УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Цхинвайлаг богал Дзæгъиаты Сослан ссис, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Наро-Фоминскы. Сослан архайдта 85 кг уæзы категорийы. Ныр уый хайад исдзæн, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты, кæцы уагъд цæудзæн 28-30 июны польшæйаг горæт Краковы. Йæ хъомылгæнинаджы архайдæй тынг райгондæй баззад йæ тренер Коцты Тамерлан.

«Сослан йæхи хорз бацæттæ кодта. Хæцыд, йæ тыхтыл æууæндгæйæ, æмæ бæрæг тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй. Финалы та 7:1 хыгъдæй рамбылдта мæхъæлон хъæбысæйхæцæг Эмир Муцольговы, кæцы хъахъхъæдта Белгороды областы спортивон кад», – загъта Коцты Тамерлан.

Тренер ма фехъусын кодта йæ иннæ хъомылгæнинæгтæ Зассеты Азæмæт æмæ Бестауты Андрей та хуыцаубоны, 21 апрелы кæй атæхдзысты Иркутскмæ. Уым хайад райсдзысты, 18 азы онг кæуыл цуæы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ фæбæрæг уыдзысты, ацы кары спортсменты ‘хсæн дунейы æмæ Европæйы чемпионатты хайад райсыны бар чи райсдзысты, уыдоны нæмттæ. 

ВОЛЕЙБОЛ

Волейболæй Хуссар Ирыстоны чызджыты ног æмбырдгонд командæйы хъазджытæн фыццаг хатт бантыст сыгъзæрин майдантæ рамбулын. Ахæм æнтыст уыдонæн сæ къухты бафтыд РЦИ-Аланийы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Мæздæджы. Хуссарирыстойнаг командæйы уæнгтæ кæд алыгъуызон ерысты хайад арæх фæисынц, уæддæр ныр сæ цæттæдзинад фыццаг хатт фæлвæрдтой РЦИ-Аланийы чемпионаты. Ерысты хайад истой 5 командæйы. Чемпионаты уагæвæрдмæ гæсгæ уыдон кæрæдзиимæ акодтой фæйнæ иу хъазты. Фыццаг хъазт хуссарирыстойнаг волейболисткæтæн æнтыстджын нæ рауад – 3:2 хыгъдæй фæхæрд сты Мæздæджы командæйæн, фæлæ фæстæдæр иннæ фембæлдтытæй алкæцыйæ дæр рахызтысты уæлахиздзауæй, уый хыгъд Мæздæджы командæ та фембылд иннæ хъæзтыты. Афтæмæй, нæ чызджытæ æрæмбырд кодтой иууыл фылдæр очкотæ æмæ бацахстой фыццаг бынат. 3:1 хыгъдæй рамбылдтой Дзæуджыхъæу æмæ Горæтгæрон районы командæты, 3:0 хыгъдæй та фæуæлахиз сты Кировы районы æмбырдгондыл.

Командæйы тренертæ сты Джыгкайты Ингæ, Цхуырбаты Вадим æмæ Кокойты Эдуард.

               ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы чемпионаты дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы фæд-фæдыл æртыккаг уæлахиз бафтыд Дзæуджыхъæуы командæ «Спартак-Дзæуджыхъæу»-ы къухты. Ныр та дзæуджыхъæуккæгтæ уазæгуаты 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз сты «СКА Ростов-Дон»-ыл. Пуртитæ бакъуырдтой Цæриты Алан, Къобесты Давид æмæ дыууæ хатты та расгуыхт Гатыгкоты Давид. Гогниты Спартакы хъомылгæнинæгтæ радон хъазт акæндзысты 21 апрелы Махачкалайы «Легион Динамо»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.