Цардысты æртæ раны: Тахойы хъугомы, Едысы æмæ Хъæдласæны – зылды мæсыджы цур. Æртæ раны дæр сын мæсгуытæ уыдис. Иу хатт сæм æхсæвыгон бирæгъ хъæумæ æрцыдис. Куыйтæ йæ асырдтой, бирæгъæн алидзыны фадат нал уыдис æмæ куыройы, цалх кæм зилы, уыцы бынаты смидæг ис. Куыйтæ йæ иутæ нучы ‘рдыгæй хъахъхъæдтой, иннæтæ – дон ракæлæны. Сæ рæйынæй нæ банцадысты æхсæв-бонмæ. Райсом куы æрбарухс, уæд Беджызатæ акастысты, æмæ куыйтæ куыройы фæйнæ фарс лæууынц. Афæдис кодтой, бакастысты, цалх кæм зилы, уырдæм æмæ уартæ бирæгъ йæхи сисмæ нылхъывта æмæ зыр-зыр кæны. Беджызатæ сагæйттæ æрбахастой æмæ бирæгъы æр-цахстой. Райдыдтой тæрхон, цы йын бакæной, уый тыххæй. Иутæ дзырдтой, цæй, йæ дæндæгтæй йæ æрцауындзæм, иннæтæ дзырдтой, цæй, уæлгоммæ йæ æрцауындзæм. Уæд æндæртæ загътой, зæгъгæ йæ удæгасæй бастъигъæм. Æмæ ууыл сразы сты Беджызатæ. Бирæгъы рабынæй кодтой, йæ бæрзæйæ йæ райдыдтой стъигъын, ныууагътой ма йын йæ къахфындзты, стæй йæ суагътой æмæ бирæгъ Тбауациллайы бынмæ балыгъди, стæй æрхаудта. Хурмæ æмпылгæ кодта, къæвдамæ – ивæзгæ. Уырдыгæй фæниудта æртæ æхсæвы æмæ æртæ боны, стæй амарди. Цыппæрæм бон Бе-джызатыл низ сыстади, рынæй цагъды кодтой. Бонæй – æрдиаг, æхсæвы та мæлгæ код-той. Иу лæг ма сæ, Хæмæт, уырыссаг хъазахъмæ службæ кодта, уый баззадис удæгасæй. Йæ бинойнаг Хуыгаты Иккæ йæ дыууæ фырты Пепе æмæ Баиимæ, стæй йæ чызг Бабалеимæ Рæмонатæм алыгъдысты æмæ уым æрбынат кодтой.

Едысæгтæ сæрыстыр кæмæй уыдысты

Едысы бирæ кадджын хистæртæ уыдис. Фыццаджыдæр, зæгъын æмбæлы Беджызаты Пепейы тыххæй. Пепе хъуыстгонд лæг уыдис, Калачы бадæг Воронцовимæ дæр уыдис хæлар. Йæ фыдæлты зæххытæй ма Воронцовы æххуысæй байста. Пепе хайад иста уырыссаг-туркаг хæсты, хорзæхджын уыдис Георгийы 2 дзуарæй. Йæ фырт Леуан дæр хайад иста уырыссаг-туркаг хæсты. Хорзæхджын уыд иу дзуарæй. Леуан кадæггæнæг уыдис. Кадæггæнджытæ ма уыдысты Беджызаты Гæмсыр, Мамиты Тасо, Беджызаты Бетъре, йæ ус Иландо, Тотыраты Лексо, Бураты Зака æмæ Циба, Тотыраты Илас, Тыбылаты Естъа, Гæбуаты Дауит, Дзукъаты Муссæ æмæ æндæртæ.

Зарæггæнджытæ уыдысты Беджызаты Дзамбол, Иван, Дзукъаты Никъала, Сероз, Сланты Бимбол, йæ чызг Симæ, йæ фырттæ Антъон æмæ Гиуæрги. Хъисфæндырæй цагътой Мамиты Тасо, Беджызаты Гæмир æмæ Иван, Мæхъиты Хъайсын.

Мидхæсты æмæ революцийы сæрыл тохгæнджытæ уыдысты Беджызаты Дауит, йæ фырттæ Герас, Чермен, Мелитон, Дзукъаты Иуæрдан, Дзесты Аврам, Гугкаты Лентъо æмæ æндæртæ.

Куыд арæзтой сæ колхоз едысæгтæ

Колхозон арæзтад куы райдыдта, уæд йæ иувæрсты нæ ахызтысты едысæгтæ дæр. Фæлæ се ‘хсæн цыдис агитаци, цыма сын сæ фос иууылдæр исдзысты. Æппæты фыццаг колхозмæ бацыдис Беджызаты Герас, уый бахаста колхозмæ йæ гутон, радта 30 сæры лыстæг фос, 3 хъуджы æд родтæ. Уый фæстæ бацыдис Беджызаты Бетъре, уыдис æм æрмæст 2 галы æмæ сæ бакодта. Сæрдарæй дзы куыста Герас йæхæдæг. Бирæтæ фæтарстысты æмæ сæ фосы уæй кодтой, ома, сæ хицауад байсдзæн. Афтæмæй, кæйдæрты аххосæй сæ фыццаг фæлварæн колхоз саразыны тыххæй нæ рауад. Дыккаг хатт партийы уæнгты хъæппæрисæй сырæзт  колхоз. Фыццаг сæрдар дзы уыдис Беджызаты Андри. Уый рæстæджы колхоз райдыдта мыддарды куыст дæр. Мыдгæс та дзы уыди Беджызаты Дауит. Уый фæстæ колхозы сæрдæрттæй куыстой Беджызаты Дзамбол, Гугкаты Лентъо, Беджызаты Гио, Беджызаты Арчил æмæ Беджызаты Джигитт. Фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ сæ фæндтæ фескъуыдысты. Ацы хъæуы 27 цæрæг хæдзарæй хæстмæ фæцыдысты 27 лæджы. Уыдонæй Беджызатæй – 9,  Дзестæй -7, Басатæй – 4, Дзукъатæй – 2, Абайтæй – 2, Мамитæй – 3. Фæстæмæ ма æрыздæхтысты 14  адæймаджы, фæлæ Абайты æмæ Басаты Нонийы хæдзæрттæ æдзæрæг фесты.

Скъолайы тыххæй зæгъын хъæуы уый, æмæ паддзахы заманы дæр Едысы кæй уыдис райдиан скъола. Уым ахуыргæнæгæй куыста Хъалæгаты Тасо. Уый каст фæцис Дзæуджыхъæуы Колыты Аксойы саразгæ скъолайы. Фæлæ советон дуг æрбалæугæйæ, Едысы скъола нал уæвыд æмæ сывæллæттæ ахуыр кодтой нырма æххуырст хæ-дзары, стæй та – аргъуаны. Едысы ног скъола фæзындис Беджызаты Герас æмæ Сланты Ефимы хъæппæрисон архайды руаджы. Уыдис астæуккаг скъола дыууæсменæйон. Ахуыргæнджытæй дзы куыстой Беджызаты Герас, Сланты Ефим, Георги, Томайты Сарди, Дзадтиаты Сарди, Рутен, Джыгкайты Лизæ, Фæрниаты Гришæ, Галуанты Никъала æмæ æндæртæ. Ацы скъоламæ ма ахуырмæ цыдысты Сыба æмæ Згъуыбирæй дæр фæсивæд. Дардæй чи цыд, уыдонæн арæзт æрцыд интернат.

Едысы цы аргъуан ис, уый сырæзтис 1850 азы, ома, Томайты мыггагимæ Уырыс куы хæцыдис, уæд. Беджызаты Леуан, кæцы фæцардис дзæвгар азты, куыд дзырдта, афтæмæй аргъуан куы арæзтой, уæд æм уый ласта дур æмæ хуыр. Бындур ын куы къахтой, уæд калдысты Царциаты мæрдты стæгдартæ. Аргъуан куы сырæзтис, уæд дзы сауджынæй куыстой Гулиты Ефим, Беджызаты Алекси æмæ Дауит. Легендæтæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæддæр уым Царциаты горæт уыдис. Фæлæ тыхджын зæххæнкъуыст уыдис æмæ Царциатæ зæххы бын фесты – горæты бæсты, уым февзæрдысты æндон къæдзæхтæ æмæ хæхтæ.

Едысы хуыдтой мæсгуыты бæстæ, уымæн æмæ æгас хъæусоветы нæй ахæм хъæу, мæсыг арæзт кæм не ‘рцыдис. Тас-иу куы уыд, уæд-иу хæцæг адæм мæсгуытæй хæцыдысты, цæмæй къаддæр мæлой æмæ фыдгулæй та фылдæр мæла. Мæсгуытæй дарддæр ма Едысы ис уæйгуыты галуан æмæ Царциаты симæн бынат дæр.

Едысæгтæ сæрыстыр сты сæ ахуыргæндтæй

Едысæй бирæ зынгæ адæймæгтæ рацыдис. Уыдонæй иу у Тотыраты Бесо, кусы Бессарабийы Кишиневы университеты. Беджызаты Валодя æрымысыдис Булбанос нау, кæцыйы тыгъдад у иннæ наутæй тагъддæр, лæвæрд ын æрцыдис Жуковскийы номыл премийы лауреаты ном, цæры Ленинграды, Беджызаты Мелитон – Узбекистаны, куыста бæмбæггуыст райтынг кæныныл, уыдис сæ хицауады бæрнон кусæг, Дзесты Куыдзæг – фыссæг, Беджызаты Герас – партизан, ног цардыл тохгæнæг. Йæ инициативæйæ арæзт æрцыд Едысы скъола, Беджызаты Уасо – фыссæг, историон зонæдты кандидат, Беджызаты Къоста – Туркменистаны райтынг кодта къæбæлдзыгхъуын фысты мыггаг, кæцыйы цæрмттæй арæзтой бухайраг худтæ, Беджызаты Коля ныффыста, испайнаг адæм 1936 азы сæрибары сæрыл куыд тох кодтой æмæ йæ ирдæй равдыста йæ пьесæ «Испайнаг мад»-ы, Павлуш – партион кусæг, йæ хо Наташæ – зындгонд ахуыргæнæг, ирон адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг Беджы-заты Дудар, Беджызаты Димитр – майор, инженер, Басаты Хазби – майор. Хазбийы фырттæ – Лева æмæ Батрадз сты историон зонæдты кандидаттæ.  Гугкаты Лентъо æмæ йе ‘фсымæр Дзатте. Лентъо 30 азы фæкуыста хъæусоветы сæрдарæй, Дзатте та зонадон куыст кодта. Сæ кæстæртæ Хуссар Ирыстоны драмон театры зындгонд артисткæ Гугкаты Евелинæ, Шамиль, Батрадз, Махарбег, Зинæ, Зауыр, Хъазбег – се ‘ппæт дæр – уæлдæр ахуырадимæ. Беджызаты Витя у геологон зонæдты кандидат. Ссардта ног згъæр Сыбыры, райста зонæдты докторы ном. Тоты-раты Соскъо куыста Ленинграды Кировимæ.

Едыс ма фæсхæсты азты дæр нæргæ хъæу уыдис, куыд фæзæгъынц, цард дзы цæджджинагау фыхтис, фæлæ, куыдфæстагмæ, хица-уад йæ ныхтæ ныссагъта адæмы, сæвæрдтой сыл стыр хъалонтæ. Сæ бон сæ фидын кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ лыгъдысты уырдыгæй æмæ афтæмæй афтид кодта Едысы хъæу дæр йæ бирæ цæрджытæй æмæ йæ баййæфта, чи федзæрæг сты, æндæр ахæм хъæуты хъысмæт.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.