Хуссарирыстойнаг боксертæ тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Уæрæсейы профцæдисты физкультурон-спортивон æхсæнады чемпионаты. Бантыст сын дыууæ сыгъзæрин майданы рамбулын. Ерыстæ уагъд цыдысты Хъæрæсе-Черкесийы  Домбайы поселочы.

80 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Гæбæраты Алимæн. Тренер Тедеты Александры хъомылгæнинаг æрдæгфиналон тохы баллтæм гæсгæ рамбылдта дагъыстайнаг боксеры. Финалы та фыццаг раунды фæуæлахиз Пензæйы областы минæварыл.

Хуссарирыстойнаг спортсментæй дыккаг сыгъзæрин майдан та бафтыд Цхуырбаты Давиды къухты. 63 кг уæзы категорийы акодта цыппар тохы. Фыццаг æртæ фембæлды баллтæм гæсгæ рамбылдта Кæсæг-Балхъар, Стъараполы край æмæ Хъырымы минæвæртты. Финалы та дыккаг раунды фæуæлахиз Пензæйы областы спортсменыл.

Давиды тренертæ сты Бестауты Чермен æмæ Гæбæраты Гамлет.

Ацы æнтысты фæрцы ныр Гæбæраты Алим æмæ Цхуырбаты Давид  райстой сæ кары спортсменты ’хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хорватийы кæронмæ бахæццæ Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты кæд уæрæсейаг спортсментæ хайад нæ райстой, уæддæр дзы разындысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ, кæцытæ хъахъхъæнынц æндæр бæстæты спортивон кад. Зæгъæм ирон спортуарзджытæ сæрмагондæй сæ хъус дардтой Словакийы æмбырдгонды уæнг Салхъазанты Таймуразмæ æмæ сæ уый дæр фыдæнхъæл нæ фæкодта. Бантыст ын сыгъзæрин майдан рамбулын. 74 уæзы категорийы архайгæйæ, уый финалы 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз италиаг тыхджын богал Франк Чамизойыл. Афтæмæй Таймураз æртыккаг хатт ссис Европæйы чемпион.

Уымæй дарддæр ма бронзæйон хорзæхтæ бафтыдысты Цæболты Хетик (79 кг, Серби), Хъарданты Ермак (92 кг, Словаки) æмæ Байцаты Владиславы (97 кг, Венгри) къухты.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.