Мыхуырæй рацыд «Мах дуг»-ы æртыккæгæм номыр.

Журнал байгом «Æмдугоны хъуыдытæ»-йæ. Йæ хъуыдытимæ нæ зонгæ кæны Хъулаты Земфирæ.

Хæблиаты Сафары райгуырдыл сæххæст 90 азы. Уый фæдыл журнал мыхуыр кæны Дзасохты Музафер æмæ Гусалты Барисы мысинæгтæ, афтæ ма Хæблиаты Сафарæн йæхи радзырд «Инæлары мад», зæгъгæ.

Рубрикæ «Прозæ æмæ поэзи»-йы бын мыхуыр цæуынц Цомартаты Изетбегы роман «Зынгхуыст бæллицтæ» (æртыккаг чиныг), Касаты Батрадзы æмдзæвгæты цикл «Зæрæхсиды сыгъдæг уарзт», æмæ Хадыхъаты Фатимæйы радзырдтæ «Ивгъуыды фæлгонцтæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ.

Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист,   курдиатджын режиссер Бытъæты Роберты райгуырдыл сæххæст 80 азы. Уый цытæн рубрикæ «Аивад, культурæ»-йы бын мыхуыр цæуы цыбыр биографион зонæнтæ, афтæ ма Уалыты Гиви, Битарты Алыксандр æмæ Гуыбиаты Алыксандры мысинæгтæ.

«Мах дуг»-ы равдыст» дæр журналкæсджыты зонгæ кæны Бытъæты Роберты  цардвæндагыл дзурæг къамтимæ. Бытъæты Роберт аивады цы стыр фæд ныууагъта, уый сæфт кæй никуы уыдзæн.

Цыбырты Людвигы уацтæ «Нартæ æмæ алантæ» æмæ «Чызг-хæстонтæ» журналкæсæг бакæсдзæн рубрикæ «Ирон нарты каджыты аз»-ы бын.

Рубрикæ «Цымыдисон хабæрттæ»-йы бын мыхуыр цæуынц Хъайтыхъты Риммæйы мысинæгтæ. «Дыууæ радзырды» бын та журналкæсæг бакæсдзæн Джусойты Майайы радзырдтæ «Афтид тæрхæджытæ» æмæ «Фырдæуæзы амонд».

Рубрикæ «Сылгоймæгты поэзи», зæгъгæ, мыхуыр кæны Челдыты Надя, Годжыцаты Нелли æмæ Баситы Зæлинæйы æмдзæвгæтæ.

Журналы цъæртты мидæггаг фæрстыл мыхуыр æрцыдысты Хостыхъоты Зинæ æмæ Бестауты Георгийы æмдзæвгæтæ.

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.