17 декабры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта Хицауады радон рабадт, цыран хайад райстой министрадтæ, комитеттæ  æмæ  ведомствоты сæргълæуджытæ.

Боны фæткы уыд 15 фарсты, кæцытæ баст уыдысты 2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтимæ.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой республикæйы социалон-экономикон рæзты план. Бавдыста йæ Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади. Сæйраг хъусдард здæхт цæуы экономикæйы реалон секторы, хъæууон хæдзарады, туризмы æмæ æрдзæй пайда кæныны рæзтмæ.

Боны фæткы цы фарстатæ уыд, уыдонæй сæ иу уыд «Пенситы тыххæй» закъоны проектмæ ивындзинæдтæ бахæссын æмæ йæ райсыны фарст. Ацы фадыджы ногдзинæдтæ сæ тыхы бацæудзысты 2019 азæй, фæлæ уал уæдмæ закъоны проект хъуамæ æрвыст æрцæуа Парламентмæ. Хицауады уæнгтæм фарстатæ сæвзæрд иуæй-иу пунктты фæдыл, уымæ гæсгæ закъоны проектыл уынаффæ кæнын хаст æрцыд радон рабадтмæ.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «2019-2022 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны кадрты резерв цæттæ кæныны тыххæй паддзахадон нысанмæздæхт программæ.

Рабадты æркастысты æмæ хорзыл банымадтой 2019 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй закъоны проект.

Фарсты фæдыл æрдзырдта республикæйы финансты министр Хæбæлаты Азæ, кæцы æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта сæйраг финансон документимæ. Йæ ныхæстæм  гæсгæ  бюджеты æфтиæгты хай у 8 739 590,3 мин сомы. Уыдонæй 82,5 проценты у финансон æххуыс, кæцы нæ республикæйæн рахицæн кодта Уæрæсейы Федераци, уыцы нымæцы 2 787 200 мин сомы рахицæн æрцыд 2019 азы Инвестпрограммæйы сæххæст кæныны сæраппонд.

Рабадты сфидар кодтой 2019 азæн медицинæйы пайда кæнынæн, иууыл æнæмæнгхъæуæгдæр æмæ ахсджиагдæр препаратты номхыгъд.

Афтæ ма иу азы æмгъуыдмæ адарддæр æрцыд Сырх Дзуары Дунеон Комитеты уæвынад нæ республикæйы.

Кæронбæттæны Хицауады уæнгтæ схъæлæс кодтой, цæмæй микрорайонты цы Ногазон назбæлæстæ хъуамæ æвæрд æрцæуой, уыдонæн конкурс ауадзыны æмæ 27-æм ноябры Карзманы хъæуы йæ хæдзар æмæ йæ фæллой зынгсирвæзты рæстæджы кæмæн басыгъдысты, уыцы цæрæг Бахтуридзейæн баххуыс кæныны тыххæй фæрæзтæ рахицæн æрцæуа резервон фондæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.