Гениалон поэт Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл ацы аз 160 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уый цытæн кадджын юбилейон бӕрӕгбонмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Цхинвалы районы Культурӕйы хайады кусджытӕ йӕ сӕргълӕууӕг Гаглойты Ростиславы разамынадæй. Культурон-рухсадон артдзӕстытӕ афӕдзы дӕргъы цӕттӕ кӕндзысты, стыр поэты ном ӕмӕ сфӕлдыстадон архайдимӕ баст чи уа, ахӕм ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлттӕ. Библиотекӕтӕ, Культурӕйы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ клубтӕ бацӕттӕ кӕндзысты Къостайы чингуыты равдыстытӕ, уадздзысты литературон изӕртӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ. Гаглойы фырт куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕввахс рӕстӕджы районы фӕлгӕтты уагъд ӕрцӕудзӕн, Къостайы уацмыстӕ ӕмӕ ирон поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсыны конкурс. Уымӕй дарддӕр ирон фысджытӕ, культурæйы кусджытæ фембӕлдзысты Громы хъӕуы цӕр-джытимӕ ӕмӕ сын ӕрдзурдзысты гениалон поэты сфӕлдыстады ахадындзинадыл. Сӕхи рады скъоладзаутӕ бацӕттӕ кӕндзысты Къоста ӕмӕ æндæр ирон поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ.

Вокалон къорд «Ирон фӕндыр»-ы ралӕуд алыхатт дӕр цины ӕнкъарӕнтыл бафтауы аивадуарзджыты. Уымӕн арӕхстджынӕй разамынд кӕнынц Саппиаты Зӕлинӕ ӕмӕ Ӕлборты Шоренӕ, къорды та архайынц Хуыгаты Дзамболат, Хацырты Земӕ, Гогинова Кристинӕ ӕмӕ Задыты Олеся. Уыдон ӕрӕвнӕлдтой сæ репертуар Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ поэтыл фыст зарджытӕй фӕхъӕздыгдӕр кӕнынмӕ. Иудзырдӕй, сӕ разы дзӕвгар хӕстӕ лӕууы ӕмӕ сыл кусынц, цӕмӕй кадджын юбилейыл сæмбæлой æмбæлон уагыл.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.