13-æм декабры Мæскуыйы Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Культурон центры цытджын æгъдауæй схорзæхджын кодтой VII-æм æрвылазон æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ»-ы лауреатты.

Ацы литературон преми цалдæр азы размæ фидар æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыры æмархайды руаджы æмæ ныр уымæй æрвылаздæр хорзæхджын æрцæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл цымыдисондæр уацмысты автортæ.

«Булæмæргъ»-ы преми цытджын æгъдауæй радтыны церемони байгом кодтой Гасситы Знауыр æмæ Азнауырты æфсымæртæ – Витали æмæ Вячеслав. Уыдон арфæ ракодтой æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ»-ы тыххæй сæ фарсмæ æдзухдæр чи æрбалæууы, æппæт уыдонæн. Сæрмагондæй та арфæ ракодтой зындгонд æхсæнадон архайæг, меценат Тотоонты Александр, Мæскуыйаг ирон общинæйы сæрдар Абайты Алан æмæ Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Гогинов Таймуразæн. Нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар та йæ раныхасы бакаст Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæйы сидт мадзалы организатортæн сæ архайды цытæн. «Литературон преми «Булæмæргъ» егъау хайбавæрд хæссы мадæ-лон æвзагыл чи фыссы æмæ цымыдисон уацмыстæ чи фæлдисы, уыимæ иумæ ирон литературæйы рæзт æмæ пропагандæ кæнынмæ йæ бавæрд чи хæссы, уыцы æрыгон æмæ курдиатджын адæймæгты сразæнгард кæныны нысанæн æмæ сæ размæ ракæныны хъуыддаджы. Уый та, сæйраджыдæр, ахъаз у ирон æвзаджы райрæзтæн. Ацы хъуыддагæн ис егъау нысаниуæг æхсæнады æмæ арфæгонд уæнт ацы премийы организатортæ сæ иузæрдион куысты тыххæй», – дзырдæуы арфæйы сидты. Нæ бæстæйы сæргълæууæг ма арфæ ракодта премийы лауреаттæн дæр æмæ банысан кодта аргъ кæнын кæй хъæуы, мадæлон æвзагыл чи фыссы, уыдонæн.

Цытджын церемонийы фæлгæтты РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ, УФ-йы Стыр театры прима-балеринæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артисткæ Екатеринæ Крысановайæн лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы кадджын ном.

Мадзал байгом кæныны цытджын церемонийы ма хайад райстой нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, афтæ ма Мæскуыйы Хицауады бæрнон адæймæгтæ.

Цытджын церемонийы хайадисджытæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр æмæ банысан кодта «Булæмæргъ»-ы нысаниуæг. Уымæн йæ ныхас уыд, зæгъгæ, литературон преми азæй-азмæ кæй æнгом кæны, фысгæ чи кæны, уыцы курдиатджын адæймæгты. «Æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ» сбæрæг кæны бирæ курдиатджын æмæ сфæлдыстадон адæймæгты, кæцытæ фæлдисынц цымыдисон æмæ профессионалон уацмыстæ, афтæ ма кæнынц тæлмацы куыст дæр. Ахæм адæймæгтæ, фыццаджыдæр, лæггад кæнынц аивадæн æмæ Ирыстонæн. Уый та ахъаз у, цæмæйдæриддæр нæ цард кæна мидис-джындæр, хъæздыгдæр æмæ ирддæр», – загъта Сергей Меняйло.

Ацы аз «Булæмæргъ»-ы премийы совет рахаста ахæм фæндон, цæмæй хицæнæй схорзæхджын кæной курдиатджын педагог-лингвистты. Уыцы сæрмагонд номинацийы лауреаттæй иу ссис нæ горæты 5-æм астæуукаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Батрадз зонад-ахуырадон процессмæ егъау хайбавæрд кæй хæссы, уый тыххæй.

Адæмон фольклор æмæ национ литературæйы прозæйы жанры райрæзт, популяризаци æмæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ егъау хайбавæрды тыххæй  фыццаг къæпхæны дипломæй та хорзæхджын æрцыд Цæгат Ирыстоны Фæсивæды æфсæддон-патриотикон хъомылады центры сæргълæууæг Касаты Аслан, йæ радзырдты æмбырдгонд, адæмон сфæлдыстад æмæ тæлмæцты куыст «Хæрзæмбæлæг»-ы тыххæй.

Дыккаг къæпхæны лауреат ссис горæт Беслæны  сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Зæгъойты Маринæ йæ аргъæутты æмбырдгонд «Цыкурайы фæрдыг»  æмæ ирон æвзаг скъолайы кары агъоммæйы сывæллæтты æхсæн кæй популяризаци кæны, уый тыххæй.

Æртыккаг къæпхæны дипломæй та хорзæхджын æрцыд популярон зарæггæнæг Алла Кокион, кæцы ирон зарæг æмæ национ поэзи пропагандæ æмæ райрæзты хъуыддагмæ хæссы йæ хайбавæрд.

Æхсæнадæмон литературон преми, афтæ зæгъæн ис, æмæ канд фысджыты æнгомгæнæг нæу, фæлæ ма национ литературæйы райдиан къахдзæфтæ чи кæнынц, ахæм æрыгон курдиатджын адæймæгты æргомгæнæг дæр, æмæ сын нæ газеты коллектив дæр зæрдиагæй арфæ кæны.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.