Уæздан саг Ирыстоны хъæдты æрбынат кодта рагзамантæй фæстæмæ. Уæвгæ та ирон адæммæ саг кæддæриддæр нысан кодта рæсугъддзинад æмæ граци. Арæх-иу уыдис аргъæутты æмæ таурæгъты сæйраг хъайтар. Уæдæ йын йæ сурæт ныффидар кодтой ирон национ орнаменты дæр.

Цыппæрæмы Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæлварæн цуанон хæдзарады вольермæ Уæллаг Санибайы уагъд æрцыд 10 европæйаг уæздан саджы. Ацы хабар хъусын кæны республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады пресс-службæ. Цæрæгойтæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ цæмæй бынæттон климатыл æрцахуыр уый. Цалдæр мæйы фæстæ сæ рауадздзысты æрдзон тыгъдадмæ. Сагтæ республикæмæ ласт æрцыдысты Ростовы областæй. Цæгат Ирыстоны æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермены ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзæлттæ æххæст  цæуынц уæздан саджы мыггаг сног кæныны тыххæй, уый хорзырдæм фæзындзæн амынд цæрæгойты нымæц фæфылдæр кæнынæн. Цæрæгойты дардзысты æрдзон уавæртæм æнгæс уавæрты, цæмæй сын æрдзон тыгъдадмæ рахызт æнцондæр уа. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, фæстаг дыууæ азы республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад Цæгат Ирыстоны æрдзон тыгъдадмæ кæй рауагъта 36 саджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.