Знауыры районы ис 17 фермерон хæдзарады, цалдæр бинонтæ кæнынц хъæрмуатты халсар хъомыл кæныны куыст; ис дзы, кæсагдард чи кæны, ахæм адæймаг дæр. Уыдон бынаты фенын æмæ сын сæ куысты уавæртæ бабæрæг кæныны нысанæн РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария сорганизаци кодта пресс-тур республикæйы журналисттæн.

Райдайæны журналисттæ бацыдысты Знауыры районы администрацимæ. Уым сыл фембæлдысты, ацы районын сæргълæууæг Гæбæраты Инал æмæ Хъæууонхæдзарады хайады сæргълæууæг Дзанайты Гиви. Уыдон журналистты лæмбынæг базонгæ кодтой районы цард æмæ архайдимæ.

Дзанайты Гиви куыд загъта, афтæмæй «ныртæккæ Знауыры районы архайы 17 фермерон хæдзарады. Уыдонæй иутæ нымад цæуынц раззагдæртыл. Иннæттæ та лæмæгъдæрыл. Æрвылбон дæр куысты хорз фæстиуджытæ къухты бафтын кæнынмæ чи тырны, уыдон сты арендатортæ Къæбулты Димитр, Гобозты Алан, Мамиты Æхсар, Петриашвили Гия æмæ æнд.», – дзырдта районы хъæууон-хæдзарады хайады сæргълæууæг.

Уый ма масс-медиайы минæвæрттæн æрдзырдта, районæн африкæйаг емынæ цы стыр зиæнттæ æрхаста, ууыл дæр. Кæд ивгъуыд аз ацы низæй 80 мæ ‘ввахс хæдзарон фос амард, уæд 2017 азы африкæйаг емынæйæ амард 190 хуый. Журналисттæ цымыдис кодтой: мард фосы ныхмæ æхцайы компенсаци лæвæрд æрцыд адæмæн, æви нæ. Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг, фехъусын кодта, стыр хъыгагæн, районы бюджеты фæрæзтæ кæй нæй. «Кæд æмæ хицауад исты уынаффæ рахæсса æмæ æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæна, уæд уый мæнæй æхсызгондæр никæмæн уыдзæн», – зæгъы Гæбæраты Инал.

    Цардмæ тырнæг æвзонг лæппу

Царды домæнтæ алыгъуызон сты æмæ дзы адæймаг хъуамæ равзара, йæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр чи вæййы, ахæм дæсныйад. Æнувыд ыл куы уа, уæд иу æнтыст иннæйы фæдыл æфтдзæн йæ къухты, айхъуысдзæн йæ хорзы кой æмæ дзы райгонд æмæ бузныг уыдзысты алчи-дæр. Зæххы куыстмæ уарзондзинад Знауыры районы цæрæг Къæбулты Димитр йæ ныййарджытæй рахаста, уыдон ын банкъарын кодтой фæллой кæныны ад. Хъæуы чи схъомыл вæййы, уымæн адджын æмæ æхцон у йæ радтæг зæхх, æдзухдæр æй йæхимæ фелвасы. Зæхмæ куыд хуыздæр базилай, афтæ дын барухс кæндзæн дæ зæрдæ. Райдайæны Димитр сарæзта хъæрмуат, баххуыс ын кодта Знауыры районы администраци. Байтыдта дзы памидортæ, зылд сæм æмбæлон æгъдауæй, бауагъта сæм доны хæтæл, кæцы уыд лыстæг хуынчъытæ æмæ æвзартыл дон фæцыд æртахгай. «Уый у иууыл хуыздæр фæрæз донхæр кæныны рæстæджы, уымæн æмæ мæр йæхимæ исы, цас æй хъæуы, уый бæрц дон, сыджыт та баззайы йæхи мидæг. Памидоры къутæр рæстæгыл хъуамæ æрцæуа баст. Цы уæлдай къалиутæ йыл æрзайа, уыдон хъæуы рæстæгæй-рæстæгмæ æхсæдын, цæмæй фылдæр тыллæг дæттой», – зæгъы æвзонг арендатор. Ахæм æмæ ма ноджы агротехникæйы æндæр домæнтæ æххæст кæныны фæстиуæгæн уый ивгъуыд аз райста хæрзгъæд тыллæг, иу тоннæйæ фылдæр. Уый реализаци цыд канд Знауыры нæ, фæлæ ма нæ горæты дæр. Ацы аз дæр та дзæвгар бакуыста Къæбулты лæппу – æрыскъæф тоннæ æмæ æрдæг, къабуска, хъæдындз, нуры, цывзыйы алы хуызтæм кæсгæйæ зæрдæ райы. Йæ памидортæ баст бæттæнтыл сæхиуыл хæрдмæ схæцыдысты æмæ ныр сæ бæрзæнд у 150-200 см бæрц, æрзад сыл фæйнæ 13-15-гай гагатæ. Уыдон ныридæгæн рæгъæд байдыдтой. Йæ æрыскъæфтæй кæд дзæвгар фæуæй кодта, уæддæр сыл нырма дæр ис.

Дарддæр масс-медиайы кусджыты фæнд уыд арæнгæрон цæрæн пункты цæрджыты царды уавæртæ бабæрæг кæнын, «Югостальк»-ы куыстуат ныртæккæ цы уавæры ис, уый бынаты фенын. Хъыгагæн, информацийы фæрæзты минæвæрттæ арæнмæ æввахс Балтайы хъæумæ бахизæны урæд æрцыдысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй, арæныл хизгæйæ хъуыд развæлгъау æмбæлон процедурæтæ рацæуын. Мах, æмбарæм, паддзахадон арæнтæ халын кæй нæ хъæуы, уый æмæ быцæуыл не схæцыдыстæм. Нæхимæ, арæнгæронмæ æрдомдтам уыцы хъæуты администрацийы сæргълæууæг Томайты Андрейы. Уый нын радзырдта: «Ивгъуыд рæстæджы нæ цæрæн пункт хъуыстгонд уыд завод «Грузтальк»-æй, ныры «Югостальк»-ы фæрцы. Советон дуджы ацы завод уагъта тальк, серпантинит æмæ хаста стыр æфтиаг. Ныртæккæ Балтайы администрацимæ цы хъæутæ хауынц, уый цæр-джытæ уæззау уавæры бахаудтой. Нæй сын куысты уавæртæ адæм бар-æнæбары лидзинаг фесты райгуырæн къуымæй.

Нæ администрацийы уæды заманы уыд 450 хæдзары. Ныр ма уыдон нымæц у æрмæстдæр 12. Уымæй дæр зæронд адæм. Фæзæгъынц, зæгъгæ, хъæумæ хъуамæ уа фæндаг, цæмæй дзы адæм цæрой. Мæнмæ та афтæ кæсы, хъæуы хъуамæ уа куыст, уæд адæм никуыдæм лидздзысты. Суанг ма æндæр рæттæй дæр æрцæудзысты уыцы хъæумæ цæрынмæ. Цалынмæ «Югостальк» куыста, уæдмæ царды уавæртæ хорз уыдысты, куысты мызд уæды барæнтæм гæсгæ бæрзонд уыд æмæ фæсивæд дæр сæхи горæтмæ не ‘ппæрстой. Мæнæн мæхицæн дыууæ фырты ис, сæ дыууæ дæр горæты цæрынц. Абон дæр бæргæ æрбаздæхтаиккой сæ райгуырæн хъæумæ, фæлæ æгуыстæй куыд цæрой», – зæгъы Балтайы хъæуы администрацийы сæргълæууæг.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй абон завод раздæр цы хъомысадæй куыста, тальк куыд уагъта, уымæ аздæхæн нæй. Иуæй талькы продукци уадиссаг ахадгæ нал у, аннæмæй завод æххæст гуырахстæй скусын кæнын стыр проблемон у. Ам, цы æрдзон хæзнатæ ис, уыдон сты цалдæр: серпантин, мрамор, гранит æмæ а.д. Гæнæн ис, уыцы æрдзон хæзнатæй арæзт цæуа мозаикон плиткæ. Уый, дам, уаид стыр хæрзиуæг, 30 адæймагæй фылдæр та ифтонг æрцæуиккой куысты бынæттæй.

Томайты Андрей ма куыд зæгъы, афтæмæй Балтайы хъæуы сæрибарæй саразæн ис хъæдфадæн цех дæр. Амы хъæд хъæздыг у тæрс бæласæй.

Журналисттæ бацыдысты Бехъмары хъæумæ дæр. Ам цæрджытæ хъаст кодтой, культурæйы хæдзар сæм кæй нæй, уый тыххæй. Цы егъау стыр клуб сын уыд хæсты агъоммæ, уый хъусдарды фыдæй бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд.

 

Фермерон хæдзарад «Знауыр»

Нæ республикæйы ис экологион æгъдауæй сыгъдæг районтæ, æнæспайдагонд зæххытæ æмæ ма кусæгдых дæр. Фæлæ, цæмæй базар фыдыбæстæйон продукцийæ æххæстæй ифтонг цæуа, уый тыххæй нæ хъæуы ацы къабазы системон æгъдауæй разæнгард кæнын. Бынæттон фермерты продукттæ, зындгонд куыд у, афтæмæй æрласгæ продуктæй, фыццаджыдæр, хицæн кæнынц, сæ натуралон адæй æмæ хæрзгъæдæй. Уымæй дарддæр ма, куыд фæтк, афтæмæй сты экологион æгъдауæй сыгъдæг æмæ куыст цæуынц æнæ химикаттæй. Ахæм миниуджытæ сæм кæй ис, уымæ гæсгæ сæ тынг фæрсынц фæлхасгæнджытæ.

Йæ амонд фæллойы чи уыны, куыстмæ æнæзивæг чи у, ахæм амалхъом адæймæгтæ дæр нæм дзæвгар ис. Уыдонæй иу у Гобозты Алан. Йæ фермерон хæдзарад та хуыйны «Знауыр». Уый æфсæнттæ нæ агуры, стæй иудадзыг паддзахадмæ не ‘нхъæлмæ кæсы фæрæзтæ рахицæн кæныныны охыл, фæлæ йæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ архайы. Алан фос скодта цалдæр азы размæ. Æнцон ын нæ уыд, райдианы, тыхст. Фæлæ адæймаджы цы бафæнда æмæ цы нæ сараздзæн. Райдианы балхæдта цалдæр роды, уыдонæй бындур æрæвæрдта йæ хъуыддагæн. Æнцон нæу фос дарын, бирæ фыдæбон, фезмæлд домы. Бирæ зындзинæдтыл æмбæлд Гобозты лæппу дæр, фæлæ быхста. Ныр уый бындуронæй æрæвнæлдта фосдард райтынг кæнынмæ, алы уавæртæ сын аразынмæ. Сарæзта скъæттæ, холлагдонтæ. Æппæт уыдæттæ аразы йæхи тыхтæй. Уый фæстæ бавдыста йæ бизнес-план дæр. Иу чысыл ын баххуысчындæуыд кредитон фæрæзтæй дæр. Фосдарды куыстæй дарддæр ма кæны маргъы куыст дæр. Ис ын горæты цалдæр ран йæхи дуканитæ. Уым уæй кæны фыдызгъæл æмæ æхсыры продукттæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, цæмæй йæ рауадзгæ продукци къухæй-къухмæ уæй ма хъуамæ цæуа, фæлæ йæ фæлхасгæнæг æлхæна иу бынаты.

Æцæг Гобозты лæппу цъус хъыг у Хи-цауадмæ. Æрæджы æрдзон æнамонддзинады аххосæй ныккалдысты йæ фермæтæ, сæ быны фесты мæргъты фылдæр хай. Цæмæй фæстæмæ агъуыстытæ сарæзтаид, уый тыххæй домдта æх-хуыс, фæлæ… «Хицауадæй дæр ма чысыл æххуыс куы уаид ахæм рæстæджыты, уæд нæ ныфс ис, махæн нæ бон кæй суыдзæн республикæйы æппæт цæрджыты дæр, цадæггай, экологион æгъдауæй сыгъдæг продукцийæ сифтонг кæнын», – зæгъы фермер.

 

Кæсагкуыстгæнæг

Дарддæр дзыллон-информацийы минæвæрттæ сæ фæндаг акодтой Гъуертеуы хъæумæ, цыран не ‘мбæстаг Петриашвили Гия сарæзта бассейн, ауагъта дзы хъулон кæсаг æмæ ныридæгæн йæ бизнес цадæггай йæ къахыл слæууыд. «Фондз азы размæ райдыдтон ацы куыст, мæхи тыхтæй. Раст зæгъгæйæ нæу æнцон куыст, бирæ кусын, архайын дзы хъæуы. Фæкæсынц мæм улæфт бонты мæ кæстæр æфсымæртæ. Хъулон кæсаг нæ климатон уавæрты йæхи хорз хаты. Иууыл æвзæрдæр сын у, стыр къæвдайы аххосæй дон куы сызмæсты вæййы, уый – змæст дон хъулон кæсагæн у йе стырдæр знаг. Ныртæккæ сымах цы кæсæгты уынут, уыдон лæппынтæй, 5 граммы куы уыдысты, уæд сæ бæлхæдтон Цæгат Ирыстоны. Октябры мæйы сæ ауагътон бассейны, ныр уыдон сты 100 граммæ ‘ввахс æмæ цæттæ сты реализацимæ. Кæд æмæ мæм Хицауад чысыл истæмæй фæкæса, уæд та хъавын мæ бизнес чысыл фæуæрæхдæр кæнын. Кæсаджы хуызтæй иууыл ахадгæ зынаргъдæр у – асетр. Мæ зæрды ис, уыдон мыггаг дæр райтынг кæнын», – зæгъы Гия.

Адæймаг куыстуарзаг куы уа, уæд ын вæййы æнтыстытæ дæр. Гия йæ хæдзарады цур ныццагъта хъæд, скъахта дзы бассейн, йæ алыварс ын сæвæрдта беседкæтæ æмæ ныр уыцы бынаты сæ сæрдыгон рæстæг фервитынц хъулон кæсагæн табугæнджытæ-гурмантæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.