Туринры цытджын уазджытæ систы Уæрæсейы Спорты министр Павел Колобков, боксæй Европæйаг конфедерацийы президент, боксæй дунеон ассоциацийы вице-президент Франко Фальчинелли, боксæй Европæйаг конфедерацийы вице-президент, Уæрæсейы боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг бæрзонд уазджытæ, зындгонд спортсментæ, республикæйы бæрнон кусджытæ.

Боксæй Европæйы чемпионаты сæхгæныны церемони  райдыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы арфæйы ныхасæй. Уый равдыста йæ бузныгдзинад боксæй Европæйы конфедерацийæн, Дзæуджыхъæуы сын ерыстæ ауадзыны бар кæй радтой, уый сæраппонд. Битарты Вячеслав раарфæ кодта грандиозон спортивон бæрæгбоны æппæт хайадисджытæн. «Ацы бонтæ йедзаг уыдысты ирд уæлахизтæ æмæ æнæферохгæнгæ тæлмæнтæй. Мах иу кæны спортмæ уарзондзинад, уæлахиз æмæ хæлардзинадмæ фæндон. Ныфс мæ ис, сымах уемæ хорзæхтæй дарддæр кæй ахæссдзыстут иууыл хуыздæр мысинæгтæ Цæгат Ирыстоны тыххæй. Махæн алыхатт дæр æхсызгон уыдзæн сымах ногæй нæ зæххыл уынын. Бузныг турниры организатортæн», – загъта Битарты Вячеслав.

Йæ рады, Уæрæсейы Спорты министр Павел Колобков зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстон фыццаг хатт ауагъта боксæй æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионат.

Дæс боны дæргъы Европæйы чемпионаты майдантыл спорты галуан «Манеж»-ы тох кодтой 38 бæстæйы 270 боксеры. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæ кæй бацахста фыццаг бынат. Национ командæйы боксертæ рамбылдтой 12 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ иу бронзæ майданы.

Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды уыд Цæгат Ирыстоны иунæг минæвар Абайты Алан, кæцы архайдта 64 кг онг уæзы категорийы æмæ финалыфæуæлахиз йæ туркаг ныхмæлæууæг Тугрула Хана Эрдеирыл. Уый уыд иууыл уæззаудæр тох æппæт турниры дæргъы. Фыццаг раунды лидер уыд Алан, дыккаг раунды ирон спортсмен æмæ туркаг сæхи равдыстой æмхуызон. Æртыккаг раундмæ Абайы фырт иу чысыл радта йæ позицитæ, фæлæ фыццаг дыууæ раунды тыхджындæр кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ бон ссис боксæй Европæйы чемпионаты титул рамбулын. «Мæ ныхмæлæууæг уыд тыхджын. Бузныг тренертæн, кæй мыл баууæндыдысты æмæ мæ командæмæ кæй райстой, уый тыххæй. Стыр бузныг боксуарзджытæн. Уыдоны æххуысы руаджы æз мæхи равдыстон хорз», – загъта Абайты Алан. Финалмæ цæугæйæ та ирон боксер тыхджындæр уыд Болгари, Словаки, Испаны ныхмæлæуджытæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.