Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксен-овæн Хъырымы Уæрæсеимæ æрбаиу кæнын æмæ «Хъырымы уалдзæгыл» фондз азы сæххæсты сæраппонд.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Сергей Валерийы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Хъырымы Уæрæсеимæ баиу кæнын æмæ «Хъырымы уалдзæгыл» фондз азы сæххæсты сæраппонд.

2014 азы марты хъырыймæгтæ æмвæндонæй схъæлæс кодтой сæ Райгуырæн бæстæимæ иудзинады, историон рæстдзинад сæндидзын кæныны, сабырад æмæ æдасдзинады тыххæй. Уыцы историон цауы нысаниуæгæн зын саргъгæнæн у. Æппæт хъырыймæгтæн уый у сæ райгуырæн хæдзармæ раздæхыны бæллиццаг бæрæгбон.

Фондз азы дæргъы Хъырымы бирæ позитивон ивындзинæдтæ æрцыд, реализаци æрцыдысты ахсджиаг инфраструктурон проекттæ. Регион динамикон æгъдауæй рæзы, дзаг кæны ног мидисæй.

Хъырым æмæ Уæрæсейы баиу байгом кодта РХИ-йы æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн æмгуыс-тады æцæг фадæттæ.

Ныфс мæ ис, дæ комкоммæ хайадистæй Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыст кæныны ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты нæ республикæты хæрзиуæгæн.

Мæ цæст уарзы дæуæн, цытджын Сергей Валерийы фырт,  æмæ Хъырымы æппæт бирæнацион адæмæн сабырад, амонд, сомбоныл æууæндындзинад, ног æнтыстытæ æмæ дидинæфтыд Уæрæсейы Федерацийы сконды».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.