Цытджын Владимир Владимиры фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, йæ адæмы  æмæ дын сæрмагондæй мæхи номæй æрвитын иууыл хъармдæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ официалон æгъдауæй дæ бацыды цытæн.

Марты æвæзæрстыты фæстиуджытæ нын æвдисынц Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хицауиуæгады æппæт системæйы сфидар кæныны, экономикæйы стабилон рæзтæн уавæртæ аразыны, æхсанады консолидацийы æмæ дунейыл æндæвдад фидардæр кæныны дæ лæггæдтæн æхсæнады кæй аргъ кæнынц.

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц, стыр хъусдард кæй дарыс нæ бæстæты ‘хсæн дыууæварсон ахастыты фарстатæм, кæцытæ бындуриуæг кæнынц историон æгъдауæй æрфидаргонд æргъадон ориентирты иумæйагдзинадыл, цивилизацион иудзинадыл æмæ æмцæдисады традицитыл. Ныфс мæ ис, иумæйаг æмархайады потенциалæн де ‘нтысгæ хайадистæй кæй уыдзæн ахадæн импульс.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Владимир Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, ног стыр æнтыстытæ æмæ дæм Уæрæсейы паддзахады дидинæфтыдæн  цы плæнттæ ис, уыдон реализаци кæныны æнтытстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.