Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары сæвæрдтой баннертæ Аланийы историйы цаутæ æмæ зынгæ хъуыдыгæнджыты ныхæстимæ.

Информагентад «Рес»-æн проекты автор, ХИПУ-йы инженерон-экономикон факультеты декан Къæбысты Мария куыд фехъусын кодта, афтæмæй проект «Страницы истории» реализаци æрцыд Ахуырады министрады фæсивæды монон-хæрзнамысон хъомылады программæйы фæлгæтты.

Къæбысты Марияйы ныхæстæм  гæсгæ, Октябры уынджы кæрæйкæронмæ фидар æрцыд 22 баннеры.

«Баннертыл конд ис алайнаг адæмы историйæ цымыдисон цаутæ, зынгæ хъуыдыгæнджыты ныхæстæ, афоризмтæ, зондамонæнтæ. Уыцы баннерты информаци здæхт у рæзгæ фæлтæры удысконд фæхъæздыгдæр кæнынмæ», – банысан кодта уый.

ХИПУ-йы студенткæ Мамиты Альбинæ радзырдта, зæгъгæ, Октябры уынгыл цæугæйæ уый бакаст баннертыл цымыдисон фыстытæ.

«Баннертæ нын нæ горæт ноджы срæсугъд кодтой. Мæн ныфс ис, уыдоныл цы фыстытæ ис, уыдон кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны фæсивæд хуыздæр кæй бахъуыды кæндзысты нæ адæмы истори», – загъта Мамиты чызг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.