2023 азы фонд хорзыл кæцы проекттæ банымадта, уыдон уыдысты – хъæууон хæдзарады чи архайдта, ахæм фараст фермеры, æхсæнадон лæггæдты фадыджы 13 амалиуæггæнæджы, базарадон лæггæдты – фараст, æмæ туризмы къабазæй та æртæ адæймаджы, – фехъусын кодта Экономикон райрæзты министрады Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадон хатырон кредиттæй ахъаз кæныны фонды æвджидарты советы æххæстгæнæг директор Бибылты Ноннæ.

Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы фонд нæ республикæйы æрбайгом 2018 азы. Æхсæз азы дæргъы хатырон кредиттæй ифтонг æрцыдысты 350 адæймаджы. «Ацы закъон архайын куы райдыдта, уæд сæрæй йæ иумæйаг суммæ уыд 21 милуан сомы, æмæ фыццаг аз кредиттæ райстой 49 адæймаджы. 2021 азы суммæ дыууæ милуаны фæфылдæр. 2022 азы схызт 59 милуан соммæ. Ацы аз та фонды советы бæрны уыд 60 милуан сомы. Иумæйаг æфтиæгты стырдæр хай дзы сты, паддзахадон бюджетæй цы фæрæзтæ рахицæн кæнынц, уыдон. Иннæ хай та сты кредитон организациты дипозиттыл сæвæрынæй цы проценттæ æрбацыдысты, уыдон», – загъта Бибылты чызг.

Кредиттæй нысанмæздæхтæй пайда кæнынц æви нæ, уыцы фарстæн та фонды сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, экономикон рæзты министрады архайы цæстдарды къамис,  графикмæ гæсгæ бынаты бабæрæг кæнынц алы кредиторы дæр, стæй ма бакуыстой кредиттæ фæстæмæ раздахыны механизмыл дæр.

Хатырон уавæрты кредит райсæн куыд ис?

Ацы фарстæн дæр Бибылты Ноннæ дзуапп радта: «Ног азы конкурсы хайад райсыны тыххæй развæлгъау нæ дзурдзыстæм. Фæлæ-иу раззаг азты документтæ ист цыдысты 16-æм январæй 16-æм февралмæ. Цы документты номхыгъд æрæмбырд кæнын хъæуы, уый тыххæй информаци ныммыхуыр кæнæм Экономикон райрæзты министрады сайтыл æмæ ма газетты фæрстыл дæр. Науæд та бæстон информаци райсæн вæййы Экономикон райрæзты министрадæн Владимир Путины уынджы 4-æм хæдзары Типографы бæстыхайы 1-æм уæладзыджы цы хайад ис, уым. Мах специалисттæй, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадимæ чи кусынц, уыдон уым æрбынат кодтой. Амалиуæгад кæныны тыххæй бизнеспълæнттæ æмæ æндæр документтæ куыд бацæттæ кæнын хъæуы, уый сын специалисттæ лæмбынæг бацамонынц. Уый фæстæ сæ рарвитынц фондмæ, æмæ мах равзарæм хуыздæр бизнеспълæнттæ. Къамисы сконды ис æхсæз адæймаджы, уыдонæй дыууæйæ сты Президенты ми-нæвæрттæ, дыууæйæ та – Парламентæй. Къамисы скондæй дыууæ адæймаджы та сты амалиуæггæнджытæн сæхицæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.