Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт.

Айс мын мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

Дæ къухдариуæгадæй Уæрæсейы къухы бафтыд цæстыахадгæ æнтыстытæ, бантыст ын масштабон программæтæ реализаци кæнын, паддзахадон æмæ демократон институты проекттæ хуыздæр кæнын, экономикон, социалон, гуманитарон фадыджы динамикон райрæзты хъуыддаджы.

Дæ номимæ баст у, дунеон аренæйы Уæрæсейы позицитæ фидар  кæй æрцыдысты  æмæ   æхсæнадæмон  хъуыддæгты йæ нысаниуæг кæй фæбæрзонддæр ис, уый.

Бузныг дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, нæ республикæйы рæзты фарстатæм дæ хъусдард кæй здахыс, уый тыххæй. Хуссар Ирыстоны дæ нымайынц фидар къухариуæггæнæг, куырыхон политик æмæ курдиатджын паддзахадон архайæгыл.

Ныфс мæ ис, нæ бæстæты æхсæн стратегион æмбалад æмæ хæлардзинад æппæтварсонæй кæй рæздзысты æмæ кæй уыдзысты нæ паддзахадты æхсæн æнгом, алыварсон рæзты æнæфæцудгæ хай.

Ацы нысаниуæгджын бон дын мæ цæст уарзы, цытджын Владимир Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, циндзинад, фæрныгад, ног уæлахизтæ Уæрæсейы паддзахад æмæ йæ бирæ-национ адæмы хæрзиуæгæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.