Хуссарирыстойнаг æвзонг боксертæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой 13-14-аздзыд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Ставрополы крайы. Чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Гуыцмæзты Тамерлан æмæ Коцты Давид. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег. Дыууæ дæр финалы рамбылдтой цæцæйнаг боксерты. Тамерланæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 48 кг уæзы категорийы, Давид та фыццаг ссис 70 кг уæзы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма Гуыцмæзты Тамерлан нымад кæй æрцыд ерысты иууыл хуыздæр боксерыл.

Ныр дыууæ боксеры райстой сæ кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар, кæцы уагъд цæудзæн майы мæйы кæрон.

Ставрополы крайы ма уагъд цыд Предгорный районы муниципалон зылды спортивон скъолайыл 50 азы сæххæсты цытæн гом турнир. Уым та фыццаг бынæттæ бацахстой Хуриты Дмитри æмæ Тыбылты Александр. Ерысты æвзист призер та ссис Коцты Андрей.

Спорстменты тренертæ сты Куымæридтаты Родион, Куымæридтаты Руслан, Цоциты Оскар, Тедеты Александр æмæ Плиты Азæмæт.

 

ФУТБОЛ

   Национ футболон къорды радон туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд чемпионаты лидер «Оренбург»-имæ. Ацы хъазты дæр та алайнæгтæ архайдтой сæ ныхмæлæууæг командæйæ хуыздæр. 52-æм минутыл бакуыстой 11-метрон цæф. Фæлæ фысымты кулдуаргæсæн бантыст пурти æрцахсын. Уымæй 13 минут фæстæдæр дыккаг бур карточкæ райста æмæ тæрхонгæнæг хъазæн фæзæй арвыста алайнæгты хъахъхъæнæг Саулохты Давиды. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, дзæуджыхъæуккæгтæ дарддæр дæр стыр тыхтæй цыдысты атакæйы, фæлæ пурти бакъуырынæн цы уавæртæ сарæзтой, уыдонæй не спайда кодтой. Афтæмæй хъазт фæцис 0:0 хыгъдæй.

Чемпионаты кæронмæ ма баззад 4 хъазты. «Алани» радон туры 30-æм

апрелы хъаздзæн Тольяттийы «Акрон»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.